РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй дыццæджы Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары Дунеон Комитеты ног сæргълæууæг Кармен Эчесарреты.

Химæрайсты рæстæджы ныхас цыд Хуссар Ирыстоны территорийыл Сырх Дзуары Дунеон Комитеты архайды фарстатыл, сæрмагондæй та, уыцы комитет йæ мандатмæ гæсгæ цы гуманитарон программæтæ æххæст кæны, уыдоныл. Æркастысты ма,  тагъд рæстæджы организаци цы плантæ æххæст кæнынмæ хъавы, уыдонмæ дæр.

Фембæлды рæстæджы хъусдард аздæхтæуыд коронавирусы пандемийы ныхмæ тохы фарстатæм, банысангонд æрцыд, ацы инфекци апарахаты ныхмæ æппæт æмæхсæнад активонæй кæй тох кæны æмæ вирусы негативон фæстиуджыты кæй нейтрализаци кæны,  уый ахсджиагдзинад.

Кармен Эчесаррет ныфсæвæрæн ныхæстæ загъта, зæгъгæ, вирус Хуссар Ирыстоны территоримæ не ‘рбаирвæздзæн. Банысан ма кодта, минæварад цæттæ кæй у, коронавирусы ныхмæ тохы Хуссар Ирыстонæн æмбæлонæй баххуыс кæнынмæ.

Медойты Димитр æвæрццаг аргъ скодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары Дунеон Комитеты архайды фæстиуджытæн, сæрмагондæй та – æбæрæгæй сæфт хуссарирыстойнаг æмбæстæгты агурыны фæдыл Æртæфарсон координацион ме-ханизмы куыстæн. Министр куыд загъта, афтæмæй йæ ныфс ис Сырх Дзуары Дунеон Комитетимæ æнтыстджын  æмархайд адарддæр кæнынæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.