Сырх Дзуары Дунеон комитеты кусджытæ 15-æм декабры РММЦ-мæ баластой гуманитарон æххуыс, медицинон æрмæджытæ. Уый фæдыл нын Сырх Дзуары Дунеон комитеты Хуссар Ирыстоны минæварады æхсæнадимæ бастдзинæдты фæдыл хайады сæргълæууæг Тедеты Маринæ афтæ радзырдта:

«Уымæй размæ Сырх Дзуары минæварады сæргълæууæг фембæлд РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты фæдыл министр Медойты Димитримæ. Уыдон дзырдтой комитет йæ мандатмæ гæсгæ цы гуманитарон программæтæ æххæст кæны, уыцы фарстатыл. Фембæлды рæстæджы сæйраг хъусдард аздæхтæуыд коронавирусы пандемийы ныхмæ тохы мадзæлттæм. Банысангонд æрцыд ацы инфекци апарахаты ныхмæ æппæт бæстæйы Сырх Дзуары Дунеон комитет активонæй кæй тох кæны æмæ вирусы негативон фæстиуджыты кæй нейтрализаци кæны».

Сырх Дзуары Хуссар Ирыстоны минæварады сæргълæууæг Кармен Эчесаррети фембæлды рæстæджы загъта, зæгъгæ, цæттæ сты коронавирусы ныхмæ тохы Хуссар Ирыстонæн æмбæлонæй баххуыс кæнынмæ. Хуссар Ирыстоны фарс, миссийы сæргълæууæгмæ бахатыд, цæмæй медицинон æрмæджытæй  сифтонг кæной РММЦ-йы. «Мах уадид заказ арвыстам Женевæйы нын цы сæйраг офис ис, уырдæм. Финансон фæрæзтæ æмбырд æрцыдысты нæ миссийы хайадты бюджетæй. Уырдыгæй нæм октябры кæрон æрцыд гуманитарон æххуыс. Уыд дзы хирургион костюмтæ, дезинфекци кæнынæн тæнгъæд æрмæг, маскæтæ, бахилæтæ, худтæ, респиратортæ, хъахъхъæнæн кæсæнцæстытæ æмæ медицинон хъахъхъæнæн комбинезонтæ», – зæгъы Тедеты Маринæ. Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй Сырх Дзуары мисси октябры мæйы гуманитарон æххуыс байуæрста æххуысхъуаг иунæг кардзыд адæмæн дæр. Æххуыс кæмæн бакодтой, уыдон, сæйраджыдæр, уыдысты 70 азæй уæлæмæ кæуыл цыд, ахæмтæ æмæ  иунæгæй чи цæры. Ахæм гуманитарон æххуыс хæлцадон продуктты хуызы нæ республикæйæ райстой 370 адæймаджы. Уæд цы æххуыс æрцыд Сырх Дзуары комитеты æрдыгæй, уый уыд 8 милуан сомы аргъ..

Тедеты Маринæ ма банысан кодта октябры мæйæ æмгуыст кæй кæнынц республикæйы сани-тарон службæ æмæ Æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты министрадтæ. Ныр дыккаг хатт цы æххуыс бакодтой Хуссар Ирыстоны медицинон уагдæттæн, уы-дон нымæцы медицинон пысул-тæй дарддæр ис рæуджыты сату-раци барæн апараттæ æмæ æнæ-контактон тæвдбарæнтæ. Тедеты Маринæ зæгъы, зæгъгæ, ацы хатт цы æххуыс бакодтой, уымæн та йæ аргъ у 4 милуан æмæ 800 мин сомы.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.