Адæймаджы æвæрццаг миниуджытæ, йæ ацыд æмæ йе ‘рбацыд иууыл хуыздæр æмæ цæстуарзондæрæй ранывæндынмæ сфæлдыстадон кусджытæй хуыздæр ничи рæхсы. Нæ цæст куы ахæссæм ирон фысджыты уацмыстыл, уæд уыцы раппæлинаг хъуыддаг æнæфæхатгæ нæ фæуыдзыстæм. Уыдон сæ уацмысты зарынц æмæ аргъ кæнынц сылгоймагæн, нывæндынц зæрдæйæ рацæугæ арф хъуыдытæ ныййарæг мад, уарзон чызг, æввахс  æмæ хæларзæрдæ сылгоймæгтыл. Уый та æнæхъуаджы, мыййаг, нæу, уымæн æмæ зæххыл цы бирæ хорздзинæдтæ æнцайы, хъарм комы тæф кæмæй æнкъарæм, худгæ цæстæнгас кæй цæсгомæй рантысы, нæ цинтæ æмæ нын нæ фыдæбæттæн аргъ чи кæны, æппæт уыдон фылдæр сылгоймагæй сты.

Зæрдæйæн æхсызгон у, Иры зæхх намысджын æмæ фæлмæнзæрдæ сылгоймæгтæй кæй у æвидигæ æмæ сæ мах уый тыххæй стæм сæрыстыр, фæзæгъæм сын бузныджы ныхæстæ. Сылгоймаджы стыр номæн аргъ чи кæны, йæ мыггаг сæрыстыр кæмæй сты, адæмы ‘хсæн йе ‘гъдау æмæ кадæй уæддæр сæрныллæгæй йæхи чи дары, уыдонæй у Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрæг Плиты Заирæ. Уый гуыргæ ракодта Ирыстонæй дæрддзæф – Лагодехы районы Понайы хъæуы. Йæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъола каст куы фæци æнтысгæйæ, уæд бирæ нæ ахъуыды кодта йæ дарддæры ахуырыл, уымæн æмæ йын уарзон уыд йæ мадæлон æвзаг, ирон культурæ. Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад æй æркодта Цхинвалмæ æмæ сси Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты ирон-фæсарæйнаг факультеты студенткæ. Ахуыры рæстæджы Плиты чызг йæхи равдыста цæвиттойнагæй, ахуыр æмæ æхсæнадон царды дæр иста активон хайад æмæ дзы райгонд уыдысты йæ лектортæ.

Адæймаг амондджын вæййы, царды асинтыл схизынмæ куы тырна æмæ сыл ныфсджын æмæ уæндонæй куы фæцæуы. Заирæ, уыцы асинтыл хизгæйæ, разы уыд йæхицæй æмæ хъысмæтæй дæр. Ныллæууыд ахуыргæнæджы арфæйаг куыст æххæст кæныныл. Йæ фæллойадон фæндаг райдыдта Цхинвалы районы Присы райдиан скъолайы, фæстæдæр йæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй амыдта Тъбеты æнæххæст астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæн æмæ 1992 азæй та мадæлон æвзаг æмæ литературæ амоны Къостайыхъæуы астæуккаг скъола-йы. Ацы хъæуы баиу кодта йæ цард Мамиты Виталиимæ, уæдмæ сын фæзынд хъæбултæ Алан æмæ Ланæ дæр æмæ сæхи нымадтой амондджыныл, иумæ хъомыл кодтой сæ зæнæджы, æфтыдтой сæ ахуыр æмæ царды раст фæндагыл. Æвзонг  сылыстæг йæ къах куы бавæры Мамиты хæдзармæ, уæд дзы хъуамæ сæрныллæгæй лæггад кæна йæ хæдзары бинонтæн, адджын æмæ уарзонæй цæра сыхæгтимæ, стæй кæм фæкусы, уыцы ран дæр. Уыцы хъуыддаджы зæрдæ нæ бахуддзæн Плионыл æмæ дзы алчи дæр у бузныг æмæ райгонд. Хъыгагæн, иумæ цæрынæй нæ бафсæстысты дыууæ æмкъайы, афтæмæй цардæй ахицæн йæ сæрыхицау Витали. Æнцон нæ уыд æвзонг сылгоймагæн, зæрдæдзурæнты фæци, фæлæ мастæй кæй ницыуал рахæсдзæн, уый дæр æмбæрста æмæ йæхи нæ ауагъта, хæдзары фарн нæ бауагъта фæцудын. Ныййарæг йæхи амондджыныл фæнымайы, йæ кæстæртæй йæ зæрдæ куы фæрухс кæны, уæд. Йæ чызг Ланæ фарны къах бавæрдта Гуыцмæзты бинонтæм, дыууæ уарзæгой уды хъомыл кæнынц дыууæ чызг æмæ иу фырты, ныртæккæ цæрынц Ростовы горæты. Фæллойы фæндагыл лæуд у йæ фырт Алан дæр, йе ‘гъдауæй у цæвиттойнаг. Ныййарæг мады бæллиц у, цæмæй тагъд рæстæджы чындзы ад банкъара.

Плиты Заирæйыл ахуыр-хъомыладон куысты дæр зæрдæ нæ бахуддзæн, æнувыд у йæ дæсныйадыл æмæ йæ цæстуарзонæй амоны кæстæртæн. Уый бæрæг у æрмæст уымæй дæр, æмæ йын лæвæрд кæй æрцыд дзæвгар Кады гæххæттытæ, бузныджы ныхæстæ, йæ бирæазон æмæ æнæзæрдæхудт куысты тыххæй та йын лæвæрд æрцыд «Куысты ветеран»-ы ном. Фæлæ иууыл тынгдæр та фæцин кæны æмæ йæ зæрдæ цины æнкъарæнтæй байдзаг вæййы, йæ хъомылгæнинæгтæн ахуыры æнтыстытæ куы вæййы. Йе ‘мбал ахуыргæнæг Хъуылымбегты Маринæимæ ирон æвзаг æмæ литературæйы кабинет сфæлындзыныл бакуыстой зæрдиагæй, сты дзы ирон фысджыты къамтæ. Бацархайдтой, нæ фыдæлтæ раздæр азты цы мигæнæнтæ æмæ кусæнгæрзтæй пайда кодтой се ‘рвылбонон царды, уыдон æрæмбырд кæныныл æмæ сты къабинеты. Уыдон ахъаз сты ахуыргæнинæгтæн ног æрмæг амоныны рæстæджы, ахуырдзаутæ ба-зонынц рагон дзаумæттæ æмæ сын уый та æххуыс у æрмæг хуыздæр æмæ æнцондæрæй бахъуыды кæнынæн.

Ахæм у намысджын сылгоймаг, зæрдæхæлар адæймаг æмæ йæ хъуыддагыл æнувыд кусæг Плиты Заирæ æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй дарддæр дæр уыцы хорздзинæдтæй хайджын уа. Æрæввахс кæны Сылгоймæгты æхсæнадæмон бон – 8-æм марты бæрæгбон æмæ дзы арфæгонд уæд!

                                              Хуыбиаты Никъала

Мады тыххæй загътой:

–  Æппæты хуыздæр мад уый у, æмæ йæ цотæн сæ фыд куы амæлы, уæд сын мад æмæ фыды бæсты дæр чи свæййы.                       

(И.В. Гете)

 Дунейы фарн мадыл æнцайы. Æнæ хурæй дидинджытæ баруа-йынц, æнæ уарзтæй амонд ссарæн нæй, æнæ ныййæрæг мадæй нæй поэт æмæ хъæбатыр дæр!

(М.Горький)

– Хъæбулæн мады къухтæй фæлмæндæр «баз» нæй.

(В. Гюго)

– Мах цæрæнбонты дæр кад æмæ намыс кæндзыстæм уыцы сылгоймагæн, кæцыйæн йæ ном хонæм – Мад!

(М.Джамиль)

– Мад адæймæгæн лæвар кæны цард, æнусмæ у йæ хъахъхъæнæг.

(Э. Коттон)

– Нацийы фидæн мадæлтæй аразгæ у.

(О. Бальзак)

– Мад хъæбулæн у йæ Хуыцауы хай æмæ алкæд дæр арф æвæрд у йæ зæрдæйы.

(У. Теккерей)

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.