РХИ-йы Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олег схорзæхджын кодта Хицауады Аппараты хуыздæр кусджыты паддзахадон хорзæхтæй «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты сæраппонд» майдантæй æмæ Кады грамотатæй.

Паддзахадон хорзæхтæ Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæджы къухæй райстой авд кусæджы. Гаглойты Олег сын бузныджы ныхæстæ загъта сæ цæсгомджын куысты тыххæй æмæ сын йæ цæст бауарзта дарддæры æнтыстытæ.

«Æз æй зонын, сымахæй алчидæр намысджынæй кæй æххæст кæны йæ разылæууæг хæстæ, фæлæ ууыл æрлæууын нæ хъæуы, хъæуы нæ размæ цæуын. Мæ цæст уын уарзы ног уæлахизтæ æмæ æнтыстытæ профессионалон фадыджы», – банысан кодта Гаглойты Олег.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.