Иууыл рæсугъддæр, ирд хуызтæй йедзаг уалдзыгон бæрæгбон Сылгоймæгты  дунеон бон – 8-æм марты цытæн РХИ-йы

Национ музей бацæттæ кодта экспозици ахæм номимæ: “Уалдзæг æмæ сылгоймаг сты æмхуызон”.

Музеймæ æрбацæуджы-тæн сæ бон у фенын бынæттон курдиатджын нывгæнджыты куыстытæ, кæцытæ æвдисынц сылгоймаджы фæлгонц.

«Ацы ирд бæрæгбон нын нæ зæрдæты гуырын кæны иууыл хъармдæр æнкъарæнтæ æмæ æнкъарын кæны уалдзæджы, сылгоймаджы рæсугъддзинад. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, рагзамантæй фæстæмæ се сфæлдыстад сылгоймагæн чи нывонд кодтой, уыцы нæлгоймаг нывгæнджытæй хуыздæр чи хъуамæ балæггад кæна уыдонæн хуызфыссынады руаджы. Æнкъард æви хъæлдзæг, сагъæсгæнаг æви хъуыдыгæнаг, хинæйдзаг æви  сусæг… Алкæцы автор дæр архайы сылгоймагмæ йæ ахаст равдисын – йæ мадмæ, йæ уарзонмæ, йæ цардæмбалмæ. Алы сурæт дæр радæтты арф æнкъарæнтæ æмæ адæймагæн æххуыс кæны сылгоймаджы уд фенын», – банысан кодта музейы директор Зассеты Мераб.

Равдысты æвæрд æрцыдысты Ирыстоны зындгонд нывгæнджыты куыстытæ – Санахъоты Барисы, Дмитрий Турмановы, Асаты Радионы, Бестауты Тамерланы, Къæбысты Никъалайы æмæ æндæрты. Сæйраг бынат дзы ахсы австриаг пейзажист, сурæттæнывгæнæг Антон Эберты рæсугъд æнæзонгæйы ныв.

«Сылгоймаджы фæлгонц кæм ис, уыцы нывтæн ца-хæмфæнды ма уа сæ сюжет, кæсæджы æрлæууын æмæ хъуыдыты ацæуын кæнынц. Нывгæнæг куыд эмоционалонæйдæр кусы портретыл, уыйас бæрцæй кæсæджы йæхимæ здахы. Сурæттæй сæ иу дæр кæсæджы æвæлмасæй нæ ныууадздзæн», – зæгъы Бекъойты Олеся.

Музейы куыд банысан кодтой, афтæмæй экспозици æвдыст цæудзæн мæйы кæронмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.