Нæ горæты бакаст нын ноджыдæр йæ рæсугъддзинадæй чи рафидауын кæндзæнис, уыцы объекттæй сæ иу суыдзæн нæ горæты уазæгдон «Ирыстон». Уымæн йæ иумæйаг сметæйон аргъ у 460 милуан сомы æмæ дзы 430 милуан сомы радих æрцæудзæн, Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы æхцайы фæрæзтæ лæвæрд цæуы, уыдонæй. Иннæ æхцайы фæрæзтæ самал кæндзæн йæ инвестор Бердиаты Вадим.

Уазæгдон «Ирыстон» уыдзæнис æртæуæладзыгон æмæ йæ иумæйаг фæзуат та уыдзæнис 6 мин квадратон метры бæрц. Йæ номыртæ дзуапп дæтдзысты нырыккон домæнтæн. Ныртæккæ ам цæуынц бындурæвæрæн куыстытæ. Аразгæ та йæ кæны цæгатирыстойнаг фирмæ «Интурист Алания». Йæ минæвар Цæкойты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй план цæуы, цæмæй бындурæвæрæн куыстытæ баконд æрцæуой 2 мæйы æмгъуыдмæ, 6 мæймæ та хъуамæ арæзт æрцæуа йæ каркас æмæ уый фæстæ æрывналдзысты æндæр æмæ æндæр куыстытæм», – зæгъы Владимир.

Уазæгдон «Ирыстон»-æн хъæдын дзаумæттæ та æлхæд æрцæудзысты инвесторы фæрæзтæй.

Уазæгдон арæзт куы фæуа, уæд 25 азы æмгъуыдмæ лæвæрд æрцæудзæнис арендæйы инвесторæн. Æхсæз азы фæстæ та уыцы æхцайы фæрæзтæй 15 проценты цæудзысты паддзахадмæ.

Уазæгдоны проектыл уынаффæ кæнгæйæ, нæ республикæйы разамынад аскъуыддзаг кодта, цæмæй объектæн бахъахъхъæд æрцæуа йæ архитектурон хуыз.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.