Ахæм темæйыл мадзал ирон æвзагыл бацæттæ кодтой 6-æм астæуккаг скъолайы 4-æм къласы ахуыргæнинæгтæ. Мадзал ауагъта РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг Бесаты Лали.

Ардæм æрбацыдысты ахуыргæнинæгты ныййарджытæ, сæ дадатæ æмæ нанатæ, скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ горæты ахуыры хайады бæрнон кусджытæ.

Мадзал райдыдта ирон музыкæйы зæлтæй. Сабиты дзыхæй  арфæйы  ныхæстæ мадæлон æвзагыл кæй хъуыстысты, ууыл ныййарджытæ æмбæлдысты къухæмдзæгъдæй.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, саби цæмæй мадæлон æвзаг бауарза æмæ йыл дзура, уый тыххæй бинонты ‘хсæн хъуамæ хъуса ирон дзырд. Мадзалы цы ахуыргæнинæгтæ архайдтой, уыдонæй æртæ, сæ ахуыргæнæг Бесаты Лали куыд зæгъы, афтæмæй бынтондæр нæ дзырдтой мадæлон æвзагыл. «Хуыгаты Светæ, Годжыцаты Мария æмæ Бесаты Михаилы мæмæ сæ ныййарджытæ куы æрбакодтой, уæд мæ бафæдзæхстой, зæгъгæ, уыдон хъомыл кодтой Уæрæсейы зæххыл æмæ сæ тынг фæнды, цæмæй иронау дзурой. Æз сын ныфс бавæрдтон, цыбыр рæстæгмæ сæ мадæлон æвзагыл кæй дзурдзысты». Ныр уыцы ахуыргæнинæгтæ иронау канд æмдзæвгæтæ нæ дзырдтой. Худæг сценкæтæ куы  æвдыстой, уæд Бесаты Михаилы дадайы цинæн, кæрон нал уыд.

Ахуыргæнинæгтæ æвдыстой канд мадæлон æвзаг-мæ уарзондзинад нæ, фæлæ райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад æмæ патриотон æнкъарæнтæ.

«Мах нырма кæд чысылтæ стæм, уæддæр буц æмæ сæрбæрзонд стæм, ирæттæ кæй стæм, уымæй. Махæн дунейыл хъуыстгонд сты нæ хъайтартæ, знаг ирон лæппутæй дард лидзы, уымæн æмæ йæ зоны ахæм хъæбатырты ныхмæ фæлæууæн кæй нæй, уый», – дзырдта Гаглойты Вероникæ æнæ ферхæцгæйæ.

Мамиты Лизæ та уазджытæн мæнæ ахæм таурæгъ радзырдта: «Хуыцау, дам, дуне сарæзта. Йæ куыст куы фæцис, уæд загъта. Ныр та, дам, ахæм бæстæ хъуамæ саразон, мæхæдæг кæм цæрон. Æмæ сфæлдыста Ирыстон».

Ахуыргæнинæгтæн сæ ныхæстæ зæрдæйы бынæй кæй цыдысты, уый бæрæг уыд. «Мæнæн мæ сæйраг нысан уыд, ахуыргæнинæгты миддунейы ирæттæ кæй сты, уыцы сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ райхъал кæнын. Уымæн та фаг нæу æрмæст иронау дзурын. Чизоны кæцыдæр ныййарæг ахуыргæнæгæй патриот тдæр у, фæлæ йын нæ фаг кæны зонындзинæдтæ, цæмæй сæ сабийы уды бауадза. Скъола æмæ ахуыргæнæг та уымæн сты», – зæгъы Бесаты Лали.

Фидар хъæлæсы уагæй йæ риу хойгæйæ, мадзалы Бесаты Алан азарыд зарæг «Ирон дæн, зæгъгæ».

Сабитæ сæхи дардтой фæлтæрд артисттау. «Ныр та уын æрдзурдзыстæм æфсарм æмæ æгъдауы домæнтыл. Кæддæриддæр нæ зæрдыл дарæм рагон æмæ уæздан адæмы фæдон кæй стæм æмæ нын æнæгъдау митæ кæныны бар кæй нæй», – дзырдта Чилæхсаты Азæмæт.

Уазджыты зæрдæмæ тынг фæцыд сценкæ «Тай-мураз æмæ Ацырухс», кæцыйы автортæ сты ахуыргæнинæгтæ æмæ сæ ахуыргæнæг – Бесаты Лали. Йæ мидис уыд, лæппу æмæ чызг ирон æвзаджы нормæтæ халгæйæ, æндæр æвзæгты ныхæстимæ йæ хæццæ кæнгæйæ, кæрæдзиимæ куыд дзырдтой. Кæронбæттæны æрсидтысты, цæмæй алчидæр дзура сыгъдæг ирон æвзагыл.

Æмæ та сабитæ аивæй ахызтысты ирон рæсугъд æгъдæуттæ æмбарын кæнынмæ. Плиты Аннæ амыдта: «Намысджын адæймаг  у ахæм адæймаг, кæцы у зындгонд йæ хорз хъуыддæгтæй. Кæцы кад æмæ æгъдау кæны æрмæст йæ бинонтæн нæ, фæлæ йе ‘мбæлттæн, йæ хъæубæстæн, йæ адæмæн иууылдæр».

Ахуыргæнинæгтæй иууыл активондæртæ уыдысты Бесаты Алан, Плиты Аннæ, Уалыты Дианæ, Коцты Давид, Чилæхсаты Азæмæт, Гасситы Къоста, Гаглойты Вероникæ, Къæбысты Дянæ, Чилæхсаты Димитр æмæ Къæбулты Давид.

Сабиты ныййарджытæ райгондæй баззадысты сæ сывæллæттæ афтæ хорз кæй арæхсынц сæ хъуыдытæ сыгъдæг литературон æвзагыл дзурынмæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.