Республикæйы скъолаты рауагъдонтæн фæстаг дзæнгæрæг уыдзæн 26 майы. Уый фæбæрæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Наталиимæ фембæлды рæстæджы.

«Рауагъдонтæн цы уроктæ хъуамæ ауадзой, мах уыцы сахаттæ банымадтам, æмæ фæуд кæнынц 25 майы. Уымæ гæсгæ мах акъуыддзаг кодтам, фæстаг дзæнгæрæг кæй уыдзæн 26 майы», – загъта Гасситы Натали.

Фембæлды рæстæджы министр информаци радта паддзахады сæргълæууæгæн ахуыры азы фæстиуджыты тыххæй.

«Скъолаты ахуыр кæнынц 6256 ахуырдзауы. Уыдонæй рауагъдонтæ, æнæпаддзхадон скъолаты æмæ кадетон скъолайы рауагъдонтимæ сты  465, фарон та уыдысты  431», – загъта министр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, рауагъдонтæ хъуамæ радтой æхсæз фæлварæны. Уыдонæй æнæмæнг-хъæ-уæг сты уырыссаг æвзаг, математикæ, ирон æвзаг æмæ уырыссаг литературæ.

«Иннæ дыууæ фæлварæны сы-вæллæттæ сæхæдæг равзардзысты,  ома, уыдонæн сæ бон у дыууæ предметы равзарой æмæ уыцы предметтæй цæудзысты аттестаци»,- загъта Гасситы Натали.

Рауагъдон бал  та уагъд æрцæудзæн 23 июны.

«Мах фæндыд 20 июны ауадзын рауагъдон бал, фæлæ Хуссар Ирыстоны историйы уый трагикон бон кæй у, уымæ гæсгæ йæ ауадздзыстæм 23 июны», – загъта ахуырадон ведомствойы сæргълæууæг.

Президент йæ рады æрдомдта, цæмæй рауагъдон æмæ бацæуæн фæлварæнты рæстæджы алцыдæр уа максималон æгъдауæй ирд. Бибылты Анатоли уæлдай хъусдард аздæхта сывæллæтты моралон-хæрзæгъдауон хъомыладмæ.

«Стыр рæдыд уаид сывæллæтты хъомыл кæныны бæрн ахуыргæнджыты уæхсджытыл куы сæвæрæм, уымæн æмæ бинонтæн сæйраг нысаниуæг ис сывæллон хъомыл кæныны хъуыддаджы. Ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ хъуамæ сæ кæрæдзийæн æххуыс кæной», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Президент бузныджы ныхæстæ загъта ахуырад æмæ зонады министрæн æмæ республикæйы æппæт ахуыргæнджытæн сæ куысты тыххæй æмæ йæ ныфс ис, сæ разы цы хæстæ æвæрд цæуы, уыдон скъуыддзаг кæй цæудзысты.

«Дæ докладмæ гæсгæ зыны, не скъоладзауты ахуырады æмвæзад кæй бæрзонддæр кæны, уый та тынг æхсызгон хъуыддаг у. Мæ цæст уын дарддæр дæр уарзы æнтыстытæ», -загъта Президент.

Йæ рады, Гасситы Натали ныфс бавæрдта Президентæн, дардæр дæр йæ коллегæтимæ кæй кусдзæн къухты хорз фæстиуджытæ æфтын кæныныл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.