Рæзы æртыккаг дунеон хæсты райдайыны тæссагдзинад

Дзуттæгты æмæ арабæгты ʻхсæн ногæй райдыдта тугкалæн хæст æмæ та дзы раздæрау куынæг кæнынц хуымæтæг, сабырцæрæг адæмыл.
Æртæ бонмæ фæмардуæвджыты нымæц ахызт 2 минæй æмæ алы сахат дæр фылдæр кæнынц. Хъыгагæн, се ‘хсæн сывæллæттæ дæр тынг бирæ ис – ныридæгæн дзы мардæй ссардтой сæдæ сывæллонæй  фылдæр. Цæфтæ дæр 5 мин адæймагæй фæфылдæр сты, фæлæ ма уыдон удæгас сты æмæ сæ кой уыйбæрц нæ кæнынц. Кæд æмæ Израилы ‘рдыгæй фæмардуæвджыты нымæц сбæлвырд кодтой æмæ нырæй фæстæмæ сæ нымæц бæрæг нал фæфылдæр уыдзæнис, уæд Палестинæйы цæрæн хæдзæртты бынæй нырма бирæ рæстæг къахдзысты мæрдты æмæ сæ нымæц фæстæдæр бæрæг фæфылдæр уыдзæнис.

7 октябры райсомæй исламаг радикалон организаци «ХАМАС»-ы хæстонтæ бабырстой Израилмæ сектор Газы территорийæ, скуынæг кодтой дзуттаг арæнхъахъхъæнджыты, æфсæддон дæлхæйтты, барадхъахъхъæнæг органты кусджыты, бацахстой авд районы. Ноджы ма бынæттон цæрджытæй уацары акодтой дзæвгары – сæ нымæц бæлвырд нæма у. Исламисттæ сæ операци схуыдтой «Буря Аль-Акси». Ацы бабырсты аххосагыл банымадтой, ома дзуттæгтæ цалдæр хатты бацыдысты Иерусалимы мæзджыт «Аль Акси»-мæ æмæ дзы «æнæуаг» митæ фæкодтой. Израилы разамынад бакодта уæлвæткон уавæр, æрсидтысты 300 мин резервистмæ æмæ райдыдта хæстон операци «Железные мечи».

Израилы авиаци бомбæтæ згъалынц сектор Газы цæрæн кварталты æмæ дзы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ зæххимæ араст кæнынц. Суткæйы дæргъы Палестинæйы горæттыл 200 хаттæй фылдæр æркалынц бомбæтæ. Сектор Газы ма ахицæн кодтой нуазыны дон æмæ электроэнергийæ дæр. Бынæттон цæрджыты уавæр сахатæй-сахатмæ ‘взæрдæр кæны. Æнæ электроэнергийæ дзы канализаци дæр нæ кусы æмæ æнæмæнг «сыстдзысты» алыхуызон низтæ. Израилы разамынад фæдзæхсы сыхаг бæстæты, ома сектор Газмæ нæ уадздзыстæм иунæг уæзласæн автомашинæ дæр, суанг ма гуманитарон æххуыс дæр. Æмæ ма уæд геноцид цы хонынц? Украинæйы цæуæг сæрмагонд æфсæддон операцийы уæрæсейаг æфсæддонтæ сабыр цæрæг адæмы нæ куынæг кæнынц. Æрмæстдæр хæцынц сæ ныхмæлæууæг æфсæддонты æмæ нацистон къордтимæ æмæ АИШ йæ дæлбар сателиттимæ уæддæр геноциды кой куы кæнынц. Æмæ ныр та «сыпп» дæр нæ кæнынц Израилы ‘рдæм, ахæм хуыз сарæзтой, цыма дыууæ бæстæйы хæцгæ нæ кæнынц, фæлæ сæхи ир-хæфсынц хæстон хъазтæй.

Израилы бомбæтæй палестинæйаг æмæ «ХАМАС»-ы хæстонтæй стæмтæ мæ-лынц – бадынц ныккæндты æмæ æнхъæл-мæ кæсынц æрсабырмæ. Уыцы хъуыддаг хорз æмбарынц Израилы æфсæддонтæ дæр, фæлæ уæддæр барæй куынæг кæнынц сабыр цæрæг адæмы. Ахæм методтæй ма фæпайда кæнынц АИШ-ы æфсæддонтæ дæр. 2017 азы иракаг горæт Мосул зæххимæ сраст кодтой – официалонæй дзы фæмард 5 мин адæймагæй фылдæр, 10 минæй фылдæр бæстыхæйттæ ныппырх код-той æмæ иу милуан адæймаджы та лидзинаг фесты сæ райгуырæн уæзæгæй. Фæлæ АИШ йæ фыдракæндты тыххæй ницы бæрндзинад ахаста, уымæн æмæ Хуыцауæй «равзаргæ» бæстæ хонынц сæхи. Æмæ Израиль дæр йæхи уымæн афтæ дары, АИШ-ы йын нымайынц йæ «хистæр æфсымæрыл».

Афтæ зæгъæн нæй æмæ арабæгтæ сыгъдæг сты, фыдмардæй никæй марынц, фыдмитæ нæ кæнынц. Фæлæ дæхи «демократон» бæстæ куы хонай, кæйдæрты та адæймæгтыл дæр куы нæ нымайай, уæд хуыздæрырдæм истæмæй хъуамæ хицæн кæнай. Æмæ ныр та дзуттаг æфсæддонтæ алы фыдмийæн дæр дзуапп дæттынц ноджы стырдæр фыдмитæй. Æмæ уæд арабаг «террористтæ» æмæ «лæгсырдтæй» дзуттæгтæ цæмæй хицæн кæнынц? Бынтондæр ницæмæй. Æгæрыстæмæй Израилы Хъахъхъæнынады министр Йоав Галант официалонæй фехъусын кодта, зæгъгæ, дзуттæгтæ тох кæнынц адæймаджы хуызæн цæрæгойтимæ æмæ сæ ныхмæ пайда кæнæн ис цыфæнды карз методтæй. Куыд уынæм, афтæмæй дзуттæгтæ сектор Газы цæрджыты адæмыл дæр нæ нымайынц, куынæг сæ кæнынц, цæмæй территори ссæрибар уа арабæгтæй. Æмæ стæй фарстатæ дæр никæмæ уал уыдзæн – адæм дзы нæ цæры æмæ дзы проблемæтæ дæр нал ис.

«Хамас»-ы ныббырст Израилмæ арвыцæфау уыд АИШ-ы разамынадæн. Тагъд сæм уыдзысты президентон æвзæрстытæ æмæ Джо Байдены командæйы позицитæ мæгуырау сты. Бирæ азты дæргъы АИШ йе ‘ддагон политикæйы æппынæдзух архайдта, цæмæй æрмæстдæр йæхæдæг хæсса уынаффæтæ, алкæмæн дæр уа тæрхонгæнæг. Æмæ ныр зæххы къорийы алы рæтты змæстытæ кæй райдыдта, уый дзурæг у ууыл, АИШ-ы политикæ кæй нæу эффективон. Израилаг-палестинаг конфликты АИШ рагæй фæстæмæ æргомæй лæууы Израилы фарс æмæ уыцы хъуыддаг æнæууæнкдзинад æвзæрын кæны дунейы иннæ бæстæтæм. Стæй ма Джо Байденæн æвзæр ахастытæ ис Израилы хистæр Биньямин Нетаньяхуимæ æмæ уый дæр ахъаз у дыууæ бæстæйы ‘хсæн æндыгъд уавæрæн.

Израилаг-палестинаг хæст киеваг фашисттæн мæгуырау хабар у. Украинæмæ цы æххуыс æрвыстой ныры онг, уый дарддæр цæудзæнис Израилмæ, куыд финансты хуызы, афтæ ма æхсæнгарзæй дæр. Израиль ныридæгæн бахатыдис, цæмæй сын АИШ радта хъæугæ æхсæнгарз. Æмæ АИШ алцы дæр сараздзæнис, цæмæй Израиль мацæуыл фæтыхса.

Цыфæндыйæ дæр, дунеон уавæрыл ацы конфликт тынг бандæвта. Йæ «перспективæтæ» та оптимистон не сты.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.