Украинæйы цæуæг сæрмагонд æфсæддон операцийы нæ хæстонтæ дзæвгарæй кæй исынц хайад, уымæ гæсгæ не ‘мбæстæгты тынг цымыдис кæнынц операциимæ баст хабæрттæ æмæ цаутæ.

Хæст кæддæриддæр фыдбылыз æмæ зианхæссæг у. Уыимæ ма тобæгонд хæстон фæрæзтæй куы пайда кæна дæ ныхмæлæууæг, уæд ахæм знагимæ бирæ зындæр у хæцын. Уæлдайдæр та украинаг фашистон къухдариуæгады сæ куратортæ æппынæдзух ифтонг кæнынц ног æхсæнгæрзты хуызтæй. Фактон æгъдауæй украинаг гарзджын тыхтæ ныридæгæн сты НАТО-йы сæрмагонд хæстон дæлхæйттæ.

Бæрæг куыд у, афтæмæй украинаг æфсадæн хæсты быдыры æнтыстытæ нæй æмæ НАТО-йы бахъуыд ног зианхæссæг æхсæнгæрзтæ радтыны сæр. Сæрмагонд æфсæддон операцийы райдианы ныгуылæн бæстæты сæргълæуджытæ дзырдтой, ома Украинæйæн уæззау техникæйы хуызтæ нæ дæттæм – æрмæстдæр рог техникæ. Журналисттæ-иу сæм фарстатæ куы радтой реактивон системæты, танкты, хæдтæхджыты, дард дистанцитæм тæхæг ракетæты æмæ æндæр ахæм хæцæнгæрзтæ раттыны тыххæй, уæд-иу «сæхиуыл дзуæрттæ афтыдтой», ома «ницæй тыххæй нæ ратдзыстæм», «Уæрæсеимæ нæ хæцæм».

Рæстæг æй куыд равдыста, афтæмæй ныгуылæн бæстæты къухдариуæгады ныхæстыл иу уысм дæр æууæндæн нæй – сты сайæгойтæ æмæ цæстфæлдахджытæ. Сæ хъуыдыйы æрмæстдæр ис адæмты эксплуатаци æмæ куынæг кæнын. «Колонизаторы» хъуыдыкæнынад нырма арф бады сæ сæрты,  21 æнусы дæр сæ искæй фæллойæ бухъ цард кæнын фæнды.

Фæлæ рæстæг ивы æмæ сын сæ «демократийыл» ничиуал æууæнды. Æгæрыстæмæй ма африкæйаг бæстæтæ дæр сæ бартыл сдзырдтой æмæ сурынц европæйаг æмæ америкæйаг æмбæстæгты. Æрæджы та Нигеры дæр уыд паддзахадон фæфæлдæхт æмæ раппæрстой Францы сæвæргæ чапары. Нигер рагæй фæстæмæ уыд Францы колони æмæ кæд 1960 азы ссис хæдбар паддзахад, уæддæр æй нырыонг контроль кодтой французæгтæ. Нигер куыд паддзахад, афтæ цæмæй ма стыхджын уыдаид, уый тыххæй дзы рæстæгæй рæстæгмæ арæзтой æфсæддон фæфæлдæхтытæ. Æмæ-иу дзы чи слæууыд сæргълæууæгæй, уый та-иу æхцайæ балхæдтой æмæ-иу дарддæр бæстæйы хъæздыгдзинад сæхимæ ссывтой. Францæн иууыл фылдæр пайда хаста уран, кæцыйæ хъæздыг у Нигеры зæхх. Ӕрæджы ма ноджы Габоны дæр сарæзтой æфсæддон фæфæлдæхт æмæ уый дæр фидæны тынг бандавдзæнис Францыл – егъау гуырахсты дзы æлхæдтой нефть æмæ ма æндæр æрдзон хъæздыгдзинæдтæ.

Украинаг æфсадæн хæсты райдианæй фæстæмæ дæттынц дзæвгар хæстæрмæг, ифтонг сæ кæнынц НАТО-йы разысгæрсты æвдисæйнæгтæй, цæттæ сын кæнынц сæ хæстонты, æгас дунейæ сын тымбыл кæнынц æххуырст хæстонтæ. Европæйаг бæстæтæй советон æфсæддон техникæ кæмæ баззад, уыдон сын иууылдæр сæ разæй скодтой. Фæлæ сын уадиссаг æнтыстытæ куы нæ уыд хæсты быдыры, уæд сын радтой реактивон системæ «Хаймарстæ», «Вампиртæ» æмæ дардмæ цæвæн ракетæтæ. Фæлæ ууыл не ‘рлæууыдысты. АИШ европæйаг бæстæты сразæнгард кодта, цæмæй сын сæ танктæ дæр радтой æмæ мадзурайæ сæххæст кодтой сæ «хицауы» фæндон. Кæд æмæ АИШ йæхæдæг дæр ныфс бавæрдта, ома, æз дæр арвитдзынæн мæ танктæй, уæддæр дзы нырма Украинæмæ иу дæр нæ ныххæццæ. Афтæмæй та ныридæгæн немыцаг æмæ французаг танктæй дзæвгар басыгъд хæсты быдыры æмæ æвзæрырдæм бандæвта ацы хъуыддаг сæ репутацийыл. Фæлæ АИШ-мæ «сым-сым» дæр нæ уæндынц.

Украинæ уалдзæджы йæхи цæттæ кодта размæабырстмæ æмæ сæ стыр ныфс уыд НАТО-йы техникæйæ. Фæлæ хæдтæхджытæй мæгуырау кæй сты, уый фæдыл зымæджы ныхас цыд, цæмæй сын радтой америкаг хæдтæхджытæ «F-16». Ацы хъуыддаг саразынимæ баст сты егъау финансон хæрдзтæ æмæ европæйаг бæстæты нæ фæндыд. Фæлæ цард фæндонæй нæу, уæлдайдæр та АИШ-ы дæлбар куы уай, уæд.

Украинаг хæстонтæн нæ бантыст размæ абырсын, баййæфтой стыр зиæнттæ æмæ, комкоммæ зæгъгæйæ, сæ хæстхъом æфсæддон дæлхæйтты фылдæр хай куынæг æрцыдысты. Нал сын фаг кæнынц сармадзанты нæмгуытæ, хæстонтæ, æфсæддон техникæ, хæстон фæлындæнтæ. Сæ авиацийæн дæр Уæрæсейы ныхмæ фæлæууыны фæрæз нæй æмæ АИШ «бардзырд» радта йæ дæлбар европæйаг бæстæтæн, цæмæй цыбыр рæстæгмæ Украинæйы сифтонг кæной хæдтæхджытæй. Украинаг пилоттæн бакодтой ахуыргæнæн курсытæ, фæлæ уыцы процесс дæргъвæтин у. Нæй гæнæн пилоты цыбыр рæстæгмæ ног хæдтæхæгыл тæхын сахуыр кæнын, уæлдайдæр та «F-16» йæ конструкцимæ гæсгæ цæхгæр хицæн кæны советон хæдтæхджытæй.

Сæ «хицауы» бардзырд сæххæст кæныны тыххæй Дани æмæ Нидерландты сæргълæуджытæ уайтагъд фехъусын кодтой, ома разы стæм хæдтæхджытæ радтыныл. Сæ фæнды ис 60 хæдтæхæджы бæрц радтын, фæлæ Зеленский 160 куынæггæнæн хæдтæхæджы домы. Фæлæ ма ацы 60 хæдтæхæджы дæр дæттынц мургай – азы кæронмæ сын Дани ратдзæнис 19 хæтæхæджы, 2024 азы ма ноджы аст, 2025 азы та фондз. Нидерландтæ цы хæдтæхджытæй бавæрдтой ныфс раттынæй, уыдоны бынатмæ нырма ногтæ хъуамæ балхæной æмæ сын сæ стæй ратдзысты. Фæлæ бæстон бæрæг нæу – АИШ бардзырд куы радта, уæд сын сæ, æвæццæгæн, иууылдæр сæ разæй скæндзысты.

«F-16» хорз хæдтæхæгыл нымад у, фæлæ Украинæйæн, æнæмæнг, ратдзысты, йæ ресурс кæмæн фæцис, кæнæ бирæ азтæ кæуыл цæуы, ахæмтæ. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ Украинæйы, æппынкъаддæр, хъæуы 200 хæдтæхæджы бæрц, цæмæй сæ хæстхъомдзинад фæхуыздæр уа. Фæлæ уæддæр Уæрæсейы гарзджын тыхтæ æнæмæнг æлдариуæг кæндзысты Украинæйы сæрмæ. Ам сæйраг у, хæдтæхджытимæ сын цахæм ракетæтæ ратдзысты, уый. Дзырд цæуы, ома сын хъуамæ радтой ракетæтæ «JASSM», кæцытæ тæхынц 900 километры бæрц æмæ зиан хæсдзысты Уæрæсейы арæнгæрон территоритæн. Ахæм уавæрты уæрæсейаг гарзджын тыхты бахъæудзæнис адекватон ныхкъуырд раттыны сæр. Фæлæ цахæм дзуапп уыдзæнис, уый нырма бæрæг нæу.

Разæнгард ма кæнынц Швецийы дæр, цæмæй Украинæйæн радтой сæ куынæггæнæн хæдтæхджытæ «Saab JAS 39 Gripen». Сæ премьер-министр Кристерссон зæгъы, ома, Швеци йæ хæдтæхджытæ никæмæн дæтты. Фæлæ ныридæгæн украинаг пилоттæ æмæ æндæр специалисттæ ахуыртæ уадзынц ахæм хæдтæхджытыл тæхынæй. Ӕвæццæгæн та ам дæр Швецийы къухдариуæгады ничи бафæрсдзæнис.

Уымæй уæлдай ма Украинæйæн радтынмæ хъавынц французаг хæдтæхджытæ «Mirage». Уый тыххæй Франц Иугонд арабаг эмиратты гарзджын тыхтæй балхæдта 30 зæронд хæдтæхæджы, æмæ украинаг пилотты куы бацæттæ кæной, уæд сын сæ радзысты. Сразы ма кодтой Норвегийы дæр хæдтæхджытæ радтыныл. Сæ гарзджын тыхты сконды ис америкæйаг «F-16», фæлæ дзы цал хъавынц радтынмæ æмæ кæд, уый бæрæг нæу.

Ӕрæджы ма Украинæйæн райдыдтой дæттын кассетон хæстæрмæг дæр, кæцы нымад у тобæгонд æхсæнгарзыл æмæ-иу дзы нæ уагътой пайда кæнын хæстон архæйдтыты рæстæджы. Ныгуылæн бæстæтæ хъуыды кæнынц, ома кæд Уæрæсейæн хæссы зиан, уæд сæ сæрибарæй ис спайдагæнæн. Афтæмæй та иууыл фылдæр æмæ зианхæссæгдæр кассетон хæстæрмæг ис Уæрæсемæ. Ныр цалдæр къуырийы дæргъы украинаг хæстонтæ нæ ауæрдынц сабыр цæрæг адæмыл – æхсынц сæ кассетон нæмгуытæй. Сæ тæссагдзинад уый мидæг ис æмæ АИШ-ы кассетон хæстæрмæджытæ таймермæ гæсгæ нæ цæуынц куынæг æмæ дæсгай азты фенхъæлмæ кæсынц сæ амæттæгтæм. Уый та нысан кæны æмæ хæст куы фæуа, уæддæр уыцы территоритæ æдас кæй нæ уыдзысты.

Джиоты Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.