Сомихстон æмæ та Азербайджаны арæнтыл уавæр æндыгъддæр кæны æмæ та дзы, æнæмæнг, туг ныккæлдзæнис. Азербайджан йæ гарзджын тыхты згъæрварс техникæ æмæ сармадзантæ ласы арæнтæм. Ӕфсæддон экспертты хъуыдымæ гæсгæ ахæм маневртæ хуымæтæджы не сты. Дзурæг сты хæстон архæйдтытæм цæттæ кæныныл. Со-михстон дæр фæстæ нæ лæууы – уыдон дæр се ‘фсæддон техникæ баввахс кодтой арæнтæм. Ам хæст куы бацайдагъ уа, уæд дзы бар-æнæбары хайад райсдзысты Уæрæсе, Иран, Турк æмæ ма Гуырдзы дæр. Йе ‘ндæвдад та анхъæвздзæнис æгас Æввахс Скæсæныл, Африкæйы цæгат хайыл æмæ Европæйыл.

Ацы конфликты кой куы кæнæм, уæд йæ уидаг æрмæст дыууæ паддзахады æмахастыты нæй, фæлæ геополитикæйы. Ныгуылæн бæстæты рагæй фæнды Фæскавказ контроль кæнын, Ӕввахс Скæсæны бæстæты сæ дæлбар бакæнын. Уыцы хъуыддаг сæ къухты куы бафта, уæд Туркæй суанг Индимæ цæрæг адæмтæй сæхицæн цагъайрæгтæ сараздзысты æмæ сын сæ хъæздыгдзинæдтæ сæхимæ ссивдзысты. Уыимæ ма иумæ æрлæмæгъ уыдзысты Уæрæсе, Китай æмæ Инди дæр. Уæрæсейы алыварс æппынæдзух аразынмæ хъавынц хуызджын революцитæ, сыхаг бæстæты цæрджытæн пропагандæйы хуызы æнæуынон кæнынц уæрæсейæгты æмæ уымæн суанг Иван Грозныйæ фæстæмæ сæ алыгъуызон санкцитæн кæрон нæй.

Фæскавказы бæстæтæй иууыл «æнцондзырддæр» разындысты гуырдзиæгтæ æмæ дзы 90-æм азтæй фæстæмæ ныгуылæн бæстæтæ æлдариуæг кæнынц. Цæмæй Уæрæсейæн исты разнаггад кæной, ууыл сæ разæнгард кæнынц, цалдæр хæсты расидтысты æмæ ма абон дæр фашистон идеологи се ‘хсæнады уæвынад кæны. Куыд æй уынæм, афтæмæй ныгуылæн бæстæтæ Гуырдзыстоны цæрджыты фæрныгадыл иу уысм дæр нæ хъуыды кæнынц – æрмæстдæр сын ис сæхи геополитикон интерестæ. Ныр 30 азы дæргъы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ мæгуырæй-мæгуырдæр цæрынц, Советон Цæдисæй сæм цы фæллæйттæ баззад, уыдон апаплой кодтой, сæ территориты бæрæг хай фесæфтой. Сæ цæрджытæ æндæр рæттæм лидзынц хуыздæр цардагур æмæ сын куыд хæдбар бæстæ, афтæ фидæн нæй. Фæлæ уыдæттæ ныгуылæн бæстæты не ‘ндавынц – апайда сæ кæндзысты æмæ сæ, Афганистанау, фæуадздзысты.

 

Соросы хъомылгæнинаг йæ

адæмы сæрсæфæнмæ фæкæны

Сомихстоны уавæр бæрæг хицæн кодта ныры онг – сомихæгтæ сæ зæрдæ нæ ивтой Уæрæсейыл. Фæлæ дзы ныридæгæн ахæм хицауад слæууыд, кæцы сæ сæрсæфæнмæ тæры, сомихæгтæ та нырма уый не ‘рымбæрстой. Ӕмбæхсинаг нæу, ныгуылæн бæстæтæн сæ архайды нысан кæй у, цæмæй Уæрæсейæн Хуссар Кавказы æндæвдад мауал уа. Уымæ гæсгæ Сомихстоны ныры къухдариуæгад алы амæлттæй архайы Уæрæсейы «счъизи» кæныныл. Се ‘хсæнады уæрæсейæгты хорзы кой чи ракæны, уыдонмæ æрцахсынæй æртхъирæн кæнынц. Сæ дзыллон информацийы фæрæзты æрмæстдæр æфхæрынц Уæрæсейы æмæ æппæлынц АИШ-æй æмæ Францæй. Ахæм фæндагыл рацыдис ныры фашистон Украинæ дæр.

Сомихстоны къухдариуæггæнджытæ сæ критикæйы уæлдай акцент æвæрынц Уæлхох Карабахы (Арцахы) æдасдзинад бахъахъхъæныныл, ома абоны бон сæ мæгуырау уавæр Уæрæсейы аххос у. Афтæмæй та Уæлхох Карабахы хæдбардзинад æмæ йæ цæрджыты фæрныгадæн Уæрæсе Сомихстонæй бирæ фылдæр сарæзта. Сомихстон йæхæдæг нырма дæр Уæлхох Карабахы хæдбардзинад нæ банымадта, нæдæр сын дунейы æхсæнады сæ интерестæ хъахъхъæны. 2020 азы хæстон архæйдтыты рæстæджы Сомихстоны гарзджын тыхтæ комкоммæ хайад нæ райстой, мобилизаци нæ сарæзтой – æрмæстдæр бархионтæ ацыдысты Арцахы цæрджыты бахъахъхъæнынмæ. Ӕгæрыстæмæй ма Пашинян Уæлхох Карабах банымадта Азербайджаны территорийыл. Афтæмæй та Сомихстон йæхи хоны Арцахы гарант. Фæлæ йæ хъуыддæгтæ куыд æвдисынц, афтæмæй Сомихстон у ницæйаг æфсымæрон паддзахад, йæ къухдариуæггæнджытæ та æууæнкы аккаг не сты æмæ уæйгæнджытæ сты.

Ахæм уавæрты Уæрæсе иунæгæй цæмæн хъуамæ хъахъхъæна Арцахы æдасдзинад, кæд æмæ йæ лæггæдтæ ныры онг дæр бæсты никæмæн фæцыдысты? Цæмæн хъуамæ сызнаг уа Азербайджанимæ сомихаг уæйгæнæг къухдариуæгады тыххæй? Цæмæн хъуамæ дара йæ гарзджын тыхты иу хай æд æфсæддон техникæ кæйдæр зæххыл, кæд æмæ йæ Донбассы тынгдæр хъæуынц? Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсе архайы æндыгъддзинад æрлæмæгъ кæныныл, рагон конфликт банымæг кæныныл, сомихæгты æмæ азербайджайнæгты бафидауын кæныныл. Фæлæ уыцы хъуыддаг нæ фæнды ныгуылæн бæстæты. Уыдоны фæнды, цæмæй Уæрæсейы алыварс бæстæтæ судзой, хæст цырен кæна æмæ йæ ресурстæ хардз кæнгæйæ лæмæгъ кæна. Украинæйы хæст бирæ нал ахæсдзæ-нис бæрæг аххосæгтæм гæсгæ.

 

Ныгуылæн бæстæтæ ног хæсты

 быдырæн равзæрстой Фæскавказ

АИШ-ы Сомихстоны территори цымыдис кæны æрмæстдæр æфсæддон базæ æрæвæрыны тыххæй. Сомихæгты бахъахъхъæныны тыххæй нæ, фæлæ йæхи геополитикон интересты тыххæй. Хуссар Кавказы бæрæг астæу АИШ-æн æфсæддон базæ куы уа, уæд æндавдзæнис æгас регионыл. Ардæм æввахс сты Иран, Турк æмæ Уæрæсейы арæнтæ, йæ цурты цæуынц каспийаг угво-дородты транзит æмæ китайаг «Шелковый путь», æмæ Сомихстонæн уый тыххæй ис стратегион нысаниуæг. Сомихæгтæ афтæ æнхъæлынц, ома сæ АИШ бахъахъхъæндзæн, баххуыс сын кæндзæн æмæ Сомихстонæй комфортон цæрæн бæстæ сараздзысты. Фæлæ рæдийынц. АИШ-ы базæ, Сомихстоны территорийыл куы фæзына, уæд æм йæ сыхаг бæстæтæ иууылдæр кæсын райдайдзысты знаджы цæстæй. Ӕмæ сæ исты æххуыс куы бахъæуа, уæд та сæ сæхи бар фæуадздзысты гуырдзиæгтау, афгайнæгтау, курдтау æмæ æндæртау.

Сомихæгтæ ма стыр ныфс æвæрынц Францæй дæр – йæ территорийыл ис бирæнымæц сомихаг диаспорæ, æмæ уырдыгон сомихæгтæй бирæтæ æндавынц Францы политикон процесстыл. Фæлæ та ам дæр раст нæ хъуыды кæнынц сомихæгтæ. Франц рагæй фæстæмæ нал у нымад хъомысджын паддзахадыл – йæ бартæ йын байста йæ хистæр «æфсымæр» АИШ. Стæй сæ тынг куы бафæнда, уæддæр сын уыйбæрц фæрæзтæ æмæ уавæртæ нæй, цæмæй бандавой Иран, Турк, Азербайджан æмæ Уæрæсейы æддагон политикæйыл.

Азербайджан æмæ Сомихы ‘хсæн конфликт ницы пайда хæссы ацы регионы паддза-хадтæн. Турчы рагæй фæнды Азербайджанимæ сурзæххыл арæн саразын, фæлæ сæ ныры уавæрты хæст нæ хъæуы. Сомихстоны хуссар хайы ис Сюникаг район, кæцыйы ма хонынц Зангезураг коридор дæр 40 километры дæргъæн. Сомихстон йæ къух бафыста бадзырдыл, ома ацы къæлидорыл сæрибарæй уадздзысты азербайджайнаг транспорт Нахичеванмæ. Фæлæ æцæгæй та сомихæгтæ сæ ныхас не ‘ххæст кæнынц, нæ кусы къæлидор æмæ азербайджайнæгтæ зындзинæдтæ ‘взарынц. Уымæ гæсгæ тæссаг у тыхæй спайда кæнынæй, ома Азербайджаны гарзджын тыхтæ бабырсдзысты Сюникы районмæ æмæ йæ сæхи бакæндзысты.

Сюникы район азербайджайнæгты къухты куы бафта, уæд комкоммæ баиу уыдзысты Туркимæ. Ӕмæ ацы хъуыддаг та нæ фæнды нæдæр Ираны, нæдæр Уæрæсейы. Алчидæр æй зоны, Азербайджаныл стыр æндæвдад кæй ис Турчы ‘рдыгæй æмæ сæ тыхтæ куы баиу кæной, уæд суыдзысты хъомысджын регионалон паддзахадтæ. Уымæ гæсгæ Иран дæр йæ гарзджын тыхтæ æрбаввахс кодта Сюникы районмæ, цæмæй ма бауадза тугкалд, ма бауадза азербайджайнæгты Сюникы районмæ. Ираны нæ фæнды азербайджайнæгты ныхмæ хæцын, стæй ма сын тæссагдзинад дæр хæссы семæ конфликт. Азербайджайнæгты нымæц Ираны фылдæр у Азербайджанимæ абаргæйæ æмæ хæстон архæйдтыты рæстæджы сомихæгты ‘вварс куы рахæцой, уæд ирайнаг æхсæнады, æнæмæнг, змæстытæ рауайдзæн.

Ацы регионы æрмæстдæр Уæрæсейы бон у сабырад бахъахъхъæнын, конфликты аххосджынты æрæмдзых кæнын. Ӕмæ уыцы хъуыддаг Иран æмæ Турк хорз æмбарынц – Уæрæсе куы ацæуа Фæскавказæй, уæд дзы АИШ уайтагъд æндыгъд уавæр сараздзæнис, бæстæты кæрæдзиимæ схæцын кæндзæнис. Сомихстон та бынтондæр нæ ахады дунейы геополитикон системæйы – бынтондæр куы нæуал уæвынад кæна куыд паддзахад, уæддæр никуы ницы фæивдзæнис. Æгæрыстæмæй Хуссар Кавказы паддзахадтæ дæр нæ банкъариккой Сомихстоны паддзахады фесæфт. Уæрæсе Сомихстонæй куы ацæуа, уæд Сомихстон политикон картæйæ фесæфдзæн.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.