Ацы бонты Гуырдзыстоны информацион фæрæзтæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Страсбурджы тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ, 2006 азы Уæрæсейæ депортацигонд чи æрцыд, Гуырдзыстоны уыцы æмбæстæгтæн Мæскуы хъуамæ бафида компенсаци иумиагæй 10 милуан евройы. Уыцы суммæ дихгонд æрцæудзæн 1500 адæймагыл. Адæймаджы барты фæдыл Европæйаг тæрхондон ацы адæймæгты адих кодта цалдæр категорийыл æмæ сын компенсаци дæр бафыстæуыдзæн уыцы категоритæм гæсгæ:  коллективонæй депортацигонд чи æрцыд, уыдонæн – фæйнæ дыууæ мин евройы; æнæзакъонæй ахстæрцæуджытæн æмæ ахæстоны æнæадæймагон уавæрты чи уыд æмæ кæй дæлдзиныг кодтой, уыдонæн та – 10 минæй 15 мин евройы бæрц.

Цымæ ацы тæрхондон цы адæмты бартæ хъахъхъæны, уыдонмæ Хуссар Ирыстоны адæм нæ хауынц?

Æвæццæгæн, нæ хауынц, æндæра ивгъуыд æнусы 90-æм азты дæр æмæ  2008 азы августы хæсты рæстæджы дæр Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны адæмæн æмæ адæмон хæдзарадæн цы фыдракæндтæ æмæ зиæнттæ ракодта, уыдоны тыххæй цæмæннæ азымджын кæны Гуырдзыстоны?

Ивгъуыд æнусы 90-æм азты Гуырдзыстонæн йæ уарзондæр лозунг уыд: «Нæй ирон – нæй проблемæ» æмæ дзы пайда дæр кодта тынг активонæй, куынæг кодта Хуссар Ирыстоны сабыруарзаг цæрджыты. 1989-1992 азты Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийы фæстиуæгæн фæмард иу мин ироны, цæфтæ та уыдысты æртæ мин æмæ æрдæгæй фылдæр. Гуырдзиæгтæ цы ирон хъæутæм бырстой æмæ сæ фалгæрон кодтой, уыцы хъæуты цæрджытæй лигъдæттæ систы 2 мин бинонтæ.

Кæд Хуссар Ирыстон йæ бартыл сдзырдта, йæ адæмы, йе ‘взаг, национ культурæ æмæ традицитæ хъахъхъæнгæйæ,  Гуырдзыстоны сырдон дзæмбытæй йæхи раскъуыдта, уæд Гуырдзыстоны цæрæг ирæт-тæ та гуырдзиæгты ныхмæ цы сарæзтой, бирæтæ сæ иронау зонгæ дæр куынæ кодтой, уæд?

Гуырдзыстоны цæрæг ирæттæй иууыл тынгдæр æфхæрд баййæфтой Боржом, Хашур, Гур æмæ Каспы районты цæрæг ирон цæрджытæ. Уыдон кæд компактонæй цардысты, уæддæр Гуырдзыстоны къухдариуæгады размæ ницы политикон домæн раразмæ кодтой, нæдæр хуссайраг ирæтты сæрыл исты дзырдтой, уыдоны Гуырдзыстоны цæрын æмæ гуырдзиæгтимæ хæлар уæвын фæндыд, фæлæ ирæттæ кæй уыдысты, уый уыд гуырдзиæгты раз сæ иууыл стырдæр аххосаг, уый тыххæй сын алы фыдмитæ кодтой, мардтой сæ фыдмардæй, чи ма сæ аирвæзт, уыдоны та фæсырдтой, æнусты дæргъы цы цæрæн бынæтты цардысты æмæ фæллой кодтой, уырдыгæй.

Уæдæ Евроцæдис дæр æмæ Адæймаджы барты фæдыл европæйаг тæрхондон дæр цæмæннæ бахъахъхъæдтой, Гуырдзыстонæй цы ирæтты фæсырдтой, гуырдзиæгтæ удæгасæй цы ирæтты сыгътой, Зары фæндагыл цы зæрæдты, сылгоймæгты æмæ сывæллæтты ныццагътой, Цъинагары цы æвзонг лæппуты ныццагътой, уыдоны бартæ? Цæмæннæ фæазымджын кодтой, ацы сырдон митæ чи сарæзта  кæнæ сæ чи аразын кодта, уыцы гуырдзиæгты? Æви гуырдзиæгты уæлбикъонтыл нымайынц.

Кæд хъæстытæ арвыстæуыд Страсбурджы тæрхондонмæ, уæддæр абоны онг Гуырдзыстон æппындæр ницы бафыста республикæйæн.

Фидгæ нæ, фæлæ ма Гуырдзыстон нæ сæтты, хуссайраг ирæттæн цы фыдракæндтæ сарæзта, уыдоныл дæр. Уымæн æмæ гуырдзиæгты абырæгон митыл сæ къух æвæрынц Европæйы бæстæты æмæ Америкæйы Иугонд Штатты къухдариуæгадтæ.

2008 азы августы фашистон Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырста æмæ горæт æмæ хъæуты куы ныффалгæрон кодта, зынджы хай сæ куы фæкодта, кæд уымæй 10 аз æмæ æрдæг рацыд, уæддæр абоны онг дæр Гуырдзыстон дзуапп нæ радта йæ фыдракæндты тыххæй, уый нæ, фæлæ ма йæхи нымайы растыл дæр.

Кæд Страсбурджы тæрхондон Уæрæсейы банымадта аххосджыныл, Мæскуыйы æнæзакъонæй цы 1500 гуырдзиаджы уæвынад кодта, уыдон депортацигонд кæй æрцыдысты, уый тыххæй (æниу, уыцы рæстæджы депортаци цыдысты, регистраци кæмæн нæ уыд, алы æмæ алы нацийы уыцы минæвæрттæ), уæд Гуырдзыстон ирæтты ныхмæ цы фыдракæндтæ сарæзта, уый тыххæй йæ цæмæннæ аххосджын кæнынц. Æппæт ацы фыдракæндты тых-хæй Гуырдзыстоныл дуне хъоды хъуамæ бакодтаиккой, фæлæ… Ныртæккæ европæйаг бæстæтæн дæр æмæ адæймаджы барты фæдыл Европæйаг тæрхондонæн дæр, мæнмæ гæсгæ, сæ девиз у ахæм: «Кæй нæ уарзын, уый у аххосджын».

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.