25-æм февралы Гуырдзыстон уæрæхæй банысан кодта «советон оккупацийыл» 100 азы сæххæсты бон. Уыцы бон административон бæстыхæйтты райсомæй бынмæ æруагътой паддзахадон тырысатæ. Оппозицион парти «Европæйаг Гуырдзыстон»-ы лидертæй иу Георгий Канделаки æрсидт адæммæ уæрæсейаг-гуырдзиаг хæсты райдианы 100 азы сæххæсты бон уæрæхæй банысан кæнынмæ. Канделаки раныхас кодта географион картæйы фоныл, кæцы, йæ ныхæстæм гæсгæ æвдисы Гуырдзыстоны фактон арæнтæ 1921 азы 10-11 февралы уавæрмæ гæсгæ. «Абоны бонæй 25 февралы онг фыдохы мадзæлттæ хъуамæ уагъд цæуой æрвылбон дæр. Уымæн æмæ 11 февралæй 17 мартмæ, Гуырдзыстон æххæстæй оккупацигонд куы æрцыд, уæд бæрæг æрцыд нæ бæстæйы трагикон хъысмæт æнæхъæн 20-æм æнусы дæргъы. Ацы картæйыл æвдыст цæуы территори, кæцы уыд Советон Уæрæсейы агрессийы райдианмæ демократон æгъдауæй æвзæрст Гуырдзыстоны хицауады юрисдикцийы бын».

Георги Канделакийы ныхæстæм гæсгæ, картæйы зыны, Сталины сæрмагонд бацамындмæ гæсгæ кæцы территоритæ лæвæрд æрцыдысты Гуырдзыстоны сыхæгтæн, уый: Артвин æмæ Ардаган лæвæрд æрцыдысты Туркæн, регион Лоре – Сомихстонæн, цæугæдон Иорийы цур территори, быцæуаг Закатала æмæ Караяйы дæлвæз, уыцы нымæцы Давид Гареджийы аргъуанон комплекс – Азербайджанæн.

 «25 февраль у нæ бæстæйы историйы иууыл трагикондæр бонтæй сæ иу. Нæ хъайтартæ, уыцы нымæцы юнкертæ, сæ цард нывондæн æрхастой нæ хæдбардзинад æмæ сæрибардзинады тыххæй. Уымæ гæсгæ ацы бон иу хатт ноджы зæрдыл лæууын кæны, нæ бæстæ рæстæгмæ оккупацигонд кæй у, уымæ нæкæсгæйæ, Гуырдзыстон кæй цæуы демократон, экономикон рæзты фæндагыл. Ацы фæндаг нæ кæройнаг хатдзæджы æркæндзæн бæстæйы æрбаиу кæнынмæ. Нæ иумиаг нысан хъуамæ уа нæ бæстæйы, нæ адæмы æмæ нацийы æрбаиу», – фехъусын кодта премьер-министр Ираклий Гарибашвили.

Цæй оккупацийы кой кæны Гарибашили? Раздæры Советон Цæдисы республикæтæй иууыл хъæздыгдæр цард гуырдзиаг адæм кæй кодтой, Цæдисæн хъулон хъæбулы хуызæн кæй уыд, иннæ республикæты хъауджыдæр 3,5 хатты хуыздæр кæй цард, уыдæттæ сæ цæмæн айрох сты? Науæд историйы фæрстæн бамбæхсæн нæй. Гуырдзиаг адæм ма сæ зæрдыл  æрлæууын кæнæт, 1800 азы 17 ноябры сæ  персæгтæ æмæ осмайнагтæй Уæрæсе кæй бахызта бынтон скуынæг кæнынæй, уыцы факты тыххæй.

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Арчил Талаквадзе та загъта: «100 азы фæстæ, абон, Гуырдзыстон у суверенон паддзахад, фæлæ уæддæр дарддæр кæны нæ территориты оккупации. Нæ дунеон партнертимæ Гуырдзыстон æрбаиу уыдзæн, лигъдæттæ æрбаздæхдзысты сæ хæдзæрттæм æмæ мах сæндидзын кæндзыстæм уыцы хидтæ, кæцыты, хъыгагæн, ныппырх кодта Уæрæсейы Федераци. Æхсæнад абон барæй дих æрцыд телæй арæзт æмбондтæй. Телæй арæзт æмбондты ацы къул æнæмæнгæй æркæлдзæн, йæ рæстæджы Берлинаг къул æмæ бирæ æндæр барьертæ  куыд æркалдысты, афтæ, кæцытæ уыдысты рæстæджы, прогрессы æмæ гуманизмы ныхмæ».

Фарстæуы, Талаквадзе дæр цæй территориты оккупацийы кой кæны? Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæм цæрынц сæ фыдæлты зæххыл æмæ ныр 12 азы сæ территоритæ сты сæхи бар, цæрынц сабыр æмæ хæдбар цардæй. Уæрæсе ацы дыууæ æфсымæрон адæмæн æххуысæй дарддæр  никуы ницы сарæзта. Уымæй дæр сын Уæрæсе баххуыс кодта сæ территоритæ раздахынæн. Иннæ ахæм цæй лигъдæтты кой кæны. Хуссар Ирыстонæй гуырдзиаг цæрджыты ничи сырдта, уыдон ацыдысты сусæгæй, æгæрыстæмæй, хиуæтты цард кæимæ кодтой, уыдонæн дæр ницы загътой, афтæмæй. Гуырдзыстоны хицауад сын баныфс æвæрдта, зæгъгæ, рæстæгмæ ацыт Хуссар Ирыстонæй æмæ цалдæр боны фæстæ фæстæмæ æрбаздæхдзыстут æмæ ирæтты хæдзæрттæ дæр сымах уыдзысты. Æцæг лигъдæттæ, Гуырдзыстонæй кæй расырдтой, уыцы ирæттæ сты.

Науæд цæй хидтæ æндидзын кæнынмæ хъавы? Гуырдзыстон ирон адæмимæ уартæ 20-æм азты куы  сарæзта ирон тугæй ахуырст хидтæ, кæцытæ абоны онг дæр сты тугæй ахуырст, лæууынц тугхъулонæй æмæ сын сæндидзын гæнæн нал ис. Цы цæсгомæй дзуры Талаквадзе, зæгъгæ, уыцы хидтæ фехæлдта Уæрæсе. Ноджы ма йæ зæгъон Уæрæсе Хуссар Ирыстоны адæмы бахызта бынтон скуы-нæг кæнынæй иу æнусы дæргъы цалдæр хатты. Абон кæд хуссарирыстойнаг адæм цæрын фæразынц æмæ царды плæнттæ кæнынц, уæд уый у Стыр Уæрæсейы фæрцы. Талаквадзейæн телæй арæзт æмбæндты тыххæй та зæгъдзыстæм афтæ,  зæгъгæ, Берлинаг къул куыд æркалд, афтæ ирон адæмы дæр ныфс ис тагъд рæстæджы дыууæ Ирыстоны ‘хсæн цы къул ис, уый кæй æркæлдзæн æмæ дыууæ Ирыстоны дæр кæй æрбаиу уыдзысты, уымæй.

«Иу æнусы размæ куыд уыд, афтæ абон дæр Уæрæсе нæ хъахъхъæны дунеон барады бындурон принциптæ, гуымирæй халы адæймаджы бартæ æмæ куынæг кæны европæйаг æргъадтæ. Советон «оккупаци» историмæ кæй бацыд, уымæ нæкæсгæйæ, абоны Гуырдзыстоны ногæй бахъуыд Уæрæсейы агрессивон политикæйы ныхмæ тох кæнын. Уымæн цæстуынгæ цæвиттон у Уæрæсейы радон хæстон интервенци, кæцы Уæрæсе сæххæст кодта 2008 азы æмæ Гуырдзыстоны æнæфæхицæнгæнгæ территоритæ – Абхаз æмæ Цхинвалы регионты оккупаци, цыран абоны онг дæр бынæттон цæрджыты фактон æгъдауæй систой амынæты æмæ æрвылбон дæр хъизæмар кæнынц æдасдзинады амынæты, адæймаджы барты æмæ гуманитрон цæстæнгасæй сæвзæргæ уæззау уавæры. Цæмæй нæ бон суа Уæрæсейы деструктивон политикæйы ныхмæ фæлæууын, афтæ ма конфликтæй хъыгдардбаййафæг цæрджыты бындурон бартæ сифтонг кæнын, уый тыххæй Гуырдзыстонæн тынг ахсджиаг у дунеон партнерты фарсхæцынад», – дзырдæуы  фидыдады æмæ æмбæстагон æмбарады фарстыты фæдыл Гуырдзыстоны паддзахадон министры аппараты информацийы. Уым ма дзырдæуы, зæгъгæ, Гуырдзыстон йæ хæдбардзинад сæндидзын кодта 1991 азы 9-æм апрелы.

Гуырдзыстоны президент Саломе Зурабишвили та фехъусын кодта: «1921 азы 25 февралы Тбилисмæ 11-æм уæрæсейаг æфсад куы бабырста, уый фæстæ Гуырдзыстонæн райдыдта цагъайраджы 70-азы талынг рæстæг. Гуырдзыстоны Демократон республикæ нæ нымадта советон хицауады». Уый зæрдыл æрлæууын кодта, Демократон Республикæ Гуырдзыстоны къухдариуæгады архайдтыты тыххæй, кæцы «адарддæр кодта тох барадон æмвæзадыл суверенитет æмæ хæдбардзинады фæдыл АИШ-ы конгрессы байхъуыстыты, дунеон организациты æмæ европæйаг бæстæты хицауадтимæ.

Гуырдзыстоны хуымæтæджы адæм куынæ зоной сæ бæстæйы истори, уæд уыдонæн ныххатыр гæнæн ис. Фæлæ президент  йæ бæстæйы истори кæй нæ зоны, кæнæ та дзы кæй айрох сты æцæг факттæ, уымæн хатыргæнæн нæй. Зурабишвили йæ цæст ахæссæт йæ бæстæйы историйыл, йæ зæрдыл æрлæууын кæнæт 1783 азы «Георгиевский трактат»-ы бадзырды æмæ æндæр бадзырдты æмæ фактты тыххæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.