Кавказы се ‘ндæвдад сфидар кæнынмæ АИШ æмæ НАТО-йы тырнындзинад аразы разæууæлтæ  регионы уавæр фæкарздæр кæныны тыххæй, – фехъусын кодта Коллективон Æдасдзинады Бадзырды организацийы иугонд штабы хистæр Анатолий Сидоров.

«Коллективон æдасдзинады вазыгджын уавæр ис Кавказы регионы. Уымæн, фыццаджыдæр, ахъаз кæны, йæ арæнтæм æввахс бæрзонд конфликтон потенциал кæй уæвынад кæны, уый, афтæ ма ацы регионы се ‘ндæвдад сфидар кæнынмæ АИШ æмæ Ныгуылæны бæстæты тырнындзинад», – загъта Сидоров дунеон информацион агентад «Россия сегодня»-йæн брифинджы рæс-тæджы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Кавказы æдасдзинадæн тæссаг у Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны алыварс уавæр. «Гуырдзыстон, диалогмæ йæ цæттæдзинад æвдисгæйæ, фактон æгъдауæй  Женевæйаг форматы размæ нæ уадзы бадзырдон процесс абхазаг æмæ хуссарирыстойнаг конфликт æрбæстон кæныны тыххæй. Ныгуылæны бæстæтæ раздæрау ацы фарсты хæцынц Тбилисы æвварс, уавæр скарз кæныны тыххæй разæууæлтæ аразгæйæ. Катайдзинад æвзæрын кæны  регионы се ‘ндæвдад рауæрæхдæр кæныны фæдыл АИШ æмæ НАТО-йы архайд. Вашингтон активонæй хæцы Гуырдзыстоны къухдариуæгады антиуæрæсейаг политикæ æмæ НАТО-мæ Гуырдзыстоны бацыды æв-варс», – йæ ныхасмæ бафтыдта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.