2008 азы хæстæй кæд 14 азы рацыд, уæддæр абоны онг дæр ирон адæмæй нæма фе-рох сты, уыцы уæззау бонтæ. 2008 азы 7-æм августы уыдтæн мæ райгуырæн Громы хъæуы. 6-æм августы изæрæй æхстытæ хъуыстысты гуырдзыйы ‘рдыгæй. Хъæуы адæм афтæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, та агуыппытæ кæндзысты æмæ та уавæр иу чысыл фæсабырдæр уыдзæн.

Фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауад. 7-æм августы райсомæй, боныцъæхтыл хъæуы цæрджытæ райхъал сты тыхджын æхстытæй. Æрцыд, адæм цæмæй тарстысты, уый, гуырдзыйы æфсад бацахстой Громы хъæу. Хъæуы цæрджытæй кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ фæлидзæг сты Бихъары хъæуы ‘рдæм, фæлæ кæдæм, кæм уыд æдас ран?

Нæ хъæуккаг лæппу, Уыд – тырты Тариел, æвæццæгæн, йе ‘намондæн хъæуы аззад æмæ куы ауыдта уыйæппæт гуырдзиаг æфсады америкæйаг дарæсы, уæд фырмæстæй йæ зонд куыддæр фæци. Йæ автомат сæм ныддардта фæтæрсыны охыл, фæлæ йæм сæхæдæг фæраздæр сты æмæ йæ фехстой. Афтæ æнæаххосæй бабын æвзонг лæппу Тариел. Ныгæд ис хъæуы уæлмæрды.

2022 азы 8-æм августы горæт Цхинвалæй æрцыдысты дыууæ лæппуйы æфсæддон дарæсы æмæ йын йæ цыртыл сæвæрдтой дидинджытæ. Ацы ныв фенгæйæ, мæ зæрдæ суынгæг æмæ мæ цæссыгтæ æркалдысты. Хатыр мын бакæнæт уыцы дыууæ лæппуйы, сæ мыггæгтæ, сæ нæмттæй сæ кæй нæ афарстон, уый тыххæй. Иуæй мын æхсызгон уыдис, республикæйы къухдариуæгадæй мæ хъæуккаг, мæ сыхаг лæппу Тариел рохуаты кæй нæ баззад, уый. Иннæмæй та мын сног сты 2008 азы августы хæсты дудгæбонтæ. Цæстытыл та ауадысты мæ мадимæ, афтæ ма хъæуы цæрджытæй бирæтимæ Медзыдайы  стыр доны балæгæрдгæйæ, фыртæсæй хъæдты ‘рдæм куыд лыгъдыстæм, уыдæттæ.

Æлгъыст фæуæд хæст æмæ йæ æндзарджытæ!

 

ХАЦЫРТЫ Жужунæ,

Громы хъæу

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.