Кӕстӕрты раппӕлинаг хъуыддӕгтӕ нын алыхатт дӕр ӕхсызгондзинад ӕрхӕссынц, сӕ хорздзинӕдтӕ хъусгӕ ӕмӕ уынгӕйӕ нӕ алчи дӕр ноджы тынгдӕр ныббуц вӕййы ӕмӕ сӕ вӕййӕм сӕрыстыр. Фӕлӕ уӕрӕх дзыллӕйӕн иууыл тынгдӕр ӕхсызгондзинад ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинад ӕрхӕссы, дыууӕ уарзӕгой кӕстӕры сӕ цард куы баиу кӕнынц, сӕ сомбоны амондджын цардыл фыццаг ӕмӕ уӕндон къахдзӕфтӕ куы акӕнынц, уӕд. Уыцы цау, зӕгъӕн ис, ӕмӕ свӕййы канд сӕхи удты сыгъдӕг уарзты ӕвдисӕн нӕ, ныййарджыты цины бӕрӕгбон нӕ, фӕлӕ ма хиуӕттӕ, хӕстӕджытӕ ӕмӕ ӕввахс адӕмы хъӕлдзӕгдзинад дӕр. Алчи дӕр сын сӕ цины бӕрӕгбон куы фехъусы, уӕд сыл фӕцин кӕны, хъӕлдзӕг фынгыл арфӕйаг куывдтӕн нал вӕййы кӕрон.

Ахӕм цин ӕмӕ амондӕй фӕхай-джын сты Ног азы фыццаг бон Цхин-валы районы Къостайыхъӕуы дыууӕ ӕвзонг лӕппуйы дӕр. Уыцы цины хабар тынг ӕхсызгон уыд ӕрмӕст сӕ бинонтӕн нӕ, фӕлӕ ма сыхӕгтӕ ӕмӕ хъӕубӕстӕн, ӕввахс адӕм ӕмӕ сӕ хиуӕттӕн дӕр. Кӕстӕрты циныл ноджы тынгдӕр фӕцин кӕнынц ӕндӕртӕ, амонд ссарджытӕ тӕхудиаджы гуырдтӕ куы вӕййынц, хистӕртӕн аргъ кӕнын куы фӕзонынц, се ‘мгӕрттимӕ уарзон ӕмӕ кӕрӕдзи ӕмбаргӕйӕ, сӕ рӕстӕг куы фервитынц. Хуыбиаты Роланд сабыр, ӕгъдауыл хӕст кӕстӕр у, ӕххуысмӕ никуы базивӕг кӕндзӕн, кӕддӕриддӕр бахъуаджы рӕстӕджы алкӕй уӕлхъус дӕр балӕууы. Къаддӕр не сты йе ‘вӕрццаг миниуджытӕ Лохты Муратӕн дӕр ӕмӕ йын уыцы раппӕлинаг миниуджытӕ та фӕндаг дӕттынц ӕмгӕрттӕ ӕмӕ ӕмбӕлтты хорздзинӕдтӕй фӕхайджын кӕнын-мӕ. Хистӕртæн уӕлдай ӕхсызгон вӕййы, кӕстӕртӕ рӕстӕгыл сӕ амӕндтӕ куы ссарынц, сомбоны рухс цард саразыныл ныфсджынӕй куы фӕхъуыды кӕнынц. Лохты Мурат йӕ цард баиу кодта Дзӕгъиаты Альбинӕимӕ ӕмӕ Хуыбиаты Роланд та ӕмкъайӕн равзӕрста Дыгъуызты Дзерассӕйы. Нӕ фыдӕлтӕ-иу афтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, хъаруйы разӕй уынд цӕуы ӕмӕ ӕмкъӕйттӕй алчи дӕр уыцы миниуджытӕй хайджын фӕци. Фӕлӕ адӕймаджы цард цӕмӕй ӕнтысгӕйӕ цӕуа, йӕ разылӕууӕг ахсджиаг ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хӕстӕ скъуыддзаг кӕнын йӕ бон уа, йӕ алфӕмблай адӕмӕн дӕр хӕрзиуӕг хӕссын йӕ бон уа, уыдӕттӕн та хъӕуы фердӕхтдзинад ӕмӕ ӕвӕллайгӕ архайд. Уыцы раппӕлинаг хиӕдтӕй дӕр цух не стут ӕмӕ сӕ пайда кӕнут уе ‘рвылбонон архайды. Хорз кӕстӕртӕ стут ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр Ирыстоны сомбонӕн амондджын гуырдтӕ схъомыл кӕнут! Ноджы ма мӕ ныхасмӕ бафтауон: Цъунар-Къостайыхъӕуы чындздзон чызджытӕ ӕмӕ усгур лӕппутӕ бирӕ ис ӕмӕ уӕ уыдон дӕр бафӕзмӕнт, уӕ хал уын ахӕрӕнт! 

Хуыбиаты Никъала                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                                          

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.