3-æм январы нæ горæты Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны байгом президентон наз бæлас. Æрвылаз дæр ацы галуаны кусджытæ сывæллæттæн бацæттæ кæнынц цымыдисон ногазон мадзал, кæцы байгом вæййы президентон наз бæласæй. Бибылты Анатоли арфæ ракодта сывæллæттæн Ног азы цытæн. Ногазон аргъаумæ паддзахады сæргълæууæгимæ æрбацыдысты йæ дыууæ чызджы. Афтæ ма мадзалмæ хуынд æрцыдысты Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, Финансты министр Хæбæлаты Азæ, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан æмæ æндæр официалон адæймæгтæ. Президентмæ уазæгуаты уыдысты республикæйы горæты æмæ районты скъолаты кæстæр кълæсты ахуырдзаутæ, кæцытæн хуыздæр æнтыстытæ ис ахуыры, спорты æмæ сфæлдыстадон архайды. Уыдонæн æвдыст æрцыд театралон равдыст аргъæутты персонажты хайадистæй. «Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй ахуыр кæнат хорз, хъусут уæ ныййарджытæм æмæ ут иууыл хуыздæр сывæллæттæ æнæхъæн дунейы. Афтæ куы уа, уæд уын  иннæ аз Митын Дада бакæндзæн ноджы хуыздæр æмæ бæллиццагдæр лæвæрттæ», – загъта паддзахады сæргълæууæг.  

Сывæллæттæн æвдыст æрцыд ногазон аргъау, кæцыйы рæстæджы сабитæ сæхи банкъардтой аргъæутты алæмæттаг дунейы.  Аргъауы сæйраг мидис уыд, алыхатт дæр хæлардзинад кæй фæуæлахиз вæййы, уый.  Президент дæр стыр цымыдисимæ бакаст аргъаумæ. Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны хъомылгæнинæгтæ сæ арæхстдзинад равдыстой куыд кафынæй, афтæ зарынæй дæр. Рагон ирон кафт «Чепена» бахъæлдзæг кодта сценæмæкæсджыты зæрдæтæ. Мадзалы кæрон Митын Дада æмæ Митын Чызг арфæ ракодтой æрæмбырдуæвджытæн æмæ сæ æрбахуыдтой наз бæласы цурмæ, цæмæй сывæллæттæ йæ алыварс æрзылдаиккой кафгæйæ. Кæронбæттæны сывæллæттæн бакодтой ногазон пре зидентон лæвæрттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.