ИРОН ЧЫЗДЖЫ ÆНТЫСТ

Казаны уагъдцæуæг боксæй æхсæзраундон æндыгъд тохы украинæйаг спортсменкæ Инна Станкевичыл фæуæлахиз Дудиаты Фатимæ. Тох уагъд цыд 53 килограммы онг уæзы категорийы. Райдианæй дыууæ чызджы дæр атакæ кодтой æппæт тыхтæй. Цалдæр хатты Станкевич фæцæф кодта Фатимæйы сæр, фæлæ ирон чызг дæр фæстейæ нæ баззад.

Фембæлды фæстиуджытæм гæсгæ тæрхонгæнджытæ уæлахиз радтой Дудиаты Фатимæйæн. Ирон спортсменкæйыл цæуы 26 азы. Профессионалон рингы акодта авд тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр фæуæлахиз. Уыцы нымæцы æртæ тохы та фæци æмгъуыдæй раздæр.

ХÆДБАРДЗИНАДЫ БОНЫ ЦЫТÆН -ВЕЛОЗГЪОРСТ

Хæдбардзинады боны цытæн уагъд æрцыд велозгъорст Цхинвал-Ленингор. 68 километры дистанци аккагæй ацыдысты спортивон мадзалы æппæт хайадисджытæ дæр. Мадзалы иууыл кæстæр хайадисæгыл цыд 10 азы, æмæ иууыл хистæрыл та – 63 азы.

Акцийы организатор Тедеты Лери куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ахæм мадзæлттæ ахъаз кæнынц рæзгæ фæлтæры патриотон хъомыладæн, афтæ ма сæ цайдагъ кæнынц спортыл дæр. Æдæппæтæй акцийы хайад райстой 18 адæймаджы. Маршрут уыд уæззау, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ равдыстой хорз спортивон цæттæдзинад. Ленингойрæгтæ сыл æмбæлдысты национ уæлæдарæсы æртæ уæливых, бæгæныйы куысси æмæ тырысатимæ.

Тедеты Лери бузныджы ныхæстæ загъта районы къухдариуæгадæн сæ уазæгуарзон-дзинады тыххæй, афтæ ма райгондæй баззад Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим æмæ Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадимæй мадзал ауадзынæн сын кæй баххуыс кодтой, уый тыххæй. Уыдон ма фæнд кæнынц велозгъорст Цхинвал-Къуайсайы маршрутыл сæххæст кæнын. Фидæны та план кæнынц велосипедтыл Дзæуджыхъæумæ ацæуын.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.