23 августы нæ республикæйы Кады  аллеяйы Æнусон арты раз уагъд æрцыд цытджын æгъдауæй æфсæддон ардбахæрд,  нæ республикæйæ Уæрæсейы Федерацийы Уæлдæр Æфсæддон ахуыргæнæндæттæм чи бацыд, уыдонæн. Цытджын мадзалмæ æрбацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады уæнгтæ Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан æмæ нæ республикæйы æхсæнады минæвæрттæ. Кады аллеяйы айхъуыстысты паддзахадон гимны зæлтæ æмæ уый фæстæ курсанттæй алчи дæр сæрмагондæй, æфсæддон  æгъдау куыд домы, уымæ гæсгæ цытджын уавæрты ард бахордтой нæ республикæйы уæлдæр командæгæнæджы раз 100 курсанты. Уый фæстæ æппæт æрæмбырдуæвджыты раз ныхасы рацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли.

– Зынаргъ курсанттæ, цытджын ныййарджытæ. Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын абоны боны цытæн. Сымахæй алчи дæр йæ къахдзæ-фæй, йæ фæндæй, егъау хæс æрæвæрдта йæхи раз, йæ ныййарджыты æмæ æмткæй Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты раз. Цы азты ахуыр кæндзыстут, уыцы рæстæджы æмгъуыдмæ  хъуамæ сæрбæрзондæй хæссат нæ паддзахады кадджын ном.  Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы Федерацийы Æфсæддон уæлдæр ахуыргæнæндæтты сымахæй алчи дæр уыдзæн нæ республикæйы хорз ном хæссæг. Мæн ныфс ис, махæй алчи дæр уæ ахуыры хорз æнтыстытæй  сæрбæрзонд уыдзыстæм. Хорз ахуыр, егъау физикон цæттæдзинад, хорз дисциплинæ, уыцы миниуджытæй сымахæй алчи дæр æххæст у. Сымах  абон  ард хæрут Кады аллеяйы æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй уæ ардбахæрд макуы фæмæнг кæнат уæ Фыдыбæстæйы раз. Сымах ард бахордтат, цæмæй уæ Фыдыбæстæ намысджынæй хъахъхъæнат, макуы уæ рох кæнæт ацы æфсæддон ардбахæрды райстимæ сымах уæхимæ райстат егъау бæрндзинад.

Хъæбатырдзинад, намысдзинад, уæ хорз ахуыры æвдисæнтæ та уыдзысты, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты быдыры нæ фыдæлтæ цы хъæбатырдзинад æвдыстой, уый æвдисæг. Уыдон махæй никуы ферох уыдзысты, кæм фæнды ма уæм, æнустæм уыдоны кад бæрзонд хъуамæ хæссæм, ма рох кæнæм нæ хъайтарты сгуыхтдзинæдты, кæцытæй  бирæтæ нал æрыздæхтысты тохы быдырæй, – банысан кодта президент Бибылты Анатоли.

Æвзонг курсанттæн ма арфæйы ныхæстæ загъта нæ республикæйы Ветеранты советы сæргълæууæг Бесаты Вячеслав. Йæ рады уый дæр арфæйы ныхæстæ æмæ хорз фæндиæгтæ загъта курсанттæн.

«Зынаргъ курсанттæ, сымах абон æфсæддон ардбахæрд райстат æмæ уый егъау бæрндзинадыл дзурæг у  канд уæ бинонты раз нæ, фæлæ æмткæй  нæ Фыдыбæстæйы раз. Егъау хъуыддагыл нымайын æз уый дæр, æмæ нæ Кады аллеяйы ацы цытджын мадзал уагъд кæй цæуы. Уымæн æмæ ацы ран сты нæ Хъайтарты цыртытæ, кæцытæ сæ рæстæджы равдыстой фидардзинад æмæ хъайтардзинад, æмæ сомбон сымах уыдонæй хъуамæ цæвиттон исат», – банысан кодта Бесаты Вячеслав.

Æппæт курсантты номæй нæ республикæйы къухдариуæгадæн арфæйы ныхæстæ загътой Диакъонты Сергей æмæ Къæбысты Альбинæ. Уыдон загътой, зæгъæ, æфсæддон цæттæдзинад райсыны ахуырты рæстæджы æппæт бæрндзинад уыйас нæ банкъардтой. Фæ-лæ абон ахæм сыгъдæг ран ард бахæргæйæ, æппæт серьезон æмæ ахсджиагдзинады уавæр бамбæрстой. Банысан кодтой, зæгъгæ, кæм фæнды ма уой, уыдонæй  алчи дæр йæ хъуыдыйы дардзæн, йæ ныййарджыты раз æмæ Фыдыбæстæйы раз стыр бæрндзинад кæй хæссынц, уый. 

Бузныджы ныхæстæ загътой республикæйы къухдариуæгадæн, фадат сын кæй радтой Уæрæсейы Федерацийы Æфсæддон уæлдæр ахуыргæнæндæтты зонындзинæдтæ райсынæн. «Алкæцы курсант дæр хъуыды кæны, цы хæс ыл æвæрд æрцыд, уый, куыд  ныййарджыты раз, афтæ æмткæй нæ республикæйы æмбæстæгты раз дæр. Серьезон ахаст æвдисæм æппæт сæвзæргæ уавæрмæ, æмæ цæттæ стæм, ахуыры рæстæджы нæм цы зындзинæдтæ æнхъæлмæ кæсы, уыдон намысджынæй æмæ хорз æнтыстытимæ аиуварс кæ-нынмæ. Махæй алчи дæр зоны æмæ кад кæны, хæсты быдырæй чи нæуал æрыздæхт, нæ уыцы хъайтарты рухс нæмттæ. Æмæ æппæт дæр сараздзыстæм, цæмæй сын сæ ном макуы ферох кæнæм, уый», –  загъта Къæбысты Альбинæ. 

Ныййарджыты номæй бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы къухдариуæгадæн æмæ æппæт  курсанттæн Æлборты Эдуард дæр.

Мадзалы кæрон айхъуыстысты паддзахадон гимны зæлтæ æмæ уый фæстæ нæ республикæйы Хъахъхъæнынады министрады дæлхæйттæ æмæ курсанттæ цытджын маршæй рацыдысты Кады аллеяйы.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.