Хæдбардзинады акт райсыны боны цытæн стъолы теннисæй 5-æм дунеон турнир уагъд æрцыд Цхинвалы. Ерысты хайад райстой 32 спортсмены. Уыдон уыдысты РЦИ-Аланийæ, Абхаз, Кæсæг-Балхъар, Ростовы область, Краснодары край æмæ Хуссар Ирыстонæй.

«Алы хатт дæр стыр æхсызгонимæ æрцæуæм Цхинвалмæ», – зæгъы дунеон категорийы тæрхонгæнæг Андрей Климов.  «Ам ис уазæгуарзаг адæм. Райсынц нæ хорз. Турниры æмвæзад та азæй-азмæ кæны уæлдæрæй уæлдæр. Ныр дæр дзы хайад исынц Европæйы чемпионаты призер Ярослав Фараджев, Уæрæсейы чемпионаты призер Вячеслав Кривошеев æмæ Цæгат-Кавказы Федералон зылды чемпион Владислав Чимбарцев».

Ерысты æмвæзад бæрзонддæр кæй кæны, ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ 2014-æм азы турниры уæлахиздзау Иван Украинский ныр призертæм дæр кæй нал бахаудта.

«Азæй азмæ ерыстæм æрцæуынц тыхджындæрæй тыхджындæр спортсментæ. Кæд мын рамбулын нал бантыст, уæддæр мын æхсызгон у уыцы хъуыддаг. Уымæн æмæ уыдонимæ хъазгæйæ махæн дæр бæрзонддæр кæны нæ цæттæдзинад», – загъта Украинский.

Ерыстæ рауадысты цымыдисон. Спортуарзджыты зæрдæмæ уæлдай тынгдæр фæцыд финалон хъазт, цыран фембæлдысты Вячеслав Кривошеев æмæ Владислав Чимбарцев. Уыдон равдыстой бæрзонд æмвæзадыл хъазт. Ам спортивон амонд бахудт Вячеслав Кривошеевмæ æмæ ссис ерысты уæлахиздзау, Чимбарцев та бацахста 2-аг бынат. Нæлгоймæгты ‘хсæн 3-аг та ссис Ярослав Фараджев. Ерыстæ ма уагъд цыдысты къæйтты ‘хсæн дæр. Æмхæццæ къæйтты ‘хсæн ерысты 1-аг систы Кокойты Амандæ æмæ Владсилав Чимбарцев, 2-аг бынатыл ацыдысты Плиты Аланæ æмæ Вячеслав Кривошеев. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ къæйтты ‘хсæн ерысты уыд дыууæ 3-аг бынаты. Бронзæйон призертæ систы  Михаил Чимбарцев æмæ Козаты Миленæ,  Джиголаты Дианæ æмæ Иван Украинский.

Нæлгоймæгты къæйтты ‘хсæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Вячеслав Кривошеев æмæ Максим Ведмедеряйæн, æвзист майдантæ фесты Сергей Кукушкин æмæ Олег Ромасевы, бронзæйон приезртæ та систы Елойты Алихан æмæ Болиаты Батраз, æмæ Мæлдзыгаты Алан æмæ Олег Васильев.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ, майдантæ æмæ æхцайы премитæй.

Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар Зассеты Сергей ма схорзæхджын кодта РХИ-йы стъолы теннисы æмбырдгонд командæйы тренер Джиоты Мирианы. Республикæйы стъолы теннисы федераци та сбæрæг кодта 2017-2018 сезоны хуыздæр теннисистты. Уыдоныл нымад æрцыдысты Бекъойты Эдвард æмæ Джиголаты Аланæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.