РХИ-йы Хæдбардзинады Акт райсыны боны цытæн Цхинвалы уагъд æрцыд 7-æм дунеон турнир стъолы теннисæй. Ерыстæ ауадзынæн баххуыс кодта парти «Иугонд Ирыстон». Турнир у, спорты ацы хуызæй нæ республикæйы цы ерыстæ уагъд фæцæуныц, уыдонæн сæ сæйрагдæр.

Æрвылаз дæр турниры хайад фæисынц бирæ тыхджын теннисисттæ. Ныр дæр та призтыл тох кодтой Хуссар Ирыстон, Абхаз, Кæсæг-Балхъар, Стъараполы край, Дагъыстан, Донецкы Адæмон Республикæ æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы минæвæрттæ æдæппæтæй 50 спортсменæй фылдæр. Уы-дон ‘хсæн уыд ахæмтæ, кæцытæ бирæ хæттыты хайад райстой турниры. Куыд, зæгъæм, Дагъыстаны командæйы уæнг Багаутдин Кадирбеков дæр.

«Цыппæрæм хатт хайад исын ацы ерысты. Æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастыстæм ко-ронавирусы аххосæй иуазон паузæйы фæудмæ. Тынг хорз турнир у. Организацигонд æрцыд ноджы хуыздæр. Йæ хайадисджыты географи уæрæхдæр кæй кæны, уый нын у тынг æхсызгон», – банысан кодта Багаутдин Кадирбеков.

Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы хайад райстой парламентон комитеты сæрдар Бибылты Ацæмæз, президенты æххуысгæнджытæ Джиоты Руфин æмæ Касаты Ацæмæз, нæ республикæйы Абхазы æххæстбарджын минæвар Елбачиты Алан æмæ Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей. Турнирмæ ма æрбацыдысты, хæдбардзинады акт чи райста, уыцы Уæлдæр Советы депутатты иу къорд. Сæ номæй раныхас кодта Кокойты Валери.

Паддзахады сæргълæууæджы номæй æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта спорты фарстаты фæдыл президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин.

Турнир рауад тынг цыдмыдисон. Хъæзтытæ тынг фæцыдысты спортуарзджыты зæрдæмæ. Ерыстæм бакæсыны тыххæй Цхин-валмæ сæрмагондæй æрцыдысты Цъинагары хъæуы Хуриты Гивийы номыл скъолайы ахуырдзаутæ уагдоны директор Гуссойты Ласкойы сæргълæудæй.

«Нæ ахуырдзаутæ тынг бирæ уарзынц стъолы теннисæй хъазын. Æрæджы нæ хъомылгæнинæгтæ рамбылдтой районы чемпионаты майдантæ иууылдæр. Уымæ гæсгæ нын тынг æхсызгон уыд, кæй нæ фæхуыдтой турнирмæ ахæм дæсныты хъазтмæ бакæсынмæ», – загъта Гуссойты Ласко.

Турниры размæ нæлгоймæгты ‘хсæн ерысты сæйраг фаворитыл нымад цыд Владислав Чимбарцев. Уый ма, раздæр азты цы турниртæ уагъд æрцыд, уыдонæй фæуæлахиз сæ иуы. Ныр дæр та йын бантыст финалмæ ахизын. Уым 3:0 хыгъдæй фæуæлахиз Заур Темиркановыл, кæцы ссис дыккаг. Æртыккаг бынат та бацахста Кантемир Сибеков. Æртæ дæр сты Кæсæг-Балхъары минæвæрттæ.

«Ерысты хайад истой Цæгат Кавказы Федералон зылды иууыл тыхджындæр теннисисттæ. Райстой нæ тынг хорз. Турнир дæр организацигонд у иууыл бæрзонддæр æмвæзадыл. Ныридæгæн ерысты хайад райстон 3-аг хатт æмæ мæ фæнды дарддæр дæр Цхинвалмæ цæуын», – йæ хъуыдытæ загъта Владислав Чимбарцев.

Чызджыты ‘хсæн та уæлахиздзау æмæ призертæ систы Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. Сыгъзæрин майдан бафтыд Елбачиты Иринæйы къухты. Дыккаг бынат фæцис Кокойты Амандæйы æмæ пьедесталы æртыккаг къæпхæнмæ та схызт Джиголаты Дианæ.

Къæйтты ‘хсæн ерысты фæуæлахиз сты Бекъойты Эдвард æмæ Михаил Чимбарцев. Æвзист призертæ систы Тедеты Иосиф æмæ Владислав Чимбарцев. Бронзæйон хорзæхтæ та райстой дыууæ къайы – Мæлдзыгаты Алан æмæ Олег Васильев, афтæ ма Кантемир Сибеков æмæ Константин Байердоф.

Æмхæццæ къæйтты ‘хсæн ерысты та иууыл цæттæдæр разындысты Кокойты Амандæ æмæ Мæлдзыгаты Алан. Дыккаг бынатмæ рахызтысты Елбачиты Иринæ æмæ Лаша Давитая. Æртыккаг бынат та адих кодтой Козаты Миленæ – Бекъойты Эдвард æмæ Къуылыхты Заринæ – Кантемир Сибеков.

«Уæлахизмæ тырнындзинады» призтæй хорзæхджын æрцыдысты Къуылыхты Зæринæ æмæ Тимур Гоконов. Кæронбæттæны ерысты хайадисджытæ систой зæрдылдарæн къамтæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.