ФУТБОЛ

Футболæй Уæрæсейы Кубок рамбулыны 1/16 хайы халæппæрсты фæстиуæгæн Дзæуджыхъæуы «Алани»-йы ныхмæлæууæг уыдзæн ÆЦСК-йы командæ. Алайнæгты тренер Гогниты Спартак, кæцы йæхæдæг ÆЦСК-йы сконды ссис Уæрæсейы чемпион, загъта, зæгъгæ, ацы хъазты фæбæрæг уыдзæн нæ футболистты уавæр.

«ÆЦСК у Уæрæсейы чемпионатты æмæ кубокы бирæ хæттыты уæлахиздзау. Уымæ гæсгæ нын тынг æхсызгон у, ацы клубимæ кæй хъаздзыстæм, уый. Æз дæр ацы клубы хъазыдтæн æртæ азы. Хъазты ма базонгæ уыдзыстæм футболистты цæттæдзинадимæ, бамбардзыстæм, цы фæдыздæхæнты нæ хъæуы кусын, уый», – банысан кодта Гогниты Спартак.

Дзæуджыхъæумæ ÆЦСК кæй æрцæу-дзæн, уыцы хъуыддаг тынг æхсызгон уыд ацы клубы футболист Зæгъойты Аланæн.

«Фæстаг хатт Дзæуджыхъæуы уыдтæн июны райдианы. Уæд ауагътам сывæл-лæтты турнир. «Алани»-имæ кæй хъаздзыстæм, уый фæрцы та æрцæудзынæн хæдзармæ. Дзæуджыхъæуы стадионы хъазын мын у тынг æхсызгон. Уым раздæр æз бадтæн трибунæйы. ÆЦСК-йы тренер Виктор Гончаренкойæн ныхас радтон «Алани»-йы хъазтмæ цæттæ кæй уы-дзынæн», – загъта Зæгъойты Алан.

ГРЕКЪАГ-РОМАГ ХЪÆБЫСХÆСТ

Тотраты Рустам нысан æрцыд грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй Уæрæсейы æм-бырдгонд командæйы хистæр тренерæй, кæцы дзуапп дæтдзæн, 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты командæйæн. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федерацийы президент Михаил Мамиашвили. Раздæр командæйы тренер уыд Олимпион хъæзтыты чемпион Хуыгаты Алан, кæцы ны-сан æрцыд РЦИ-Аланийы спорты министрæй.

Тотраты Рустам у Лондоны Олимпион хъæзтыты æвзист призер. 

РЕГБИ

20 сентябры Японы уагъд æрцæудзæн дунейы чемпионат регбийæ. Уым Уæрæсейы командæйы сконды архайдзæн ирон спортсмен Битеты Азæмæт. Уый у 2015 азы Уæрæсейы чемпион æмæ Кубокы уæлахиздзау.

Йæ спортивон карьерæ Азæмæт райдыдта дзæуджыхъæуккаг командæ «Сарматы»-æй. Фæстæдæр æй фæхуыдтой Красноярскы «Красный Яр»-мæ. 

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.