Ахæм адæймæгтæ æрмæст сæхи хæрзæбоны тыххæй нæ фыдæбон кæнынц, сæ зонындзинæдтæ æмæ хъару æрмæст хи амонды сæраппонд нæ дæттынц. Уыдон æппæт сæ тых æмæ авналæнтæ не вгъау кæнынц æхсæнад, райгуырæн къуым æмæ æмбæстæгты амонды тыххæй дæр. Афтæ куынæ кæной, уæд сæм цард æгъуыз кæсы, нæ сын вæййы æрæнцой, уыдонæн сæ зондахасты вæййы сæ иубæстон адæмæн æдзухдæр лæггад кæнын, уырдыг сын лæууын. Ахæм у сæ удысконд, сæ тырнындзинад æмæ сын нæй фæивæн, цыфæнды зындзинæдты бахауой, уæддæр. Уый сæ къухты куы бафты, уæд сæхи фæхонынц ноджы амондджындæр æмæ цард æмæ æхсæнады раз дæр нæ вæййынц къæмдзæстыг.

Рæсугъд цардвæндаг равзæрста йæхицæн йе взонджы бонтæй фæстæмæ ацы æгъдауыл хæст, куырыхон æмæ цæсгомджын адæймаг. Цард, æхсæнад фидауы, размæ уæндон æмæ ныфсджынæй къахдзæф кæны, не хсæн кæй ис, йæ уарзон адæмы, йæ Райгуырæн бæстæйы хорздзинадмæ чи бæллы, йæхæдæг дæр æм æдзухдæр аккаг хуынтæ чи фæхæссы, уы-донæй. Йæ радтæг адæмы цæрайæ, йæ фыдыбæстæйыл иузæрдион æмæ æнувыд чи у,  ахæмæй зонынц нæ горæты цæрджытæ, йæ бирæ зонгæтæ æмæ хæлæрттæ Мæргъиты Отар Никъалайы фырты. Зонгæ æмæ йæ уарзгæ та кæнынц, алкæмæ дæр ын уарзæгой ахаст æмæ цæстæнгас, рæвдаугæ æмæ  хъарм ахаст кæй ис, уый тых-хæй.

Царды асинтыл уæндонæй схизынæн бирæ гæнæнтæ ис. Уыдон къухы бафтынц, райдианы дæхимæ зонындзинæдтæй куы фæкæсай, уæд дарддæр æнцондæр вæййы иу кæнæ иннæ æнтыст къухты бафтын кæнын. Уый æмбæрстой скъоладзау Отары ныййарджытæ æмæ куыддæр Ленингоры районы Захъоры астæуккаг скъоламæ ахуыр кæнынмæ бацыд, афтæ йæм зæрдиагæй сæ хъус дардтой. Зæрдæргъæвд æмæ ахуырмæ æвзыгъд ахуыргæнинаг æдзухдæр æххæст кодта йæ ахуыргæн-джыты амындтытæ, йæ ныййарджыты æх-хуыс æмæ тагъд рæстæджы ссис бафæз-минаг скъоладзау. Захъоры  скъолайы 9-æм кълас каст фæуыны фæстæ æрцардысты Ленингоры, йæ фыд уым тæрхондоны куыста æмæ Отар дæр астæуккаг ахуырад райста ам. Цардбæллон, ахуырмæ тырнæг æвзонг лæппуйы раз æрлæууыд æндæр ахсджиаг хæсуæлдæр ахуыргæнæндоны сахуыр кæнын. 1956 азы æрцыд Цхинвалмæ (уæды Сталинирмæ), бацæуæн фæлварæнтæ æнтысгæйæ радта Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты иууыл зындæр – физматы факультетмæ. Институт каст фæуыны фæстæ æрвыст æрцыд нæ горæты фыццæгæм астæуккаг скъоламæ ногдзауты хистæр раздзогæй. Дыууæ азы бакусыны фæстæ раконд æрцыд горæты Ногдзауты хæдзармæ хайады сæргълæууæгæй. Дыууæ азы фæстæ та ногæй йæ бынат æрцахста 1-æм скъолайы, ныр та ссис ахуыры хайы сæргълæууæг.

Æвзонг адæймаджы зæрдæ царды алыгъуызон рæсугъд бæллицтæй дзаг вæййы. 1971 азы Мæргъиты Отар дæр рæстæгмæ хæрзбон загъта йæ уарзон Ирыстонæн æмæ ацыд Дард Хурыскæсæнмæ, кусын райдыдта кæсагахсæг науы скъæрæгæй, уыд фыццаг къласы матрос. Фæстæдæр æй арвыстой Владивостокмæ курсытæм æмæ сси капитаны фыццаг æххуысгæнæг. Уæддæр райгуырæн къуыммæ уарзондзинад фæтых ирон лæппуйыл æмæ 1977 азы æрыздæхт Цхинвалмæ, уыцы аз кусын райдыдта нæ горæты 131-æм профтехахуыргæнæндоны директорæй, фæкуыста дзы 1986 азы онг. Уый фæстæ та йæ фæллойадон фæндаг адарддæр кодта Цхинвалы районы спорткомитеты хистæры бынаты æмæ дзы намысджынæй бафæллой кодта 10 азы, стæй ацыд пенсийы.

ОТАРЫ СПОРТИВОН ЦАРДВÆНДАГ

   Мæргъиты Отары спортивон цардвæндаг баст у пуртиимæ, уый йын æрхаста ацы фадыджы кад æмæ ном, спортуарзджытæн уарзон ссис пуртийы фæрцы, растдæр зæгъгæйæ та йæ арæхстджын æмæ æнувыд хъазты фæстиуæгæн. Диссаг у, 16-аздзыд æцæг пурти уынгæ дæр никуы фæкодта, алыгъуызон хæцъилтæ стымбыл кæн, æлхъывд сæ бабæтт æмæ уый – дæ пурти. Пуртимæ уарзт æй йæхимæ афтæ тынг æлхъывта æмæ ноджы тынгдæр цымыдис кодта уымæй хъазынмæ, алыгъуызон фæлтæрæнтæ дзы æвдисгæйæ. Адæймагмæ курдиат куы уа, цымыдис æм куы æвзæрын кæна, уæд кæддæр хъуамæ раргом уой уыцы гæнæнтæ, базоной йæ æндæртæ дæр. Мæргъийы фырт дæр Цхинвалы куы ахуыр кодта, уæд футболæй хъазынæй йæхи ифхæрста йе ‘мбæлттимæ. Уайтагъд ын фæхатыдысты йе ‘взыгъддзинад æмæ куыстуарзондзинад,стæй фæразондзинад. Нæ областы сæйраг футболон командæ «Спартак»-æн нæ уыд рæстмæ хъахъхъæнæг æмæ 1957 азы ссис командæйы централон хъахъхъæнæг, ссис футболуарзджыты уарзон хъазæг, йæ арæхстджын хъазтæн ын табу кодтой 13 азы дæргъы. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фæстаг 10 азы та кадимæ кæй хаста капитаны ном. Ацы бынатæн йæ хæстæ бирæ сты, фыццаджыдæр хъуамæ дæ уагахастæй уай цæвиттойнаг, стæй де ‘мбал хъазджытæм дæр æвзæрын кæнай уыцы ахаст, разæнгард сæ кæнай уæлахизмæ. Уыцы рæстæджы командæйы хъазæг Джиджджойты Алан Мæргъийы фырты тыххæй афтæ радзырдта, зæгъгæ, Отар уыд иууыл хуыздæр хъахъхъæнæг, тренертæ æмæ йе ‘мбал футболисттæ дæр ныфс кæмæй æвæрдтой, ахæм хъазæг. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Мæргъиты Отар уыд, Гуырдзыстоны командæты ‘хсæн йæ райдианæй иууыл хуыздæр чи хъазыд, ахæм. Гуырдзыстоны чемпионаты хъазгæйæ, газет «Советон Ирыстон»  фыссы, зæгъгæ, къуымон цæфæй пурти балæвæрдта Гæджиты Л. æмæ нæ хъахъхъæнæг Мæргъиты О. рæсугъд цæфæй смидæг кодта уазджыты кулдуары фыццаг пурти Тхъварчелы «Мешахте»-йæн.

1968 азы «Спартак» рахызт ССР Цæдисы «Б» къласы 4-æм зонæмæ, уым ма хъазыдысты Пятигорск, Кисловодск, Новороссийск, Кафан, Дербент, Ечмиадзин, Каспийск, Мæздæг, Грознæ, Октемберян, Кировакан, стæй Гуырдзыстонæй 9 командæйы, уыцы нымæцы уыд Цхинвалы «Спартак» дæр. Уæд командæйы сконды уыдысты Хаханов Л., Зæгъойты И., О. Габодзе, Мæргъиты О., Кокойты Х., Бибылты А., Джиджджойты А. æмæ æндæртæ. Хистæр тренерæй нысан æрцыд ССР Цæдисы спорты  сгуыхт тренер Калоты Зауыр. Газет «Советон Ирыстон» фыста «31 августы «Спартак фембæлд Грознæйы «Урожай»-имæ, пурти хорз балæ-вæрдта О. Габодзе æмæ йæ Мæргъиты О. сæрæй смидæг кодта уазджыты кулдуары». Æрæмысыд ахæм цау дæр. Нæ командæ йæхи стадионы фембæлд Мингечауры футболисттимæ, хъазты рæстæг фæуд кодта, хыгъд та у 1:1, сæфы ахсджиаг очко. Мæр-гъийы фырт уымæй размæ хъазты райста травмæ, фæлæ тренер Калоты З. ныфс уыд Отарæй æмæ йæ рауагъта хъазтмæ. Къуымон цæф радæттынмæ æмбал нæ уыд  Джиджджойты Аланæн, сæрæй хъазынмæ та Отарæн æмæ та ацы хатт дæр барухс кодта стадионмæ æрцæуджыты зæрдæтæ – рамбылдта нæ командæ 2:1 хыгъдæй. Йæ арæхстджын хъазты тыххæй дзы райгонд уыдысты æндæр æмæ æндæр рæстæджы тренертæ Гаглойты Гаврил, Алыксандр, Орлов Алексей, Читая, Мæргъиты Ушанг.

 «Йæ арæхстдзинад ын фæхатыдысты тренертæ æмæ йæ сæхимæ хъазынмæ хуыдтой Кутаисы «Торпедо», стæй Рустау, Пот æмæ Сухумы командæты тренертæ, фæлæ сæ фæндоныл не сразы, уымæн æмæ йын уарзон уыд йæхи Ирыстон æмæ йæ командæ.

   Спорт спорт у, хъуамæ чидæр рамбула, æндæр та фембылды уа. Нæ командæ дæр иуыл æмбулгæ кæм кодтаид, фæлæ сын уæддæр бæрæгбонау уыд Мæргъиты Отар æмæ æндæр футболистты хъазтмæ бакæсын. Мæнæ ныхмæлæууæг фæбырсы нæ кулдуармæ, тыхсынц футболуарзджытæ, уæдмæ йæ цуры февзæрд нæ сæйраг хъахъхъæнæг Мæргъийы фырт æмæ футболмæ кæсджытæ æхцонæн сулæфыдысты. Æмбæрстой, иугæр Отар йæ цуры ис, уæд командæйæн нал у тас пурти бакъуырынæй. Æмæ цал æмæ цал хатты фервæзын кодта нæ командæйы æнæмæнг голæй, уæд та-иу райхъуыст футболуарзджыты зæрдиаг къухæмдзæгъд .Уымæй дарддæр ма Мæргъиты Отар хорз хъазыд баскетболæй дæр, уыд Хуссар Ирыстоны командæйы сконды, хайад иста спартакиадæты. Ноджы ма къухы пуртийæ дæр уыд областы æмбырдгонд командæйы хъазæг æмæ йын уым дæр уыд хорз æнтыстытæ.

   Ахæмтæ сты, йæ радтæг адæмы уарзон хъæбул, фæрнджын адæймаг Мæргъиты Отары фæрнджын цардвæндаджы цаутæ. Хуссар Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты йæ бирæазон æмæ хæрзиуæгон архайды тыххæй йæ æрæджы нæ Республикæйы Президент Бибылты Анатоли схорзæхджын кодта риуылдарæн нысанæй. Ахæм уарзон æмæ иузæрдион адæймаджы фыдæбонæн æрцыд аккаг аргъ, æхсызгон уыд уыцы цау алкæмæн дæр æмæ йæ кадимæ хæссæд!                                                              

  ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.