4-æм сентябры Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет йæ дуæрттæ байгом кодта студенттæн. Зонындзинæдты боны сæраппонд дзы уагъд æрцыдис цытджын линейкæ. Студенттæн æмæ университеты ахуыргæнджытæн раарфæ кодтой нæ республикæйы къухдариуæгады минæвæрттæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй.

Ног ахуыры азы тыххæй арфæйы ныхæстæ загъта университеты ректор Тедеты Вадим.

«Абон, Зонындзинæдты боны тыххæй мæн, фыццаджыдæр, зæрдæбынæй фæнды раарфæ кæнын, фыццаг хатт университеты къæсæрмæ чи ‘рбахызт, уыцы фæсивæдæн. Афтæ ма зæрдиаг арфæ кæнын æппæт студенттæн æмæ сæ ахуыры хъуыддаджы размæ чи кæны, нæ уыцы профессортæ-ахуыргæнджыты скондæн дæр. Мæн уырны, æмæ нæ республикæйы уæлдæр ахуыргæнæндонмæ дæсныйад райсынмæ чи æрбацыдис, уыдонæн сæ ахуыры процессы бæрæггæнæнтæ æмбæлон æмвæзадыл кæй уыдзысты», – загъта университеты ректор.

Цытджын линейкæйы, иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтой Бес-лæны трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ.

Университеты ректор ма куыд банысан кодта, афтæмæй ногарæзт университеты студенттæн арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ дæр æмæ сæ сæйраг цы домдæуы, уый та у, цæмæй æрмæстдæр кæной ахуыр. Тедеты Вадим ма куыд загъта, уымæ гæсгæ университеты ацы аз студентты нымæц фæфыл-дæр ис 20 проценты бæрц æмæ сæм ахуырмæ бацæудзæнис æртæ мин студенты.

Тедеты Вадим ма йæхи, профессортæ-ахуыргæнджыты сконд æмæ студентты номæй бузныджы ныхæстæ загъта нæ республикæйы къухдариуæгадæн, æппынæдзух сæ фарсмæ кæй æрбалæууынц æмæ университетмæ стыр хъусдард кæй дарынц, уый тыххæй.

Президент Бибылты Анатоли йæ раныхасы банысан кодта, ныфс æй кæй ис, студенттæ хорз зонындзинæдтæ кæй райсдзысты æмæ республикæйæн кæй уыдзысты аккаг специалисттæ æмæ гоймæгтæ. “Сымахæй, студенттæй, аразгæ у Хуссар Ирыстоны фидæн. Уæ къухты ис уæхи фидæн æмæ уæ тыхтæ радтут ахуырмæ. Мæн уырны, сомбон уæ зонындзинæдты руаджы, нæ республикæ уæндонæй æмæ фидарæй размæ кæй цæудзæнис, уый”, – банысан кодта Президент Бибылты Анатоли.

Цытджын бæрæгбонон линейкæйы фæстæ студенттæ цы фæндиæгтæ ныффыстой, уыдон капсулæйы æвæрдæй бахастой университеты музеймæ æртын азы æмгъуыдмæ. Дарддæр студентты фыццаг дзæнгæрæг бахуыдта сæ аудиторитæм.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.