ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 22-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» æнæнхъæлæджы фæхæрд Красноярскы «Енисей»-æн. Фембæлд уагъд æрцыд Грознæйы Султан Билимхановы номыл стадионы, цыран дзæуджыхъæуккæгтæ уадзынц сæ хæдзарон хъæзтытæ. Ныр дæр алайнæгтæ архайдтой бирæ хуыздæр. Статистикæмæ гæсгæ  сæм пурти дæр уыд 73%, сæ ныхмæлæууæг командæмæ та æрмæстдæр 27%. Фæлæ уæддæр уæлахиз банысан кодтой уазджытæ. Уыдонæн кæмдæр тæрхонгæнæг дæр баххуыс кодта. Нырма уал 40-æм минутыл «Алани»-йы кулдуармæ снысан кодта 11-метрон цæф. Афтæмæй хыгъд байгом кæнын бантыст «Енисей»-æн. Фæстæдæр алайнæгтæн сæ бон ссис дзуаппон пурти бакъуырын. Расгуыхт Ислам Машуков. Спортуарзджытæ æнхъæлмæ кастысты «Алани» кæй бакъуырдзæн дыккаг пурти дæр, фæлæ фыдæнхъæл фесты. Хыгъд куы сæмхуызон, уымæй чысыл фæстæдæр та йæхи нæ баурæдта «Алани»-йы сæйраг тренер Гогниты Спартак, кæцы æнæхъæн хъазты дæргъы йе ‘нæразыдзинад æвдыста сæйраг тæрхонгæнæджы архайдæй. 59-æм минутыл та разы нæ уыд тæрхонгæнæджы уынаффæйæ, рахызт хъазæн фæзмæ æмæ тæрхонгæнæгæн йæ хъуыдытæ зæгъыны фæстæ йын уый равдыста сырх карточкæ. Æвæццæгæн, уыцы хабар дæр бандæвта дзæуджыхъæуккæгты архайдыл. 66-æм минутыл уазджыты конт-ратакæйы рæстæджы сæ иварон фæзуаты сфæлдæхтой «Енисей»-ы размæбырсæджы æмæ та тæрхонгæнæг снысан кодта 11-метрон цæф. Афтæмæй хыгъд ссис 1:2. Алайнæгтæ ма бæргæ абырстой размæ ноджы стырдæр тыхтæй, фæлæ сын нал бантыст хыгъд сæм-хуызон кæнын. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æппынкъаддæр дыууæ хатты «Енисей»-ы иварон фæзуаты йæ хъазджыты къухыл кæй сæмбæлд пурти, фæлæ тæрхонгæнæг уыдон хъазты фæтк фехалыныл нæ банымадта æмæ пенальти не снысан кодта.

Ацы фембæлды фæстæ турнирон табли-цæйы Ирыстоны сæйраг футболон командæ æрхауд 6-æм бынатмæ. Радон хъазт акæндзæн 17-æм ноябры Краснодары «Кубань»-имæ.

 

КИКБОКСИНГ

Черногорийы уагъд æрцыд 13-18-аздзыд спортсменты ‘хсæн Европæйы чемпионат кик-боксингæй. Ерысты Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды архайдта Уалыты Тамер-лан. Уымæн 75 кг уæзы категорийы бантыст æвзист майдан рамбулын.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.