Хуссарирыстойнаг богалтæ Дзæгъиаты Сослан, Бестауты Андрей æмæ Зассеты Арсæмæг цæттæгæнæн сбортæ цæуынц Дзæуджыхъæуы. Уыдон Красноярскы хайад райсдзысты уæгъдибар хъæбысхæстæй Гран-при «Иван Ярыгин – 2022»-йы. Ерысты хайад райсыны бар сын лæвæрд æрцыд ивгъуыд азы цы бæрæггæнæнтæ равдыстой, уыдонмæ гæсгæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинæгтæ ныр цалдæр азы сæ бæрæггæнæнтæ хуыздæрæй хуыздæр кæй кæнынц.
2021 азы райдианы Бесатуты Андрей æмæ Зассеты Арсæмæгæн лæвæрд æрцыдысты спорты дæсныйы кадджын нæмттæ. Апрелы райдианы уыдон сæ нæмттæ бахастой Хуссар Ирыстоны спорты историмæ куыд фыццаг богалтæ, кæцытæ 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты финалы фембæлдысты иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (125 кг). Афтæмæй уыдон сфæлхатт кодтой дыууæ азы размæ Иркутскы финал. Уæд хæцыдысты, 18 онг кæуыл цыд, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты. Уыцы тохы хуыздæр цæттæ разынд Зассеты Арсæмæг. Фæлæ ныр та хуыздæр йæхи равдыста Бестауты Андрей æмæ ссис ерысты уæлахиздзау. Арсæмæг та бацахста дыккаг бынат.
Нæ республикæйы минæвæрттæй ма ноджы иу сыгъзæрин майдан рамбылдта Дзæгъиаты Сослан. Уый 97 кг уæзы категорийы акодта 5 тохы æмæ иу балл дæр нæ радта йæ ныхмæлæуджытæн. Дзæгъиайы фырт ма дыуууæ къуыри раздæр, 110 кг уæзы категорийы архайгæйæ, фæуæлахиз, 18 онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты.
Арсæмæг дыккаг кæй ссис, уый йын фадат радта йæ кары спортсменты ‘хсæн Европæйы чемпионаты хайад райсынæн. Ерыстæ уагъд цыдысты июлы райдианы Германы. Ирон спортсмен Цхинвалмæ æрæздæхт бронзæ майданимæ.
Бронзæ майданимæ ма йæ Райгуырæн бæстæмæ æрæздæхт Бестауты Андрей дæр. Уый та рамбылдта, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн дунейы чемпионаты. Уый уагъд цыд Уфайы августы æмбисы.

БОКС

2021 азы ма стыр æнтыст уыд РХИ-йы боксы скъолайæн дæр. Йæ хъомылгæнинаг Гæджиты Гурам апрелы мæйы ссис 15-16-аздзыд боксерты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Анапайы. Гурам архайдта 66 кг уæзы категорийы. Ацы уæлахизы фæрцы Гурам УФ-йы æмбырдгонды сконды хайад райста йæ кары спортсменты ‘хсæн Европæйы чемпионаты. Уым уый бацахста æртыккаг призон бынат. Гурамы тренер у Дзигойты Ацæмæз.

ДЗЮДО
Ивгъуыд аз бирæ майдантæ рамбулын бантыст ирон дзюдоисткæ Æлборты Аланæйæн. Уый хæцы иууыл уæззаудæр уæзы категорийы.
Аланæ июлы мæйы бронзæ майдан рамбылдта 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Европæйы Кубокы. Ерыстæ уагъд цыдысты португалиаг горæт Коимбрайы.
Уымæй иу мæйы фæстæ Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды атахт Италимæ. Уым та йын бантыст фæсивæды ‘хсæн Европæйы Кубокы уæлахиздзау суæвын. Сентябры та тренертæ Тъуриты Тенгиз æмæ Гæбæраты Автандилы хъомылгæнинаг хайад райста Люксембургы уагъдцæуæг Европæйы командон чемпионат æвзæнгты ‘хсæн. Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ Уæрæсейы æмбырдгонд бацахста æртыккаг бынат. Бæстæйы æмбырдгонды æнтыстмæ стыр хайбавæрд бахаста хуссарирыстойнаг дзюдоисткæ Æлборты Аланæ.
Ноябры мæйы та Æлборты Аланæ ссис 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Екатеринбурджы. Уыцы бон ма Аланæ нысан кодта йæ райгуырæн бон æмæ афтæмæй йæхицæн сарæзта лæвар. Сæххæст ыл 19 азы. Ацы ерыстæй дарддæр ма Аланæ ссис Уæрæсейы фæсивæды сæрдыгон Спартакиадæйы цалдæр этапы уæлахиздзау.
Уæдæ нæ ныфс ис ацы спортсментæ ацы аз дæр сæхи кæй равдисдзысты тынг хорз æмæ афтæмæй кæй рухс кæндзысты ирон спортуарзджыты зæрдæтæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.