Мыхуырæй рацыд литературон-аивадон æмæ æхсæ-надон-политикон æрвылмæйон журнал «Мах дуджы» радон,  3-æм номыр.

Журнал байгом ирон зындгонд поэттæ Цæрукъаты Алыксандр, Бестауты Гиуæрги, Хаджеты Таймураз, Касаты Батрадз æмæ Къадзаты Станиславы, афæдзы рæсугъддæр рæстæг, уалдзæгыл  фыст поэтикон уацмыстæй.

Журналкæсæг æхсызгонæй бакæсдзæн УФ-йы Журналистты цæдисы уæнг, Национ преми «Сыгъзæрин микрофон»-ы лауреат Хестанты-Бутаты Победæйы этюдтæ: «Куыдта зæронд ус», «Ныййарæг» æмæ æндæртæ.

Зындгонд ирон фыссæг, поэт Дзугаты Георгийы райгуырдыл сæххæст 110 азы. Уый цытæн журналы мыхуыр цæуы æмдзæвгæты цикл «Лæууынц табу кæнгæ, дæ разы», Дзугаты-Мурасты Риммæйы уац «Цин æмæ сагъæсты æргъæу галуан» æмæ «Георгийы тыххæй йе ʻмдугонты хъуыдытæ».

«Ног тæлмацтæ»-йы бын мыхуыргонд цæуы филологон зонæдты доктор Хуыгаты Ирланы уацау-новеллæ «Хъодыгонд». Ирон æвзагмæ йæ ратæлмац кодта ЦИПУ-йы доцент, педагогон зонæдты кандидат Безаты Фаризæ.

Поэзийæ ма журналы ацы номыры бакæсдзыстут Æлборты Беллæйы æртæ æмдзæвгæйы.

«Аланыстоныл саргъуыды 1100 азы», зæгъгæ, ацы рубрикæйы бын та бакæсæн ис номдзыд рухстауæг, æхсæнадон архайæг æмæ тæлмацгæнæг Колыты Аксойы æмдзæвгæтæ «Мады-Майрæмы кады зарæг», «Мах фыд», «Чырыстийы рухс райгасдзинад» æмæ историон зонæдты кандидат Гоститы Ларисæйы уац «Дыууæ ныхасы Колыты Аксойы тыххæй».

«Мах дуджы» равдыст  нæ зонгæ кæны, номдзыд ирон актрисæ, УСФСР-йы адæмон артисткæ Хъариаты Тамарæ йæ рæстæджы цы фыдæлтыккон куклæтæ арæзта, уыдоны хуызистытæ æмæ Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Цæллагты Фатимæйы аивадон куыстытимæ.

Рубрикæ «Фысджыты цардæй» мыхуыр кæны уац «Æрдхæрæны уарзт».  Хетæгкаты-Уаниты Оксанæ йæ уацы фыссы, зындгонд уырыссаг поэт Владимир Маяковскийы сфæлдыстадон рæзтыл цы сылгоймæгтæ бандæвтой, уыдоны тыххæй.

Рубрикæ «Æнæрох ивгъуыд», зæгъгæ, мыхуыр кæны Хетæгкаты Къостайы фыстæджытæ «Цæлыккаты Аннæмæ» æмæ Брытъиаты Елбыздыхъойы фыстæджытæ «Ольгæ Казбегимæ».

Рубрикæ «Ирон прозæйы антологи»-йы бын бакæсдзыстут Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар, зындгонд прозаик æмæ поэт, литературæиртасæг Хъазиты Мелитоны царды цыбыр биографи æмæ йæ радзырд «Номхыгъдтæ».

Журналы ма мыхуыр æрцыдысты «Æлвæст хъуыдытæ», Егары «Сылгоймаг – дунейы рухс», «Мæйы цаутыл афæлгæст».

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.