СТЪОЛЫ ТЕННИС

Хуссарирыстойнаг спортсментæ та хайад райстой æрвылаз наркотикты ныхмæ тохы боны цытæн Налцыччы уагъдцæуæг æппæтуæрæсейон турниры стъолы теннисæй. Ерысты хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой æрыгон спортсменкæтæ Джиголаты Аланæ æмæ Плиты Аланæ. Уыдон дыууæ дæр архайдтой сæхицæй хистæр спортсментимæ, фæлæ уæддæр, уымæ нæ кæсгæйæ, сæхи равдыстой хорз. Плиты Аланæйæн ма лæвæрд æрцыд «Иууыл перспективондæр спортсменкæ»-йы сæрмагонд приз. Хуссар Ирыстоны командæйы тренер Джиоты Мириан куыд банысан кодта, афтæмæй тынг райгондæй баззад чызджыты хъазтæй. Джиголаты Аланæ ерысты бацахста 8-æм бынат. Уый  тынг хорз бæрæггæнæн. Рамбылдта ахæм спортсменкæты, кæцытæ Уæрæсейы рейтинджы лæууынц бæрзонддæр. Ацы æнтысты фæрцы Аланæйæн фæхуыздæр йæ рейтинг. Плиты Аланæ та хъазыд ахæм чызджытимæ, кæцытæ 4-5 азы уыдысты йæхицæй хистæр. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ цы 7 хъазты акодта, уыдонæй фæуæлахиз 4 хъазты», – загъта Джиоты Мириан.

 

ФУТБОЛ

Сæ тæмæны сты футболæй дунейы чемпионаты 3-æм туры хъæзтытæ. Уыдоны фылдæр хайы бæрæг цыд, сæ къордтæй дарддæр чи рахиздзæн, уый. «A» къорды фембæлдысты Уæрæсе æмæ Уругвайы командæтæ. Дыууæ æмбырдгонды дæр раздæр цы хъæзтытæ акодтой, уыдоны фæуæлахиз сты æмæ рахызтысты финалы 1/8 хаймæ. Уымæ гæсгæ ацы хъазты уыдон бæрæг кодтой, сæ дæлкъорды фыццаг бынат чи бацахсдзæн, уый. Ацы фембæлдæй финалы 1/8 хайы хъазт ахсджиагдæр кæй уыд, уымæ гæсгæ Уæрæсейы æмбырдгонд тренер Черчесты Станислав 3 сæйраг хъазæджы – Александр Головин, Марио Фернандес æмæ Юрий Жирковы бæсты хъазæн фæзмæ рауагъта Федор Кудряшов, Игорь Смольников æмæ Алексей Миранчукы. Уыцы хабар æвзæрæрдæм бандæвта командæйы архайдыл. 36 минутыл тæрхонгæнæг дыккаг бур карточкæ равдыста Игорь Смольниковæн, кæцы дыккаг хатт афæлдæхта ныхмæлæууæг командæйы хъазæджы, æмæ йæ рарвыста хъазæн фæзæй. Афтæмæй уæрæсейæгтæ баззадысты дæсæй, уæдмæ та æмбылды кодтой 2:0 хыгъдæй. Уымæ нæкæсгæйæ, Уæрæсейы æмбырдгонд командæ тох кодта кæронмæ, уыдис сын хорз гæнæнтæ пурти бакъуырынæн дæр, фæлæ хъазты кæрон бауагътой æртыккаг пурти, фæхæрд сты 3:0 хыгъдæй æмæ сæ дæлкъорды бацахстой  2-аг бынат. Уымæ гæсгæ финалы 1/8 хайы фембæлдзæн «B» къорды фыццаг бынат бацахсæг командæ Испаниимæ, кæцы 2:2 хыгъдæй ахъазыд Мароккоимæ. Ацы дæлкъорды иннæ хъазты Иран æмæ Португали дæр ахъазыдысты æмдыхæй – 1:1. Уыцы бон ма Саудаг Арави 2:1 хыгъдæй рамбылдта Египеты.

Фæбæрæг ма сты къордтæ «С» æмæ «D» чи рахызтысты, уыцы командæтæ дæр. «С» къорды фыццаг бынат бацахста Францы командæ, кæцы æмдыхæй ахъазыд дыккаг бынат бацахсæг Даниимæ. Ацы къорды иннæ хъазты Перу 2:0 хыгъдæй рамбылдта Австралийы.

«D» къорды йæ хъæзтытæ иууылдæр рамбылдта Хорвати. 3-аг туры уый тыхджындæр уыд Исландийæ 2:1 хыгъдæй æмæ бацахста 1-аг бынат. 2-аг бынатыл та ацыд Аргентинæйы командæ, кæцы тых æмæ фыдтæй фæуæлахиз Нигерийыл 2:1 хыгъдæй.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.