ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 29-м туры Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» уазæгуаты хъазыд «Динамо-Брянск»-имæ. Дисквалификацийы фæстæ хъазæн фæзмæ рахизын сæ бон ссис Бутта Магомедов æмæ Хуыгаты Аланæн. Брянскы тынг мит кæй уарыд, уый аххосæй хъазт райдыдта 15 минут фæстæдæр. Цалдæр хатты бахъуыд хъазæн фæзы митæй асыгъдæг кæнын.

Фембæлды фыццаг æмбисы хъазджытæн сæ къухты не ‘фтыд комбинацитæ аразын. Мæгуырау боныгъæдыл тагъддæр æрцахуыр сты уазджытæ. Фембæлды дыккаг æмбисы райдианы алайнæгты хъазæг Бутта Магомедовæн бантыст хыгъд байгом кæнын. Уымæй 7 минут фæстæдæр та командæйы дыккаг пурти бакъуырдта Ислам Машуков. «Алани»-йы хъазджы-тæн уый фæстæ дæр уыд бирæ хорз гæнæнтæ 3-аг пурти бакъуырынæн,фæлæ сæ не спайда кодтой. Зæгъæм, фембæлды дыккаг хайы хъазæн фæзмæ рахизæг Гуырцъыты Батразæн йæ бон уыд æппынкъаддæрæй хеттрик саразын, фæлæ-иу йæ цæфты фæстæ куы пурти кулдуары цурты атахт, куы та-иу кулдуаргæс ахъазыд хорз.

«Алани» фæуæлахиз 2:0 хыгъдæй. Уый фæрцы æрæмбырд кодта 55 очкойы æмæ турнирон таблицæйы рахызт 4-æм бынатмæ.  

Радон туры 14-æм марты дзæуджыхъæуккæгтæ фысымиуæг кæндзысты «Нефтехимик»-æн.

ТЕННИС

Ирон теннсисит Хъæрæцаты Аслан Дохайы уагъдцæуæг теннисисттæ-профессионалты Ассоциацийы турниры дыккаг зылды фæхæрд австриаг Доминик Тимæн. Уый хыгъд Аслан хуыздæр архайы къæйтты ‘хсæн ерысты. Уым Андрей Рублевимæ иумæ хъазæгæйæ рахызтысты турниры финалмæ. Уæрæсейаг дуэт æрдæгфиналы фæуæлахиз  французаг теннисисттæ Жереми Шарди – Фабрис Мартеныл.

Финалы уæрæсейæгты ныхмæ-лæуджытæ уыдзысты Маркус Даниэлл – Филипп Освальд (Ног Зеланди – Австри). 

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.