Национ футболон къорды (фыццаг дивизион) фыццаг уæлахиз бафтыд Дзæуджыхъæуы «Алани»-йы къухты. Ирыстоны сæйраг футболон командæ 2-аг туры уазæгуаты 3:0 хыгъдæй фæуæлахиз Песчанокопскоейы «Чайка»-йыл. Кæд алайнæгтæ стыр хыгъдæй фæуæлахиз сты, уæддæр сын уый саразын бантыст зынтæй. Хъазты фыццаг æмбисы кæд фылдæр пурти уыд «Аланимæ, уæд пурти бакъуырынæн та фылдæр тæссаг уавæртæ æвзæрын кодтой фысымтæ. Фæлæ-иу хорз ахъазыд «Алани»-йы кулдуаргæс Ростислав Солдатенко. Фембæлды дыккаг хайы алайнæгтæ райдыдтой хуыздæр хъазын. Бантыст сын хыгъд байгом кæнын. Расгуыхт Ислам Машуков. Уый фæстæ дзæуджыхъæуккæгтæ ноджы тынгдæр баууæндыдысты сæ тыхтыл æмæ хъазты кæрон дыккаг пурти нырма Гуырцъыты Батраз бакъуырдта, стæй та ныхмæлæууæг командæйы кулдуары хызы пурти смидæг кодта Коцты Хетæг.

***

Райдыдтой футболæй Уæрæсейы премьер-къорды хъæзтытæ дæр. Чемпионаты фыццаг фембæлды ÆЦСК уазæгуаты хъазгæйæ, 2:0 хыгъдæй рамбылдта «Химки»-йы. Æфсæддонты сконды хъазæн фæзмæ рахызт ирон футболон скъолайы хъомылгæнинаг Зæгъойты Алан. Уый йæ хайбавæрд бахаста йæ командæйы уæлахизмæ. 45 минутыл бакъуырдта ÆЦСК-йы дыккаг пурти. Зæгъойы фыртæн ацы бакъуырд пурти ссис фыццаг фæстаг 29 мæйы дæргъы. Хъазты дыккаг æмбисы райста травмæ æмæ йæ уый аххосæй бахъуыд хъазæн фæзæй ацæуын.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.