Уæрæсейы Федераци банымадта, Хуссар Ирыстоны хæстон фæсивæдæй сахъатдзинад чи райста, уыдоны хатырон бартæ. Владимир Путин сратификаци кодта Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хсæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад æмæ Мидхъуыддæгты министрады раздæры службæгæнджыты сахъатдзинад æмхуызонæй нымайыны тыххæй æмразыдзинад.

Æмразыдзинад ратификацийы тыххæй закъон здæхт у дыууæ бæстæйы хсæн æмбæстæгты социалон хъахъхъæнынады сферæйы æмгуыстады рæзтмæ. Нырыонг дыууæ бæстæйы дæр официалон æгъдауæй нымад нæ цыдысты кæрæдзийы националон хъахъхъæнынадты министрадтæ æмæ мидхъуыддæгты министрадты службæгæнджытæй сахъатдзинад чи райста, уыдоны социалон æмæ хатырон бартæ.

Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй амæй-размæ Уæрæсейы Федарацийы Федарацийы Советы Æхсæндунеон хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Константин Косачев загъта, уæлдæрбанысангонд æмразыдзинад кæй нысан кæндзæн Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хсæн æхсæнпаддзахадон ахастыты бадзырдон-барадон базæ юридикон æгъдауæй бафидар кæнын. Ногæй æрфысгæ документы куыд нысан цæуы, афтæмæй бынысангонд æмразыдзинад реализаци кæнын æмæ йæ æххæст кæныныл контроль кæндзысты уæресейаг фарсæй: Уæрæсейы Федерацийы Куысты министрад, Хъахъхъæнынады министрад, Миддхъуыд-дæгты министрад, хуссарирыстойнаг фарсæй: Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты минист-рад, Хъахъхъæнынады министрад æмæ Мидхъуыддæгты министрад. Æмразыдзинад фыст æрцыд дæс азы æмгъуыдмæ, фæлæ дыууæ бæстæйы æмхуызон разыдзинадмæ гæсгæ дарддæргонд цæудзæн уый фæстæйы алы радон дæсазон æмгъуыдтæм дæр, кæд иу кæнæ иннæ бæстæйы рдыгæй æмразыдзинадæй рахизыны фæндондзинад нæ фæзына, уæд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.