АРМРЕСТЛИНГ

Æртæ æвзист майданы рамбылдтой хуссарирыстойнаг спортсментæ æвзæнгты æмæ фæсивæды ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты армрестлингæй, кæцы уагъд цыд горæт Орелы. Ахæм æнтыст бафтыд Хæбæлаты Арсен (80 кг), Плиты Батрадз (85 кг) æмæ Дыгъуызты Миленæйы (+70 кг) къухты. Уыдон сты тренер Джиоты Валерийы хъомылгæнинæгтæ.

«Хæбæлаты Арсены уæзы архайдтой 18 спортсмены. Арсен финалмæ цæугæйæ йæ тохтæ рамбылдта æнцонтæй. Сæйраг фембæлды йæ ныхмæлæууæг уыд æвзæнгты ‘хсæн дунейы æмæ Европæйы чемпионатты 6 хатты уæлахиздзау, цæгатирыстойнаг Дыгураты Сæрмæт, кæцы нырма иу хатт дæр никуы фæхæрд ис. Мæ хъуыдымæ гæсгæ йæ Арсен галиу къухæй дыууæ хатты рамбылдта, фæлæ-иу тæрхонгæнджытæ тох растыл нæ банымадтой», – загъта Джиоты Валери. Тренер ма банысан кодта, командæйы иннæ уæнгтæй дæр райгондæй кæй баззад.

«Командæйы сконды уыд 7 адæймаджы. Кæд Хæбæлаты Арсен, Дыгъуызыты Миленæ æмæ Плиты Батрадзмæ æнхъæлмæ кастæн майдантæ кæй рамбулдзысты, уæд иннæ спортсменты фыццаджыдæр ракодтам, цæмæй райсой фæлтæрддзинад. Сæ цæттæдзинадмæ гæсгæ сæхи равдыстой хорз», – загъта Валери.

ЧЕМПИОНАТ ЛЫЖÆТÆЙ

    Цъоны уагъд æрцыд Дзауы районы чемпионат лыжæтæй. Ерысты хайад райстой 30 ахуырдзауы. Уый тыххæй хъусын кæны районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Джиоты Алик. Лæппуты ‘хсæн фæуæлахиз Тедеты Рем, дыккаг бынат бацахста Харебаты Тимур æмæ æртыккаг та ссис Сиукъаты Батрадз. Чызджыты ‘хсæн иууыл цæттæдæр разынд Харебаты Аленæ, дыккаг бынатыл ацыд Хъоцыты Камиллæ æмæ æртыккаг бынатмæ та рахызт Козаты Наталья.

Ерысты хайадисджытæн Президенты номæй раарфæ кодта Джиоты Руфин. Чемпионаты уæлахиздзауты схорзæхджын кæныны церемонийы ма хайад райстой депутат Тадтаты Анатоли, районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивджытæ Хъоцыты Мендик æмæ Уалыты Витали.

ФУТБОЛ

     Национ футболон къорды 28-æм туры фæлгæтты Дзæуджыхъæуы «Алани» фæуæлахиз Омскы «Иртыш»-ыл. Хъазт фæцис 1:0 хыгъдæй. Иунæг иу пурти 11-метрон цæфæй бакъуырдта Кобесты Давид.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ уый размæ туры «Томь»-имæ хъазты цы инцидент æрцыд, уый фæстиуæгæн ныр алайнæгтæ сæ хъазт уагътой æнæ спортуарзджытæй. Стæй ма дисквалификацийы аххосæй хъазты нæ уыдысты командæйы сæйраг тренер Гогниты Спартак, футболисттæ Зассеты Азæмæт, Хосонты Хетæг, Бутта Магомедов, Коцты Хетæг æмæ Хуыгаты Алан. Уымæй дарддæр ма фембæлд рауагъта Хæдæрцаты Батраз, кæцыйæн ис травмæ.

Ныр «Алани»-йы сæйраг тренеры хæстæ æххæст кодта Валерий Горохов. 

ТЕННИС

Хъæрæцаты Аслан хайад исы Дохайы уагъдцæуæг теннисисттæ-профессионалты ассоциацийы турниры. Аслан фыццаг зылды фæуæлахиз Катары минæвар Мубарак Шаннан Заиды. Фембæлд фæцис – 6:4, 6:0. 27-аздзыд ирон теннисисты радон ныхмæлæууæг уыдзæн австриаг Доминик Тим, кæцы турниры архайы куыд фыццаг номыр, афтæ.

АТР-йы рейтингы Аслан ахсы 45-æм бынат. Ацы турнир ын фыццаг у Австралийы гом чемпионаты фæстæ, бахæццæ æрдæгфиналы онг. Дохайы турниры призон фонд у 890 мин доллары.  

СИСТЫ НОМАРÆН ТУРНИРЫ УÆЛАХИЗДЗАУТÆ   

СИСТЫ НОМАРÆН ТУРНИРЫ УÆЛАХИЗДЗАУТÆ

Футболæй Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæйы хъазджытæ Мулдарты Алексей æмæ Бæззаты Марик командæ «Щит Осетии» сконды систы  Цæгат Кавказы Хæххон-металлургон институты физкультурæйы кафедрæйы фыццаг сæргълæууæг Леонид Саблины номарæн турниры уæлахиздзаутæ. Мулдарты Алексей ма нымад æрцыд ерысты иууыл хуыздæр хъазæгыл.

«Щит Осетии»-йы финалы 1:0 хыгъдæй фæуæлахиз командæ «Динамо-МВД»-йыл.

ХУРИТЫ Батрадз 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.