1-æм мартæй 8-æм мартмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыд дыууæ фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис дыууæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой дыууæ адæй-маджы.

 Алыгъуызон бархалыны фӕдыл горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ бӕрндзинадмӕ æркодтой 2 адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 242 фæткхалæн цауы. Уыдонæй аст уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

1 марты райсомæй горæты рынчындонмæ бахаудтой мад æмæ йæ фондз æнахъом сывæллоны. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстæгтæ разындысты горæттаг цæрджытæ æмæ сæ хæдзары уæвгæйæ фæулæфыдысты сыгъдхъæстæ.

Милицийы наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурӕдтой Цхинвалы районы Гудзабары хъæуы 41-аздзыд цæрæджы, кæцы æнæзакъонæй спайда кодта нар-котикон буарадтæ «марихуана», «метадон» æмæ «морфинæй». Горæт Цхинвалы тæрхондон фæткхалæджы фæивар кодта 8 мин сомы. Уымæй уæлдай ма баурæдтой авд горæттаг æмæ иу та Дзауы поселочы цæрæджы, кæцытæ нæ бакуымдтой медицинон басгæрстмæ æмæ сæ го-рæт Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта фæйнæ 8 мин сомы.

Горæттаг 63-аздзыд цæрæг милицийы хайадмæ бахаста æмæ барвæндонæй радта Ка-лашниковы автомат. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй ацы æхсæнгарз ссардта Цхинвалы районы Ереды хъæуы иу хæдзары пырхæнты.

3 марты Цхинвалы районы Дменисы хъæуы 42-аздзыд цæрæг нозтджынæй сбадт йæ автомашинæ «ВАЗ-2107»-ыл æмæ Цхинвал-Ленингоры фæндаджы 5-æм километры скъæргæйæ, рахызт йæ ныхмæ цæуæг автомашинæ «BMW» размæ æмæ йыл сæмбæлд. «ВАЗ-2107»-ы шофыр уæззау цæфтимæ бахауд рынчындонмæ. 

6 марты Ленингоры районы Тыджыты хъæумæ æввахс арæнхъахъхъæнджытæ баурæдтой Ленингоры поселочы 49 æмæ 53-аздзыд цæрджыты. Фæткхалджытæ куыд бамбарын кодтой, афтæмæй уыдон Гуырдзыстонмæ арæнтыл ахызтысты 11 январы, цæмæй райсой медицинон æххуыс æмæ феной сæ хиуæтты. Фæткхалджытæ конд æрцыдысты карантинмæ 14 боны æмгъуыдмæ

7 марты Цхинвалы районы Къуернеты хъæуы иу æдзæрæг хæдзары ссардтой дыууæ гранатæхсæны «РПГ-26» æмæ иу та – стартон ифтындзæн гранатæхсæнæн. Бынатмæ ссыдысты сапертæ æмæ тæссаг рæмудзæн æрмæджыты раластой полигонмæ скуынæг кæнынмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.