Шахматтæ

Хуыцъейы уагъд æрцыд преми «Нарты фæткъуы»-йы лауреат, энциклопеди «Осетия и осетины»-йы автор Челехсаты Хъазбегы цытæн шахматтæй 13-æм турнир. Ерыстæ фыццаг хатт уагъд æрцыдысты 2009 азы æмæ уæдæй фæстæмæ систы Ирыстоны иууыл популярондæр ерыстæй сæ иутæ.

«Хъазбег йæ куыстæй ном скодта нæ районæн. Уымæ гæгæ нæ фæндыд, цæмæй йын мах дæр скад кæнæм. Æмæ йæхæдæг шахматтæй районы чемпионаты дыууæ хатты куы фæуæлахиз, уæд сфæнд кодтам йæ номыл ын шахматтæй турнир ауадзын», — банысан кодта турниры организацион комитеты сæрдар Санахъоты Сослан.

Ацы аз турниры хайад райстой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй 9 командæйы. Уыдон дих уыдысты дыууæ дæлкъордыл. Регламентмæ гæсгæ алы командæйы дæр уыд фæйнæ æртæ хъазæджы.

Дзæуджыхъæуы спортивон кад ерысты хъахъхъæдтой Танделаты бинонтæ, кæцытæ сты Теделеты хъæуæй рацæугæ. Командæйы архайдтой Танделаты дыууæ æфсымæры — Арсений æмæ Давид, афтæ ма сæ хо Людмилæ. Уыдон сты Цæгат Кавказы иууыл тыхджындæр æвзонг шахматистты нымæцы.

«Тынг æхсызгон нын вæййы Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын. Нæ фыд нын тынг бауарзын кодта ацы республикæ, уæлдай дæр та нæ фыды райгуырæн хъæу Теделеты», — зæгъы Давид.

«Турниры ахъазын нын тынг цымыдисон уыд. Бирæ хорз хъазджытæ дзы ис. Мæхæдæг æрæ-джы фæуæлахиз дæн æвзæнгты ’хсæн Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты», — банысан кодта Арсений.

Хъæзтытæ иууылдæр акæныны фæстæ сæ дæлкъордты фыццаг бынæттæ бацахстой æмæ финалмæ рахызтысты Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты æмæ горæт Дзæуджыхъæуы командæтæ. Уыдонмæ раздæр фембæлдысты цыппар азы размæ. Уæд фæуæлахиз сты Танделаты бинонтæ. Ныр дæр фыццаг бынат бацахсыны фæдыл тох уыд тынг æндыгъд. Фæлæ финалон хъазт уæлахиздзауы нæ рабæрæг кодта. Фембæлд фæцис æмдыхæй æмæ афтæмæй дыууæ командæ адих кодтой фыццаг бынат. Бронзæйон хорзæх та фæцис паддзахадон университеты дыккаг командæйы.

Банысан кæнын ма хъæуы уый, æмæ ерысты хайад кæй истой æвзонг спортсментæ дæр, кæцытæ архайынц спорты æндæр хуызтæй. Зæгъæм, Дзауы поселочы командæйы сконды ар-хайдта Тедеты Аржи, кæцы хæцы уæгъдибар хъæбысхæстæй.

«Уæгъдибар хъæбысхæстæй дарддæр ма тынг бирæ уарзын шахматтæ æмæ мын тынг æхсызгон уыд ерысты хайад райсын. Æмæ кæд ныр хорз бæрæггæнæнтæ нæ равдыстон, уæддæр мæхи цæттæ кæндзынæн, цæ-мæй иннæ хатт хуыздæр ахъазон», — банысан кодта Аржи.

Турнир сæхгæныны церемонийы ерысты хайадисджытæн раарфæ кодтой турниры организацион комитеты уæнгтæ Уæрæсейы сгуыхт тренер Джиоты Руфин, Тедеты Владимир æмæ Санахъоты Сослан. Кæронбæттæны æрæмбырдуæвджытæн бузныг загъта Челехсаты Хъазбег.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæ, кубоктæ æмæ призтæй.

Теннис

Шахматтæ / теннис
Шахматтæ / теннис

Хуссарирыстойнаг теннисисттæ хорз бæрæггæнтæ равдыстой РЦИ-Аланийы чемпионаты. Чызджыты ’хсæн ерысты аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Кокойты Амандæйæн, дыккаг бынат бацахста Уалыты Иринæ æмæ æртыккаг та ссис Джиголаты Аланæ. Лæппуты хсæн та 5-æм ссис Максим Ведмедеря. Уыдон тренировкæ кæнынц Джиоты Мирианы къухдариуæгадæй. Цыппар дæр бахаудтой РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæйы скондмæ æмæ хайад исдзысты Цæгат Кавказы федерлон зылды чемпионаты. Æвзæнгты ’хсæн Цæгат Ирыстоны чемпионаты фæуæлахиз Уалыты Иринæйы хъомылгæнинаг Майя Касрадзе. Фыццаг бынат ма бацахста Балдан Дашиев, æртыккаг та ссис Хаситы Багдан. Уыдон цæттæ кæнынц тренертæ Кæсойты Изетæ æмæ Ларисæ. Ноджы ма иу бронзæ майдан та бафтыд Лалыты Азæйы къухты. Йæ тренер у Остъаты Лидия. Ерысты ма «Уæлахизмæ тырнындзинады призтæ» та лæвæрд æрцыдысты Хъуылымбегты Виктория æмæ Ролан Кулишевæн.

Хуриты Батрадз