БОКС

Хуссар Ирыстоны боксы скъолайы хъомылгæнинаг Гæджиты Гурамы та ногæй фæхуыдтой Уæрæсейы æвзæнгты æмбырдгонд командæйы скондмæ (15-16 аз). Уый ныртæккæ хайад исы командæйы цæттæгæнæн сборты, кæцытæ 18-æм февралы уагъд цæудзысты Ленинграды областы. 18-24 февралы та сын Санкт-Петербурджы уыдзысты  матчон фембæлдтытæ.

«Тынг æхсызгон мын у ногæй та мæ кæй фæхуыдтой Уæрæсейы æмбырдгонд командæмæ. Боны дæргъы нын уагъд цæуынц æртæ тренировкæйы. Стæй та хайад райсдзыстæм дунеон турниры. Уырдæм  хъуамæ æрцæуой Белоруси, Узбекситан æмæ Санкт-Петербурджы æмбырдгонд командæтæ», – загъта Гæджиты Гурам.

Фыццаг хатт Гурамы Уæрæсейы æмбырдгондмæ бахаудта 2019 азы. Уæд уый ссис æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты финалист.   

НОМАРÆН ТУРНИР ЛЕНК КÆНЫНÆЙ

  Ныр æртыккаг аз хуссарирыстойнаг спортсментæ хайад исынц Ессентукийы уагъдцæуæг УФ-йы сгуыхт тренер Александр Клюкины номарæн турниры. Нæ республикæйы командæйы сконды ис 12 æвзонг ленкгæнæджы. Спортивон делегацийы сæргъ лæууы РХИ-йы ленк кæныны федерацийы президент Евгения Терлеева. Ерысты фыццаг бон сын бантыст æртæ майданы рамбулын. Хæдбар стилæй 200 метрмæ ленк кæнынæй фыццаг бынат бацахста Уалыты Даянæ. Уый ма фæхуыздæр кодта турниры рекорд. Ноджы иу сыгъзæрин майдан та бафтыд Тасойты Арсены къухты. Уымæн ахæм æнтыст уыд 50 метрмæ баттерфляйы стилыл ленк кæнынæй. Уый ма бронзæйон призер та ссис хæдбар стилæй 50 метры дистанцимæ ленк кæнынæй. Ацы дистанциты цы бæрæггæнæнтæ равдыста, уыдон уыдысты йæ спортивон карьерæйы иууыл хуыздæр.

Ерысты ма цытджын æгъдауæй Евгения Терлеевайæн лæвæрд æрцыд æппæтуæрæсейаг категорийы тæрхонгæнæджы бæлвырдгæнæн æмæ. Раздæр уымæн уыд æрмæстдæр тæрхонгæнæджы республикон категори.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.