Тыллæгæфснайæн куыстытæн комбайн, трактор «Кировец», минералон хъацæнтæ пырхгæнæн – ахæм хъæууонхæдзарадон техникæ нæ республикæйæн балæвар кодта Уæрæсейы Федерацийы хъæууон хæдзарады министрад. Ацы министрады зайæгой куысткæнынады, механизаци, химизаци æмæ зайæгойтæ хъахъхъæныны департаменты директор Роман Некрасов.

Радзырдта, цы техникæ æрластæуыд, уыдонæн хъæууон хæдзарады цы куыстытæ бакæнын сæ бон у, уый тыххæй.

Нæ хъæууон хæдзарады министрад ахæм техникæйæ цух рагæй уыдысты, нæмыгон культурæ æфснайын афон куы уыд, уæд сæ къухты цы техникæ уыд, уыдон арæх хæлдысты, хатт-иу кусынæн дæр нал сбæззыдысты. Ныр ахæм æфснайæн комбайны райсын стыр ахъаз уыдзæн æгас республикæйæн. Арендатортæн бирæ фенцондæр уыдзæн, æфсирон культурæтæ таугæйæ нал тæрсдзысты, байтыдтытæ куы фæкæрдиппæрд уой, уымæй.

Паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта Роман Некрасов æмæ йе ‘мбæлццон Цæгат Ирыстон-Аланийы зæхкусæгон фермерон хæдзарадты æмæ хъæууонхæдзарадон кооперативты ассоциацийы президент  Къадзаты Игорæн. «Ацы æххуыс нæ республикæйæн ахадгæ у. Нæмыгонтæ æфснайыны сезон-иу йæ тæмæны куы бацыд, уæд карзæй æнкъардтам техникæйы хъуагдзинад. Мах стыр бузныг стæм Уæрæсейы Федераци æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы хицауадæй дæр, æххуысы къух нæм кæй фæдаргъ кодтой. Перспективæйы ноджыдæр нæ хъæууон хæдзарад райсдзæн æнгæс æххуыс æмæ мæн ныфс ис, техникæ куы уа, уæд та зæхкусæг фезмæлыны фыдæй кæй ницы ныууадздзæн», – загъта Бибылты Анатоли.

РХИ-йы хъæууон хæдзарады фадыджы аккаг хайбавæрды тыххæй Бибылты Анатоли Уæрæсейы Федерацийы хъæууон хæдзарады министрады зайæгой куысткæнынады департаменты директор Роман Некрасовы схорзæхджын кодта майданæй «В ознаменование 10-летия Победы в Отечественной войне народа Южной Осетии»-йæ. РЦИ-Аланийы зæхкусæгон фермерон хæдзарадты æмæ хъæууон хæдзарадты кооперативты ассоциацийы президент Къадзаты Игоры та схорзæхджын кодта арфæйы гæххæттæй.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.