Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннадийы къухдариуæгадæй  уагъд æрцыд кусæгон æмбырд, цыран æруынаффæ æмæ сфидар кодтой республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнын, ахуырад, зонад, культурæ, спорт æмæ æмбæстæгтæн социалон лæггад кæныны фадыджы паддзахадон æмæ муниципалон уагдæтты архайды эффективондзинад фæбæрзонддæр кæныны мадзæлтты план.

 

Хицауады Сæрдар банысан кодта план рæстæгыл сæххæст кæныны ахсджиагдзинад, уымæн æмæ мадзæлттæ здæхт сты социалон фадыджы куыст фæхуыздæр кæнынмæ.

«Сфидаргонд план фадат ратдзæн мадзæлттæ сæххæст кæнынæн, кæцытæ здæхт сты республикæйы социалон фадыг фæхуыздæр кæнынмæ», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

Æмбырды рæстæджы ист æрцыд мадзæлтты план сæххæст кæныны фæдыл уынаффæтæ, афтæ ма бæрæг æрцыд министрадты æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджыты архайды фæтк.

Æмбырды хайадисджытæн ма  бахæсгонд æрцыд, цæмæй бацæттæ кæной æмæ Финансты министрадмæ бавдисой бакуыстгонд план æмбырды загъдгонд фиппаинæгтæ æмæ баххæстгæнинæгтæ хынцгæйæ.

Бекъойты Геннади ма бахæс кодта министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæн, цæмæй бацæттæ кæной мадзæлтты планы фæдыл актуалон информаци æмæ йæ къуырийы фæудмæ бавдисой Хицауадмæ.

Мадзæлтты план арæзт у 2020-2022 азтæн, æмæ дзы ис «2021 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн æнæаргъ медицинон æххуыс бакæныны паддзахадон гарантиты программæ».

Æмбырды хайад райстой Финансты министр Хæбæлаты Азæ, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Наниты Сослан, Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт, Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты Сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентинæ æмæ Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Азæмæт Чамоков.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.