Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади ауагъта кусæгон æмбырд Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты, Финансты, министрадты Казначейство æмæ Социалон фонды къухдариуæггæнджытимæ, цыран æруынаффæ кодтой социалон фæдзæхстады паддзахадон системæ фæхуыздæр кæнын æмæ республикæйы социалон фонды дарддæры рæзтыл.

Хицауады сæргълæууæг бацымыдис кодта, куыд цæуы куыстылæуд æмбæстæгты æмæ сæрмагонд хыгъды системæйы бæлвырдгæнæнты иумæйаг базæ саразыны фæдыл куыст.

Социалон фонды Сæрдар Тедеты Олеся радзырдта баконгæ куысты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы аз райдайдзысты фæдзæхст æмбæстæгты бæлвырдгæнæнты сæрмагонд хыгъд, ома æмбæстæгтæн сæрмагонд хыгъд радтын (СНИЛС).

«Электронон базæйы организаци æмæ алы фæдзæхст адæймаджы тыххæй бæлвырдгæнæнты хыгъд аразын æнæмæнгхъæуæг сты æмбæстæгты пенсион барты реализаци, йæ фидæны пенсийы хыгъд аразын фæхуымæтæгдæр кæнын. Фæллойадон архайды рæстæджы системæ нысан кæны стажы, бæрæг рæстæджыты кусгæ бынæтты æмæ кæй бафыстæуыд, уыцы фиддонты æмæ бирæ æндæрты тыххæй зонæнтæ», – загъта Социалон фонды къухдариуæггæнæг.

Тедеты Олесяйы ныхæстæм гæсгæ, цæрджыты социалон ифтонгад фæхуыздæр кæныны фарстытæ активонæй скъуыддзаг кæнын райдыдтой 2020 азы, Президент Бибылты Анатолийы бахæсмæ гæсгæ арæзт куы æрцыд кусæгон къорд республикæйы пенсион æмæ социалон фæдзæсхтады æнæхъæн æмæ иумæйаг системæ саразыны тыххæй.

Кусæгон къорды архайды хатдзæгтæ систы социалон æххуысты номхыгъд 17 хуызы онг скæнын æмæ социалон бафыстыты гуырхаст фæфылдæр кæнын.

Сæйраджыдæр, ивгъуыд аз фыццаг райдыдтой фидын æвгъæддзинады райдиан æмгъуыдты медицинон уагдæтты хыгъды слæууыны тыххæй иурæстæгон æххуыс(708 сомы), иурæстæгон æххуыс сывæл-лоны райгуырды тыххæй 16700 сомы онг, æрвыл-мæйон бафыстытæ сывæллонмæ кæсыны тыххæй фæфылдæр ис астæуккаг куыстмызды 40% æмæ у 5177 сомæй 29600 сомы онг, социалон бафыст, кæцы раздæр лæвæрд цыд фæмардуæвæг пенсиисджыты бинонтæн (6425 сомы), ныр лæвæрд цæудзæн æнæ пенисон кары фæдзæхст æмбæстæгты бинонтæн зиан бавæрынæн, кæцытæ сæ амæлыны бонмæ кодтой кусгæ. Уымæй уæлдай ма, Социалон фонд æххæст кæны иурæстæгон æмæ æрвылмæйон фæдзæхстадон бафыстытæ, фыст цæуынц фæдзæхст адæймæгтæн уæлæмхас бафыстытæ, кæцытæ баст сты медицинон, социалон æмæ профессионалон реабилитаци, сани-тарон-курортон хос кæнын æмæ æндæртимæ.

«Социалон ифтонгады системæ фæхуыздæр кæнын у Хицауады сæйраг хæстæй сæ иу, кæцы здæхт у социалон хъахъхъæнынад фæхуыздæр кæнын æмæ республикæйы цæрджыты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынмæ», – банысан кодта Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади.

Зæрдыл лæууын кæнæм, Республикæ Хуссар Ирыстоны Социалон фонд кусын кæй райдыдта 2021 азы сентябрæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.