Хуссар Ирыстоны Мæргъитæй бирæ цæры. Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ дзы 600 адæймаджы ацыд. Арв æнæнхъæлæджы халæттæй куыд айдзаг вæййы, афтæ сау гæххæттытæ сагъуыдысты сæ хæдзæрттæм. Фыдыуæзæг ма дзы æрмæстдæр иугæйттæ ссардтой. Фæлæ Дианоз, æвæццæгæн, цæрынæн райгуырд, уæззау дуджы æфсондзы бын – фыдæбонæн.

Нæ адæмыл хæсты фæстæ зын азтæ скодта. Бæстæ раууат, зæхх – мæгуыр, куысты бæркад – гыццыл. Лæг фыдæбонхъом куы уа, уæд йæ бинонтæ ихыл къæйыл дæр фæдардзæн. Дæ сыхаг, де ‘рвад та хæстæй нал сыздæхт. Ныр йæ сидзæртæ æххормаг æмæ рæвдыдхъуаг æййафынц. Дианозы хуызæн æмбаргæ лæгæн, уый уынгæйæ, йæ дзыхмæ къæбæр схæссын зын уыд.

Уæды идæдз сылгоймæгты фыдæбæттæ хуымæтæджы нымад нæ фæуыдаиккой. Хуры тынтæ æмбойны нæ бандæвтаиккой хæсты сидзæрты æнæрæвдыд зæрдæтæ, æнкъард цæстытæ. Алы ныхас дæр судзины сæры аласын бахъуыдаид, æрмæстдæр уæд разындаид сæ мæгуыр уавæр.

Дианоз йæ фыдæбонæй сæ мыггаджы æмæ хъæубæсты фæкæсинаг хæдзæрттæн бирæ хæрзты бацыд. Дзауы районы Тлийы хъæуы йæ рæстæджы зынгæ лæг уыдис. Ам райгуырд æмæ дзы йæ цæргæбонтæ арвыста. Æхсæны бакуыста, хæлæрттæ хорз скодта. Азты бон нæ бацис сæ ахастдзинæдтæм æрдуйы бæрц азым æрхæссын. Æндæр рæстæджы бахсыстысты. Кæрæдзимæ цы хорз зæрдæйы фæндиаг дардтой, уый хуымæтæджы аскъуынын нæ бакуымдта.

Дæхи дзыллæйыл куы байтындзай, уæд дæ циныл цингæнджытæ – бирæ. 1948 азы ма Дианозы фараст сывæллоныл лæппу бафтыд. Анатоли йæ рахуыдтой. Ном æмæ ном, фæлæ сабийы хъысмæт йæ туджы хъæздыг æвæрæнты руаджы амондджын кæй рауад, ууыл ныхас нæй. Хиуæттæ йæ хуымæтæгæй Толик хонынц, уырыс ын уарзон адæм сты, ирæттæй сын зæрдæйæ къаддæр аргъ нæ кæны, уый иууылдæр зонынц.

Сывæллæттæ иууылдæр уыдыстæм, фæлæ нæ рæзгæ царды уавæртæ æмхуызон нæ фесты. Лæггаг хохаг уавæрты куы байрæза, уæд хъæстарæгыл цы згъæр бахсида, уый хуызæн йе уæнг нуарджын æмæ фидар рауайы. Дианозы фырт йæ хистæртæм гæсгæ куыстмæ здæхыныл гыццылæй фæцалх ис. Фæллойы ад, цæхх, кæрдзын дæттыны æгъдау йæ фыд æмæ йæ мадæй рахаста

Сывæллоны бонтæ, мæнæ сырддонцъиутæ хуртуанæй куыд ныппæррæст кæнынц, афтæ атæхынц. Фæлæ дзы зæрдæйы къуымы цыдæртæн æнæбаззайгæйы хос нæй. Анатолийæн иу хатт гыццылæй хъæбысæй хæцгæйæ йæ бæхбæттæн æрбасаст. Буар риссаг у, йæ цæссыг нæ уромы, афтæмæй йæ фыды цурмæ бацыд.

– Де стæг бахсиддзæн, фæлæ лæмæгъ уæвын лæгдзинад нæу æмæ царды фидар лæуу, – загъта йæ кæстæрæн Дианоз, – ноджы ма дын фадат кæм уа, уым баххуыс кæнын фæраз. Æгъатыр æмæ хъæбæр-зæрдæ адæймаг дæхицæй макуы сараз.

Анатоли, райгуырæн кæртæй йæ фыды фæдзæхстытæ æмæ фæндаггаг къапеччы муртæ рахаста, афтæмæй Тбилисмæ рацыд. Стыр сахар цыма лæппуйыл иударон цæстæнгасæй сæмбæлд, афтæ банхъæлдта. Хъысмæт æнæдзургæйæ йæ кæнон кæны. Калачы йæ хъуыддагæй ницы рауайдзæн, уый бамбæрста æмæ хæдтæхæгыл Сочийы балæууыд.

Фыды уæзæг адджын у. Анатоли йæхицæн уый æнхъæл никуы уыдис æмæ Тлийы æмбæрц Сочи дæр бауарза. Йæ райгуырæн бынаты хицауы арфæйæ ам алцы дæр хорз рауайдзæн, уый Дианозы фырты цæмæндæр бауырныдта. Йæ сæнтты фæдыл ацыд, нæ йæ фæсайдтой, нæ сæ фæрæдыд.

Лæггаг цæмæй бæрæг вæййы? Йæ ныхасæн хицау куы уа, уæд – уымæй. Йæ хъару, йæ уæздан зонд, йæ балæуд, йæ бакастæй. Анатолимæ лæппуйы бонты, уæлдæр ахуырадæй хъауджыдæр, адæймаджы хуыздæр миниуджытæ иууылдæр уыдысты. Цыбырдзырдæй, гъæйтт-мардзæйы ирон лæг.

Лæджы фæндæгтæ хъысмæтæй аразгæ сты, сæ размæ цæлхдуртæ æвæрæн нæй. Уыцы аз Краснодары хъæууонхæдзарадон институты къæсæрæй цы фæсивæд бахызт, уыдонæй иуæй дæр сæрæндзинадæй дæлдæр не ‘рлæудзæн, уый Анатолийы ахуыргæнджытæ уайтагъддæр равзæрстой.

Чиныг кæй нæ фæхъæуы, хъуыддагыл лæуд чи нæ вæййы, институты йæ фондз азы ууыл ныддаргъ вæййынц. Фæлæ студент алы предметмæ дæр цымыдисдзинад куы равдисы, уæд йæ бæрнон рæстæг уайтагъддæр атæхы. Анатоли агрономы диплом райста æмæ ацы уæлдæр ахуыргæнæндонæй куыстадмæ амондджын къæхдзæф чи акодта, уыцы специалисттæй иу ссис.

Анатолийæн, зæхкусæджы фыртæн, агрономы хъуыддаг хорз æнтыст. Уый нæ, фæлæ ма цыдæр ног фæлтæрæнтыл дæр фæцайдагъ. Цы ран куыста, уым ивгæ тыдты фæлтæрдзинадæй æппындæр пайдагонд нæ цыдис. Зæхх хуымгонд у, дæ къухты бын цы культуры мыггаг фæуа, уый дзы байтау æмæ хъуыддаг ахицæн.

Агротехникæйы фæлтæрдзинадæн уый стыр, рæдыд мадзал уыди. Дианоз мæр йæ уырзтæй рæвдауын уарзта, уыцы хорздзинадæй йæ фыртмæ дæр фæхæццæ. Хæдзарады агрономон службæйы архайды уыцы хъуыддаг дыккаг аз сраст кодтой. Æмæ фæззæджы ивгæ тыдты руаджы быдыртæ тугыл аскъуыдысты.

Уыцы хъæппæрис хæдзарады æбæрæгæй нæ баззад. Алы æмбырды дæр йæ директор Анатолийæ æппæлынæн цы кодта! Иу заман æм йæ кабинетмæ фæдзырдта:

– Институты зонадон-иртасæн лабораторийы разамонæг мæ хæлар у, уымæн хъуамæ раппæлон де ‘нтыстæй, кæд дæ йæхимæ бакæнид. Стыр курдиат дæм иртасын. Агроном уæвгæйæ дын уый нæ райхæлдзæн.

Анатоли афтæ ссис уыцы институты кæстæр зонадон кусæг. Дарддæр зонады къабазы йæ хъуыддæгтæ куыд рауадаиккой, уый Хуыцауæй хуыздæр ничи зоны. Фæлæ куыд фæстæмæ йæ зæрдæ Сочимæ тынг æхсайын райдыдта. Афтæ йæм кастис, цыма йæ амонды хур æрмæстдæр уыцы сахары бандавдзæн. Æрбаздæхт æмæ сабыргай-сабыргай йæхицæн æнхъæл цæмæн нæ уыдис, ахæм бæрзæндмæ схызт. Абон Дианозы фырт у акционерон æхсæнад «Маркет»-ы разамонæг.

Цард раивта, ахуырады бындур дæр – афтæ, фæлæ Дианозы ныхæстæн сæ ахадындзинад уыцы хуызæнæй баззад. «Фæкæсыныхъом куы уай, уæд фæкæсын фæраз. Мæгуыр æмæ æнæзылд къуымтæ кæд искуы федтай, уæд Сочийы ветеранты хæдзар дæр уыдоны халдих уыд. «Маркет»-ы къазнайæ 700 мин сомы радта æмæ аразджыты фыдæбонæй уыцы быууæттæ хорз чындзы уаты хуызæн фестадысты.

Ветерантæ Анатолийæ æрмæст уый тыххæй бузныг не сты. Уый хуызæн сæ бæрæгбоны заман ничи æрхъуыды кæны. Йæ лæвæрттæ – уæззау, бæркадджын – йæ фынджы æгъдæуттæ, хуысгæ рынчынтæн хæдзармæ хицæн хуынтæ. Домбай уыдысты йæ фыдæлтæ æмæ домбай сты йæ хъуыддæгтæ. Исджын адæм Сочийы цъус нæй. Анатолийы хæрзаудындзинад се ‘ппæтæн дæр дæнцæгæн бæзгæ ссис.

Адæм кæрæдзийы руаджы сты. Анатоли йæ фыдмæ федта æнæмад, æнæфыд сывæллæттæн æххуысы æгъдау. Уый цæстæнгас хæсты сидзæртæм æмбисондæн баззад. Тлийы хъæуы цæрджытæ уæд сæ фос æмæ зæххы бæркадæй ирвæзтысты. Дианоз фæкæсынхъуаг бинонты къух хос æмæ суг, хъæдуры хъилтæй бирæ хæттыты сарæзта.

Дианоз (рухсаг уæд) ацыд. Фыды бæсты фырт йæ бæсты баззад. Анатоли фидар лæг у, хъомысджын, фæлæ йæ удыконд та – фæлмæн. Сывæллонмæ цыдæр æнахуыр, узæлаг зæрдæ дары. Сочийы сидзæрдоны, æвæццæгæн, уæд хуымæтæджы нæ сæмбæлд. Хуры къæртты хуызæн лæппутæ æмæ чызджыты уынд ын æхсызгон цас уыд, уыйбæрц æнæкæрон систы йе ‘ххуыстæ.

Мæргъийы-фырты хорз цæстæнгас уыцы гыццылтæн амонды хос фæуæд. Фæлæ сабидуг паддзахады ‘рдыгæй цыфæнды буц куы уа, уæддæр ныййарæджы рæвдыд цухæй, уый «къæрис» вæййы кæддæриддæр. Сабыр царды кусын фæраз æмæ дæ хъæбулæй дæхи аздах, уый стыр худинаджы хъуыддаг у.

«Йæ туг æмæ стæгыл, дзыллæйыл фидар чи хæцы, йæ райсомы бонæй райгонд уый вæййы». Æмбисонды хуызæн ныхæстæ сты. Цыма Дианоз йæ кæстæры стыр фидæн разуындау банкъардта, уыйау-иу йæ цуры афтæ арæх дзырдта. Анатолийы цард рантыст æмæ абон йæхионыл хуыздæр чи ауды, уыдонæй лæг дзы рауад.

Уæвгæ айдагъ йæ къабазыл та цæмæн? Лæгыл алцы дæр æрцæуы. Цин дæр вæййы, Хуыцау бахизæд зиан – æййафы. Йæ кусджытæй сæдæйы бæрц Анатолийæ стыр æххуыстæ райстой. Зонгæ ранæй сынкъуысын æмæ кæмдæр хъуыддагыл ныххæцын æнцон нæу. Цæгат æмæ хуссайрæгтæй бирæтæн «Маркет»-ы, Сочийы, Адлеры æмæ Туапсейы куыстуæтты бынæттæ ссардта.

Мæргъийыфыртæй, куыд диаспорæйы сæрдар, афтæ разы сты Сау денджызæн, Кавказы был цæрæг 4 мин ирон адæймаджы. Æнгом бинонтау хæлар ахастдзинад ныффидар се ‘хсæн. Сæ хъуыдымæ гæсгæ дыууæ Ирыстоны астæу арæнтæ, цыма, нæй. Фыдæлты зæхх уыдонæн иу административон сконд у. Фæлæ чи зоны, æцæгæй, афтæ рауайдзæн.

Æхгæд акционерон æхсæнад «Маркет»  у нырыккон фæлхасадон куыстуат. Сочиæгтæ йæ горæты мидæг горæт дæр ма хонынц. Куыд базар, афтæ 1937 азы байгом. Уæдæй нырмæ йæ цалдæр хуызы рацарæзтой. Абоны фæлгонц та 2012 азы райста. Хæдзары дзаумайæ, уæлæйы дарæсæй зæххыл бæззонæн цы ис, уыдон йæ бирæнымæц дуканиты тæрхæджытыл сты. Хойраджы дзæбæхæй дæр афтæ – æххæст.

Исты уæййаг дæм ис, бынат райс, аргъ сæвæр æмæ æнæ иу бардарæгæй дæ хъуыддаг кæн. Ам уæйгæнджытæ иууылдæр – æмсæр. Алы ран сæудæджердзинадæн ахæм уавæртæ нæй. Сочийы базарады уыцы æгъдау кæд ныффидар, уæд Мæргъиты Анатолийы руаджы. Нæртон лæгæн йæ хъуыддæгтæ дæр нæртон вæййынц.

Дианозы дæсæм хъæбул йæ дзæбæх бинонты æмæ йæ хорз къабæзты фæндиагæй бирæ фæцæрæд. Æцæг æнæнизæй, æнæмастæй, йæ кæстæртæй рыст ма фенæд, афтæмæй.

Дзуццаты Къоста

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.