Цхинвалы районы администрацийы Культурæйы управленийæн традицион ссис æрвылаз дæр нæ республикæйы иууыл æвæджиагдæр æмæ сыгъдæгдæр бынатмæ – Джеры дзуармæ концертон программæимæ ссæуын æмæ ардæм йæхи фæдзæхсынмæ чи ссыдысты, уыдонæн сæ аивад, сæ арæхстдзинад равдисын. Ахæм мадзал ауадзын æнæбындур нæу. Нæ Иры бæстыл бирæ дзуæрттæ, кувæндæттæ ис æмæ адæм сæ бынмæ цæуынц, сæхи сын фæдзæхсынц, курынц сæ, цæмæй сын æххуыс кæной. Хъыгагæн, бирæ хъæуты цæрæг нал баззад, уымæ гæсгæ, иуæй-иу, ахæм бынæттæм цæуæг нал ис, фæлæ кæдæм фæлыгъдысты, уым дæр сæ нæ рох кæнынц æмæ сын фæкувынц, рæстæг чи ссары, уыдон ма æрцæуынц сæ бынмæ сæ кувинæгтимæ æмæ сын зæрдиагæй сæхи фæфæдзхсынц.

Куыдфæнды ма уа, дзуары бон нысан кæнын адæмы `хсæн нымад уыд стыр бæрæгбоныл æмæ баст уыдис бæрæг æгъдæуттæ æххæст кæнынимæ. Уыцы æгъдæуттæй сæ иу уыдис рæстæг хъæлдзæгæй æрвитын. Фæсивæд арæзтой хъазт, зарыдысты, кафыдысты, ерыс кодтой бæхты дугъты, бæндæн ивазынæй, хъæбысæй хæцынæй, дур æппарынæй æмæ æндæр хъæзтытæй. Ацы æгъдау, хъыгагæн, фæстаг рæстæджыты айрох æмæ ма дзуармæ скувыны, хи бафæдзæхсыны фæстæ æрбадынц фынджы фарсмæ, фæлæ уым дæр æгъдæуттæ, хидарыны уаг дæр рæстмæ нал æххæст кæнæм.

Нæ дины бæрæгбонтæ нысан кæнынæй, хъæлдзæг, хиирхæфсæн хъæзтытæ кæй ахаудысты, уый цасдæрбæрцæй баххæст кæныны нысан вæййы районы культурæйы управленийæн. Ам архайынц æнæхъæн республикæйæн зындгонд чи систы, уыцы сфæлдыстадон коллективтæ. Æмæ та ныр дæр Джеры дзуары бын дæр концерт равдыстой сæхи тыхтæй. Куыд æндæр бонты, афтæ уыцы бон дæр ардæм сæхи фæдзæхсынмæ ссыдысты бирæ адæм æмæ уыдон систы артистты арæхстдзинадæн аргъгæнджытæ дæр.

Джеры дзуары цæмæн равзарынц æмæ йæ быны ахæм мадзал цæмæн ауадзынц, уый дæр æмбæрстгонд у. Уый Хуссар Ирыстоны нымад цæуы иууыл карздæр æмæ уыимæ, иууыл хуыздæр æххуыс бакæнынæй æнхъæл кæмæй сты адæм, ахæмыл. Ардæм рагæй фæстæмæ адæм алы рæттæй, æгæрыстæмæй Гуырдзыстоны мидæггаг районтæй дæр цыдысты чи къахæй, чи уæрдæттыл сæ кувинæгтимæ, нывонд кусæрттæгтимæ сæхи фæдзæхсынмæ, цæмæй сын баххуыс кæна, сæ кувинæгтæ сын айса æмæ йын йæ хорзæх сæ хæдзæрттæм ахæссой.

Дзуармæ цы адæм цыдысты, уыдон æххæст кодтой бæлвырд æгъдæуттæ æмæ сын сæ чи амыдта, уый та хуыдтой дзуары лæг. Дзуары лæг суæвын алкæмæн нæ уыд йæ бон. Уымæн æмæ уый хъуамæ уыдаит æгъдауджын, дзырддзæугæ, æууæнкджын. Дзуарылæг дзуармæ цæуджыты фæдзæхста сæ æртæ кæрдзын æмæ нозтæй. Дзуары куывдон адæм æвæрдтой мысайнæгтæ дæр.

Уый фæстæ-иу фæсивæдæн бар радтой æмæ -иу дзуары фæзы сæ иутæ сарæзтой хъазт, иннæтæ та-иу сæ арæхстдзинад, куыд ма загътам, æвдыстой алыгъуызон хъæзтыты.

Уыцы æгъдæуттæм гæсгæ арæзт уыд сæ концертон программæ районы культурæйы артисттæн дæр.

Æгъдаумæ гæсгæ уал бацыдысты дзуармæ æмæ куыд дзуары бынмæ ссæуæг адæмы, афтæ æппæт ирон адæмы дæр Джеры дзуарæн ныффæдзæхста РХИ-йы адæмон артист Уанеты Æхсар. Уый фæстæ фæсивæдæн бар радта сæ аивад равдисынæн.

Дзуары фæзы фыццаг сæ арæхстдзинад равдыстой адæмон ансамбль “Амонд”. Уыдон æрсимдтой нæртон «Симд» æмæ сын адæм дзуапп лæвæрдтой тыхджын къухæмдзæгъдæй.

Ирон адæмы æхсæн аккаг бынат ахсынц хъæлдзæг, фæзмгæ кæфтытæ. Ахæмтæ сты “Чепена”, “Сандрахъ”. Уыдон ма аив сæххæст кодтой “Хонгæ”, “Абхазаг кафт”, “Бæрæгбоны кафт”

Ирон адæм канд кафынæй нæ æвдыстой сæ арæхстдзинад, фæлæ зарынæй дæр. Уымæ гæсгæ ам, дзуармæ æрцæуæг адæмы, сæ аив зардæй сæхимæ æркæсын кодтой культурæйы управленийы зарæггæнджыты къорд. Уыдон азарыдысты “Хуыцаумæ бакуывд”, “Бæрæгбоны зарæг”, “Кæддæры уалдзæг” æмæ æндæртæ. Сæххæст сæ кодтой Саппиаты Зæлинæ, Икъаты Ибрагим, Джиголаты Ларисæ, Хацырты Земæ æмæ Задыты Олеся.

Бæрæгбонон мадзал афтæ аив кæй рауад, уый тыххæй артисттæн зæрдæбын арфæтæ йæ цæст бауарзта районы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Иналæн.

“Абон ацы къуымы цы циндзинад хъуысы, уый уадз æмæ афтæ рæсугъдæй хъуысæт мин мин азы. Ахæм бæрæгбонтæ нæ кæстæртæ арæхдæр куы уыниккой, уæд сын уаид стыр цæвиттонæн, ахуыр кæниккой нæ фыдæлты æгъдæуттыл æмæ сæ нæ рох кæниккой. Иннæмæй та бæрæгбонæн ис хæрзæгъдауон-хъомыладон нысаниуæг æмæ нæ фæсивæды уагахастыл æндавдзысты хорзæрдæм. Карз дзуар у Джеры дзуар æмæ дзы фæдзæхст уæд Ирыстоны алы хæдзары цæрæг дæр, æмæ сæ зард, кафтæй йæхимæ чи æрыхъусын кодта, уыцы артисттæн та мæ цæст уарзы æнæниздзинад, сабыр, æнæмаст цард сæ бинонтимæ”- загъта администрацийы сæргълæууæг.

“Кувæндон йæхæдæг цы бæрзонд къуыбырыл æрбынат кодта, уый у стыр, фæтæн æмæ даргъ фæз. Æмæ-иу ам, раздæры рæстæджы цалдæргай рæтты фæсивæд нæртон хъæзтытæ сарæзтой æмæ-иу дзы ерысæй хъазт бацайдагъ. Хъыгагæн дзы фæстаг азты фæндыры зæрдæагайæг зæлтæ нал хъуысынц. Æмæ, раст, уыцы нысанæн у ацы бæрæгбоны мадзалы арæзт дæр. Хорз уаид, алы районы дæр æй куы сног кæниккой, уæд уый, æцæгæйдæр стыр пайда фæуаид нæ кæстæр фæлтæры нæ фыдæлты æгъдæуттыл хъомыл кæнынæн”, – дзырдта йæ раныхасы культурæйы хайады сæргълæууæг Гаглойты Ростик.

Куывдон адæм æмæ артисттæн зæрдæбын арфæтæ ракодта РХИ-йы культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ дæр. Йæ цæст сын бауарзта, цæмæй фæдзæхст уой сæ нæртон аивад, цы бæрзонд дзуары бын равдыстой, уымæй. Уый ма дзуарæн бафæдзæхста, нæ ирон лæппутæй хæстмæ чи фæцыд, уыдоны, цæмæй нæм æнæниз, сæрæгасæй æрыздæхой.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.