Стыр Фыдыбæстæйон хæст… Райгуырæн бæстæ бахауд уæззау уавæры, сидт йæ фырттæм, цæмæй растой æмæ  йӕ бахъахъхъæной цыфыддæр знагæй. Фæдисмæ уайтагъд атындзыдтой сагсур фæсивæд æмæ  ахъаззаг дæрæн кодтой знаджы. Нæлгоймæгты æмрæнхъ хæстмæ бархийæ цыдысты сылгоймæгтæ дæр. Ирон чызджытæй бирæтæ сæхи равдыстой æхсарджынæй.

Стыр Уæлахизмæ йæ аккаг хайбавæрд бахаста Нарыкъаты Любæ дæр. Уый райгуырд 1923 азы горæт Тбилисы кусæг бинонты æхсæн.1930 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Тбилисы 106-ӕм уырыссаг астæуккаг скъоламæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд ахуыр кодта 10-æм къласы. Уый тыххæй Любæ йæ мысинæгты зæгъы: «Хæсты æвирхъау цау куы айхъуысти, уæд æз мæ чызгæмбалимæ бацыдыстæм æфсæддон къамиссариатмæ, цæмæй нæ арвитой фронтмæ. Уыцы рæстæджы æфсæддон къамиссариатмæ ахæм хатджытæ дзæвгар уыд. Фæстагмæ махæн, скъоладзаутæн, нæ фæндоныл разы нал уы-дысты, уымæн æмæ скъоладзауты хæстмæ акодтаиккой, уый æнæмæнгхъæуæгыл нал банымадтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн тынг хъыг уыд æмæ фæс-тæмæ раздæхтыстæм мæстæйдзагæй. Уæддæр нæ гæрзтæ не ‘рывæрдтам, æмæ æххуыс кодтам, нæ бон цы уыд, уы-мæй фронтæн. Посты æрвитæн хайады æххуыс кодтам, продукттæ æмæ хъарм уæлӕдарæс æрвитынӕн. Уыдон та бархийæ хæстон салдæттæн ӕмбырд кодтой горæты цæрджытæ. Уымæй дарддæр цыдыстæм æмæ бæрæг кодтам рынчын цæф хæстонты æмæ сын кастыстӕм чингуытæ».

Æрбалæууыд 1942 азы уалдзæг, æмæ Любæйы бæллиц сæххæст. Уый 1942 азы 7 апрелы ӕрвыст ӕрцыд г. Бакойы 195 зенитон-артиллерион полкмӕ. Фæстæдæр сæ адихтæ кодтой æндæр æмæ æндæр дæлхæйттыл. Любæ бахауд бастдзинады прожекторон фыццаг ротæмæ æмæ уæвынад кодта Каспы денджызы донбылгæрон, Заряйы хъæумæ æввахс. Æвзонг чызджы хæс нæ уыд æнцон, хъуамæ знаджы хæдтæхæг æхсæвыгон агуырдтаид прожекторы тынты руаджы. Уыцы хъуыддагыл фæцалх уæвын домдта дзæвгар хъару, рæстæг, быхсынад фæлтæрæнты рæстæджы. Нарыкъаты зæрдæргъæвд чызг тагъд рæстæджы фæцалх уыцы дæсныйадыл. Бакойы æфсады арæх уыдысты ахуыртæ æмæ-иу уæд æнæхъæн æхсæвы баззадысты сæ прожекторты уæлхъус, æнхъæлмæ кастысты, хæдтæхæг кæд фæзындзæн æмæ йæ кæд райдайдзысты агурын, уымæ. Æвзонг чызг-иу уыд хуыссæгхъæлдзæг, фæлæ ахæм рæстæджы йæ цæсгомыл иу æмæ дыууæ хатты, мыййаг, нæ ахъазыдысты цины уылæнтæ. Уый та уыд уымæн, æмæ йæ прожекторы тынтӕм цæхæртæ калдта хæдтæхæг. Йæ хæс уыд хæдтæхæг базонын æмæ йӕ прожекторы тынтæй ма ауадзын. Хъуамæ йӕ хизын кæнай, цалынмæ йæ сыхаг зонæ нæ райса, уæдмæ. Йæ хæстæ намысджынæй кæй æххæст кодта, уый тыххæй арæх иста бузныджы ныхæстæ.

Нарыкъаты Любæ, Советон Æфсады рæнхъыты уæвгæйæ, йæ дæлбаруæвæг хæстонты ахуыр кодта, цайдагъ сæ кодта хæстон æмæ политикон цæттæдзинадыл. 1944 азы йæ райстой СЦКП рæнхъытæм, уый тыххæй партион организаци æмæ командæкæнынад фыстой йæ ныййарджытæм: «Уæ чызг у хæстон æмæ политикон цæттæдзинады иттæг хорз хæстон æмæ райста бирæ арфæйы ныхæстæ. Станцæйы хистæрæй кусгæйæ, йæхи равдыста уагахастджын æмæ коммæгæсæй, æппæт хæстæ дæр феххæст кæны æнæзæрдæхудтæй. Мах бузныг стæм сымахæй, Райгуырæн бæстæйæн ахæм аккаг чызг кæй схъомыл кодтат, уый тыххæй.»

Любæ æфсады рæнхъытæй суæгъд 1945 азы июлы мæйы æмæ уæд та аны-гъуылд сабырадон царды. Рох дзы нæ уыд йæ дарддæры ахуыры хъуыддаг æмæ бацыд Тбилисы паддзахадон университеты филологон факультетмæ. Каст æй фæци æнтысгæйæ 1950 азы æмæ уыцы аз уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй æрвыст æрцыд Цхинвалмæ. Куыста æндæр æмæ æндæр скъолаты, уыцы нымæцы нæ горæты 1-æм, 2-аг, 6-æм æмæ Ленингоры астæуккаг скъолаты, 5-æм æмæ 11-æм скъолаты та намысджынæй фæкуыста директорæй. Йæ куысты рæстæджы Нарыкъаты Любæ йæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ кæддæриддæр каст бæрндзинады цæстæй, æхсæнадон царды дæр уыд раззагдæрты рæнхъы. Йæ цæсгомджын æмæ бирæазон педагогон архайды тыххæй Любæ-йæн 1982 азы 8 июны лæвæрд æрцыд ГССР сгуыхт ахуыргæнæджы ном. Хæсты рæстæджы фыдызнагæн аккаг ныхкъуырд кæй лӕвӕрдта, уый тыххæй йын ис бирæ майдантæ. Йæ сæрыхицау, ныр дзæнæттаг, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Джиоты Къостаимæ схъомыл кодтой æмæ царды раст фæндагыл бафтыдтой сæ хъæбулты. Йæ чызг Нинæ у зонадон кусæг, йæ фырт Алыксандр та инженер-электрик.

72 азы рацыд, советон адæм немыцаг тыхæйисджыты куы ныддæрæн кодтой , уыцы рæстæгæй. Любæ буц у, Стыр Уæлахизмæ уый дæр йæ чысыл хайбавæрд кæй бахаста, сабыруарзаг дзыллæтæ сын сæ рæстагон тохæн стыр аргъ кæй кæнынц, уый тыххæй.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.