Чысыл у нæ Республикæ, нæ горæт, фæлæ дих кæны цалдæр алыгъуызон чысыл «паддзахадтыл» кæнæ та сакъадахтыл. Уыдон сты Фаллаг фарс, Царз, Шанхай, Бам, Уирæгты уынг æмæ æндæртæ. Уыцы чысыл сакъадахтæй алкæцыйæн дæр ис йæхи экономикон, культурон, социалон æмæ материалон миниуджытæ. Зæгъæм, Фаллаг фарсы цæрджытæ сты уæлдай иппæрддæр горæты централон хайæ, æмæ, уымæ гæсгæ сæ материалон æмæ социалон царды уавæртæ бæлвырд хицæн кæнынц, зæгъæм, Мæскуыйы микрорайоны сакъадахы цæрджыты уавæртæй. Уыцы ран доны проблемæ афтæ карз у, цыма уымы цæрджытæ Хуссар Африкæйы цæрынц.

Дарддæр – Бам. Уымы цæрæнуæттæ бæлвырд хæрзарæзтдæр сты иннæ зынвадат районтæй. Дон сæм цæуы фылдæр æнæаскъуыйгæйæ. Транспорт æмæ æндæр ахæмæй хъуаг не сты. Уыдон та цыма Швейцарийы цæрынц, уыйау, адæмы сæйраг хай цы хуымæтæджы цардуагон хъуагдзинæдтæ æвзарынц, уыдонæй сæм бирæтæ диссаг кæсынц».

Дарддæр – Царз. Царзы районы цæрджытæ горæты центрæй дæрддзæф цæрынц, фæлæ дзы уæддæр ис хуымæтæджы адæймаджы цæрынæнæн цы хъæуы, уый. Гъе, фæлæ, уыцы районмæ хæрæгуæрдоныл кæд фæхæццæ уай, кæннод æм ницы хуызы ныфтдзынæ. Адæймагмæ афтæ дард кæсы, цыма йæм иу къуыримæ дæр нæ фæхæццæ уыдзæн. Лæгæн дзы цы хиуæттæ ис, уыдон дæр дзы фæиппæрд вæййынц. Уыимæ абаргæйæ, дзырдæн зæгъæм, Мæскуыйы Петровско-Разумовскийы станцæйæ Петрозаводскаяйы станцæмæ лæг æнцондæрæй æфты.

Дзырд кæддæриддæр дзырд сайы, æмæ сыл афæлгæсæм дарддæр дæр. Дарддæр цæуы Текстилы район. Уыцы районы адæм тынг хъæстгъуыз сты сæ хиуæттæй, нæ нæм цæут, зæгъгæ. Ирон адæймагмæ та уымæй хъыгдæр ницы кæсы. Нæ йæм цæуыс, уый нысан кæны, нæ йæ уарзыс. Гъе, æмæ чизоны уыдон не ‘мбарынц, куыд зын у уырдæм бацæуын, стæй ма фæстæмæ дæр рацæуын. Æхсæвиуат кæнын та ирон адæймагмæ æгад кæсы, бинонты цы тыхсын кæнон, зæгъгæ. Афтæмæй уыцы районæй дæр – иппæрд!

Цæй аххос сты адæттæ? Æвæццæгæн, транспорты, фæлæ æрмæст уый аххос нæу. Куы зæгъæм, уæд уыцы районтæм транспорт цæуы, фæлæ куыд цæуы, цы цæуы, уый ничи зоны. Никуы ис фыст сæ график. Уымæй дарддæр ма горæты автбустыл цы шофыртæ кусынц, уыдон тынг хъæстгъуыз сты сæ куысты уавæртæй. Афтæмæй, æнæзæрдæрайæ, кусæн куыд ис, æмæ уыдон дæр куы цæуынц, куы нæ. Афтæмæй, æфсоны хъуыддæгтæй зæрдæ куыд хъуамæ барухс уа?

Уыцы районтæн ма сæ нæмттæ арæх дзурынц нæ горæты цæрджытæ, æдзух сæ былалгъыл ис уыдоны кой, фæлæ нæ горæты ис ахæм район, æмæ йæ мæнæн мæ бон у, æрмæст Америчы æмæ Индийы цы трущобатæ ис, уыдонимæ абарын. Ацы дзырд, ома, трущоба, тæлмацæй нысан кæны зæууат, гæныстон, æппæрст, зынвадат. Уый у Абанайæ ахæстонмæйы район. Уыцы районы адæм сты, адæймагад абоны онг цы хæрзиуджытæ ссардта, æппæт уыдонæй дæр цух: дон (кæддæрты сæм рацæуы), рухс (рухсы цæджындзтæ ивд не ‘рцыдысты фыдæлтæй нырмæ, æмæ дзы æхсæвыгæтты æрмæст уыгтæ æмæ хæлынбыттыртæн ис фадæттæ!), фæндаг (йæ кой дæр кæнын! Къæрцхъус куынæ уай фæндагыл цæугæйæ, уæд дзы синсаст фæуыдзынæ). Уыцы районмæ хауынц Зæронд хидæй дæлæмæ донбылтæ, Зæронд хидæй уæлæмæ донбылтæ абанайы онг, Фарны дуканийы район, Дзуттæгты кæнæ Уирæгты уынг, йæ алыварс уынгтæ суанг ахæстоны онг. Нæ зонын, мады гуыбыны дæр вæййы хъулæттæ, фæлæ ахæм хъулон ахаст цæмæн ис иу чысыл горæты цалдæр чысыл районмæ, уый зын бамбарæн у.

Цы районы кой кæнын, уый кой, æмткæй сисгæйæ, никуы ракодтон. Нырмæ мæ койаг уыди, мæхæдæг цы уынгыл цæрын, æрмæстдæр уый – Фыццæгæм майы уынг, фæлæ мæ ныхæстæй, куыдз мæймæ куыд рæйа, уымæй хъауджы-дæр ницы рауад. Ныр уый ныууагътон, æмæ загътон, мæ ныхасы сæр фæуæрæхдæр кæнон, чизоны æмæ нæ царды хъулæттыл æмхуызонæй куы сдзурон, уæд мын галы богъы йас фехъуыса. Цæвиттон, Сыгъдæг Мадымайрæмы Аргъуан тынг æввахс у Фыццæгæм майы уынгмæ. Уыцы Сыгъдæг бынаты исты бæрæгбон куы вæййы, уæд йæ алфæмбылай æхгæд æрцæуы алырдыгæй дæр. Гъе, æмæ хицауады, стæй уазджыты машинæтæ фæцæуынц мах уынгыл. Æз мæхи никуы равдисын уыцы бонты, худинаг æмæ æгады хай фæвæййын, уымæн æмæ уыцы уынг худинаг æмæ æгады уавæры ис. Газы хæтæлтæ нырыонг дæр хъилæй кæй лæууынц, уымæн ма цы уаид, фæлæ алыгъуызон арæзтадон брон, хæдзæртты кæлддзæгтæ, æххæл-мæххæл фæндаг, рыг æмæ диссаг сæмхæццæ вæййынц бæрæгбоны æмы-змæлдимæ. Ис дзы цалдæр пырх æмсыгъд хæдзары. Уыдон асыгъдæг кæнынмæ никæй æвдæлы, кæд фæхъаст кодтам, уæддæр. Цæргæ хæдзæрттæ сæхæдæг дæр – кæлæддзаг, фыдхуыз, æнæркаст. Нæхи хæдзар ма тыхæй йæ синтыл лæууы. Иу тыхдымгæ йæ сис-дзæн, æмæ йæ, куыд фæзæгъынц, Кърозмæ фæхæсдзæн. Иудзырдæй, нæхи дзы цæрын куынал фæнды, уæд уазджытæ, ууылты цæуджытæ, цы хъуамæ зæгъой! Афтæ мæм фæкæсы, цыма уыцы адæм ме уазджытæ вæййынц, æмæ мыл сæ зæрдæ фæхуды.

Уæдæ ма цы зæгъæм, кæд зæгъынæй дæр ницы уайы, уæд? Фæлæ газет «Хурзæрин» та цæрæнбонты адæмы рыстуромæн у, æмæ нæ рыстыл дзурыны фадатæй уæддæр спайда кæнæм…

Годжыцаты Нелли            

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.