Социалон-экономикон рæзты тыххæй инвестицион бавæрдтыты ахсджиагдзинад хынцгæйæ, республикæйы къухдариуæгад æппæт гæнæн амæлттæй агуры потенциалон инвесторты, æввахс æмæ дард фæсарæнты бæстæты хисæрмагонд æмæ æмфыдыбæстæйонтимæ бастдзинæдтæй, æмæ специализацион дунеон фæзуæтты фадæттæй пайда кæнгæйæ.

Уæлдай хъусдард здæхт цæуы Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырды фæлгæтты уæрæсейаг регионтимæ бастдзинæдтæ æрнывыл кæнынмæ. Бадзырдыл къухтæ æрфыстой Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид 2015 азы марты мæйы. Ацы процессы активон роль ис УФ-йы РХИ-йы минæварадæн.

Зындгонд куыд у, афтæмæй алыгъуызон фадгуыты архайды æмгуыстады тыххæй бадзырд арæзт æрцыд Владимиры областимæ, тагъд рæстæджы бадзырд арæзт æрцæудзæн Воронежы областимæ дæр. Афтæ ма æркæсдзысты Ростовы, Липецкы æмæ Белгороды областтимæ дæр сразыдзинæдтæ саразыны фадæттæм дæр.

Иуварс нæ баззайынц экономикон форумты фæзуæттæ дæр. Æрæджы Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райста Владимиры областы егъау экономикон форумы, цыран бастдзинæдтæ бæстон æрцыдысты хъуыддагон адæймæгтимæ. Уыдон рахызтысты конкретон бадзырдтæм республикæйы территорийыл алыгъуызон проекттæ среализаци кæныны тыххæй, сæрмагондæй, минералон дон рауадзыны фæдыл, хъулон кæсаджы хæдзарад сорганизаци кæныны æмæ æндæрты фæдыл, кæцыты тыххæй иу æмæ дыууæ хатты нæ фыста бынæттон прессæ.

Фæстиуæгджын ма уыд хуссарирыстойнаг делегацийы хайадист, йæ сæргъ РХИ-йы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Тъехты Алан æмæ Экономикон рæзты министр Зæгъойты Вильям афтæмæй абхазаг-уæрæсейаг хъуыддагон форумы, кæцы уагъд цыд Сухумы 14-16 ноябры. Тъехты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй форум æрæмбырд кодта Абхазы, Уæрæсейы Федерацийы æндæр æмæ æндæр регионты бизнес-æмæхсæнады 500 минæвары бæрц, кæцыты ‘хсæн æрбавдыст æрцыд Республикæ Хъырым дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, «хуссарирыстойнаг делегаци уырдæм ацыд æрмæст уый тыххæй нæ, æмæ бакæса иннæтæм, фæлæ, сæйраджыдæр, уый тыххæй, цæмæй фенын кæна йæхи, ома аккагæй равдиса Республикæ Хуссар Ирыстоны инвестицион потенциал». Уый уæлдай банысан кодта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг фарс, цæмæй форумы хайад райстаид, уый тыххæй йын баххуыс кодта УФ-йы Президенты Администраци æмæ УФ-йы Экономикон рæзты министрад.

«Хуссар Ирыстонмæ фыдыбæстæйон æмæ фæсарæйнаг капитал æрбакæнын у республикæйы къухдариуæгады фыццаградон хæстæй сæ иу. Арæзт цæуынц конкретон къахдзæфтæ, цæмæй республикæйы размæ ацæуой инвестицион процесстæ. Уымæн радон æвдисæн у китайаг фирмæимæ завод «Эмальпровод»-ы цех-ты бындурыл кондад æрнывыл кæнын, кæцы автомобилтæн уадзы сойы æмæ уæлдæфон фильтртæ», – банысан кодта Тъехты Алан.

Абхазы форуммæ цæттæ кæнын уыд республикæйы Президент Тыбылты Леониды лæмбынæг хъусдарды бын. Мах уырдæм афтид къухæй нæ ацыдыстæм, немæ ахастам презентацион æрмæг, сæрмагондæй та республикæйы «инвестицион паспорт» мыхуыры вариантæй. Уый радтам форумы хайадисджытæй алкæмæ дæр. Уыцы паспорты нысан æрцыдысты, Хуссар Ирыстоны экономикæйы фадгуыты гæнæнуæвæг фадæттæ, кæцытæ цымыдисон сты инвесторæн, уырдæм хаст æрцыдысты инвестицион фæзуæттæ, таможнæйон æмæ хъалонты хатырон преференцитæ, инвестицитæ бахæссыны барадон уавæртæ, иу ныхасæй, лæвæрд æрцыд бындурон комплексон информаци суанг гоймæгты сæрмагонд контактты онг, кæцытæ дзуапп дæттынц инвестицион архайд æххæст кæнынæн. Æппæт уыдæттæ уый тыххæй сарæзтам, цæмæй кæй фæнды, уыдон дырысæй базонгæ уой республикæйы инвестклиматимæ æмæ сæ бизнес рауæрæх кæныны фадæттимæ.

Абхазы инвестицион потенциалы равдыст-презентацийы форумы хайадисджытæ сæрмагонд стенды базонгæ сты Хуссар Ирыстоны реализацицæуæг улæфæн инфраструктурæйы, интенсивон дыргъкуысткæнынад, дзидзагуыстгæнæн кондады рæзты фæдыл инвестпректтимæ,  кæцыйы инициатор уыд арæнгонд бæрндзинадимæ æхсæнад «Растдон», афтæ ма къорд проекттимæ, кæцытæ реализацимæ цæттæ цæуынц хъæууон хæдзарады фадыджы. Уыимæ иумæ, мах хайад райстам форумы пленарон рабадты дæр. Уыцы рабадты  æз  сарæзтон доклад республикæйы экономикон рæзты  сæйраг аспектты тыххæй, уыцы нымæцы экономикæйы реалон секторы рæзты программæмæ гæсгæ реализацигонд проектты тыххæй,  кæцымæ 2016 азы аздæхтæуыд сæрмагонд хъусдард.

Афтæ ма нын фембæлдтытæ уыд æмæ  нæ кæрæдзийæн нæ хъуыдытæ загътам тымбыл фынгы рæстæджы, кæцы  ауагъд æрцыд ахæм актуалон темæйыл, куыд «Экономикон рæзт æддагполитикон санкциты уавæрты: Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны фæлтæрддзинад».

«Хуссарирыстойнаг  блок» стыр  цымыдисдзинад сæвзæрын кодта Уæрæсейы амалиуæггæнджыты æмхæларадмæ, хъæууон хæдзарады фадыджы, этнотуризмы, минералон суадæттыл бакусыны, сæудæджерадон кондады æмæ æндæр здæхтыты капиталбавæрдтыты сæраппонд.

Сæрмагондæй, компани «КамАЗ»-ы официалон минæваримæ арæзт æрцыд развæлгъау бадзырд «Цхинвалы автоцалцæггæнæн завод»-ы (ЦАРЗ) скусын кæныны тыххæй, растдæр зæгъгæйæ та, йæ базæйыл сервисон центр «КамАЗ» саразын. Афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы коммерцион транспорт уадзæг стыр компани «Группа ГАЗ» дæр бацымыдис кодта Хуссар Ирыстоны автолизинджы сферæйы бизнес сорганизаци кæнынмæ. Æддагон куыстыты тыххæй иууыл ногдæр технологитæ чи раразмæ кæны, уæрæсейаг  уыцы стыр компанийы минæваримæ, афтæ æндæр компаниты минæвæрттимæ уынаффæ  цыд гæнæнуæвæг æмгуысткæнынады фæдыл.

Мах активонæй кусæм фæндæттæ ахуыр кæныны фæдыл  æмæ цыбыр рæстæгмæ фæнд кæнæм нæ потенциалон хъуыддагон партнертимæ æмгуысткæнынады перспективæтыл æруынаффæ кæнын».

РХИ-йы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны цæттæ у «инвестицион паспорт», кæцыйыл Экономикон райрæзты министрад кусы 2014 азæй фæстæмæ, хъуамæ раконд æрцæуа цифрæйон вариантмæ, интернеты йæ апарахат кæныны тыххæй. Электронон верси цæттæ уыдзæн фидæн азы февралмæ.

Йæ комментари æмбарын кæнгæйæ, Тъехты Алан бахахх кодта, зæгъгæ, «республикæйы къухдариуæгад дарддæр дæр активонæй кусдзæн республикæмæ инвестортæ æрбакæныны фарстатыл, уымæн æмæ капитал-бавæрдтытæ сты экономикон стагнацийæ рахизыны  фæндæгтæ сифтонг кæныны ахсджиаг фæрæзтæ  æмæ æнæхъæнæй экономикон рæзты уавæр бæрæггæнæн».

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.