Ацы бонты информацион фæрæзты фæрстыл фæзынд нæ горæты гимназ «Альбион»-ы 11-æм къласы ахуыргæнинаг Плиты Асланы уникалон æнтысты тыххæй æрмæджытæ. Уым загъдæуы, Аслан кæй сарæзта Колмогоровы математикæйы 10-11-æм кълæсты ахуыргæнæн чиныгæн цæттæ дзуаппыты чиныг. Æрмæджыты бын фæзынд лæппуйы куыстæн алыгъуызон аргъгæнджытæ, уыдон фылдæрбæрцæй сты æвæрццаг, фæлæ ма Аслан æрыгон кæй у, уымæ гæсгæ йæ куыстыл ис дызæрдыггæнджытæ дæр.

Асланæн хæрз сабийæ фергом ис йæ тырнынад математикæмæ æмæ уæдæй нырмæ лæуд у ацы хаххыл. Йæ мад Хъазиты Хатунæ куыд радзырдта, афтæмæй йыл æртæ азы куы цыд, уæд æй райдыдтой цымыдис кæнын стыр нымæцтæ: «Тынг æй цымыдис кодтой дыууæ нольтимæ æмæ æртæ нольтимæ нымæцтæ, сæ хицæндзинад. Куы йын сæ бамбарын кодтон, уæд йæхæдæг, æнæ искæйы æххуысæй, мины онг бафтауын  æмæ раппарыны комбинацитæ сахуыр кодта æмæ йæ хъус дарын райдыдта уымæй уæлдæр нымæцтæм», – радзырдта Хатунæ.

Асланæн йæ хиуæтты ‘хсæн математикæмæ æвзыгъд ничи уыд, афтæ арф æй чи зыдта, ахæмтæ нæ уыд, ома йын нæу генетикон уидæгтимæ баст. Ацы курдиат ын лæвæрд у æрдзæй, æмæ ма уымæй дарддæр æппæтмæ дæр у æвзыгъд,  йæ бон у æнцонæй алы предмет дæр сахуыр кæнын, цы куысты сæргъ æрлæууы, уым ын æнæмæнгæй дæр вæййы æнтыст. Уыдæттæм нæ кæсгæйæ йæ æппæтæй тынгдæр цымыдис кæнынц математикæ æмæ физикæйы предметтæ. «Вæййы афтæ, æмæ æнæхъæн бонты дæргъы фæаразы математикæ кæнæ физикæйæ алыгъуызон зын хæслæвæрдтæ, фæлæ æппындæр нæ бафæллайы. Йæхæдæг куыд фæзæгъы, афтæмæй райсы стыр æхцондзинад», – зæгъы Хатунæ. Хатунæйы ныхæстæн ма æвдисæн сты  гимназ Альбионы Асланы ахуыргæнджытæ дæр. Уыдон куыд радзырдтой, афтæмæй Аслан кæстæр кълæстæй нырмæ у скъолайы хуыздæр æмæ æнтыстджындæр ахуыргæнинæгтæй сæ иу. Фылдæр йæ хъус дары вазыгджындæр хæслæвæрдтæм, уыдон саразын  ын нæ вæййы зын, арæх спайда   кæны æнæтрадицион методтæй дæр. 6-æм къласы куы ахуыр кодта, уæд сын мате-матикæйы ахуыргæнæг Бибылты Нелли радта зын хæслæвæрдтæ. Ахуыргæнинæгтæ се ‘ппæт дæр уайтагъд сырæхстысты сæ саразынмæ, фæлæ Аслан ам дæр рахицæн ис се ‘хсæнæй, æндæр методæй кæй спайда кодта, уымæй. Уыцы методтæ уый кæд йæхæдæг не ‘рымысыд, уæддæр сæ  сæрмагонд хæслæвæрды спайда кæнынмæ сарæхстис æрмæстдæр Аслан.

Асланы мад Хатунæ стыр бузныг у йæ математикæйы ахуыргæнæг Бибылты Неллийæ. «Нелли Лонгийы чызг райдиан кълæсты банкъардта Асланы курдиат математикон предметтæм æмæ йæм лæмбынæгдæр æрдадта йæ хъус. Уый арф æндæвдады бын Асланæн райхæлд йæ курдиат.  Бузныг дæн йæ æнувыд куысты æмæ ахасты тыххæй сабитæм. Уарзы сæ йæхи хъæбултау æмæ йæм уыдон дæр дарынц хъарм ахаст».

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ   Бибылты Неллийы ахуыргæнинæгтæй бирæтæн кæй ис тынг хорз æнтыстытæ, уыдоны нымæцы сты Кокойты Мария, Тæтæрбиты Сослан, Мамытаты Виктор, Плиты Алан, Джиоты Къоста, Гуыцмæзты Хазбулат, Бязырты Алан æмæ æндæртæ.  Уыдон се ‘ппæт дæр сæ фидæны цардвæндæгтæ бæттынц физикæ æмæ математикон зонæдтимæ.

Ныртæккæ Аслан цы чиныг рауагъта, уый ныронг мыхуыры никуы ма уыд, афтæмæй та у стыр ахъаз математикæйы хæслæвæрдтæ аразынæн, куыд рауагъдон фæлварæнты, афтæ Уæрæсейы ИПЭ-йы фæлварæнты рæстæджы дæр.  Скъолайы азты дæргъы Аслан хайад иста республикæйы уагъдцæуæг математикæ æмæ физикæйы олимпиадæты æмæ-иу райста уæлдæр бынæттæ. Ацы аз дæр та республикон олимпиадæйы математикæйæ ссис I-аг къæпхæны дипломы хицау.

Асланы нæ бафæндыд йе ‘нтыстыты тыххæй зæгъын, нымайы, ома, бакодта æрмæстдæр хуымæтæджы хæслæвæрдтæ аразыны куыст. Лæппу ныртæккæ у астæуккаг скъолайы рауагъдон æмæ уæлдæр ахуырад райсын фæнд кæны Мæскуыйы Бауманы номыл университеты уæлдæр математикæйы факультеты. Тынг бирæ рæстæг æмæ тыхтæ хардз кæны ахуырыл æмæ йæ ныййарджытæ дæр сты йæ фарс. «Аслан йæ фидæны цардвæндаг йæхæдæг равзæрста хæрз чысылæй æмæ мах дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, разы стæм йемæ. Актуалон æмæ хъæугæ дæсныйад у, фæсивæды ‘рдыгæй та йæм къаддæр хъусдард ис. Аслан йæхи уыны æрмæстдæр ацы сферæйы, уымæ гæсгæ мах, куыд ныййарджытæ, афтæ балæудзыстæм йæ фарсмæ»,- загътой уыдон.

Аслан, нæ зæрдæ дын зæгъы дарддæры æнтыстытæ, сæххæст уæд дæ бæллицтæ æмæ дæ рауайæд Ирыстонæн аккаг хъæбул.

Хуыгаты Милена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.