Уыцы бон æрдз сабыр уыд, фæлæ-иу уæддæр хаттæй-хатт рог уддзæф  радымдта,  уый æндæвта цадыл дæр æмæ йын йæ уылæнтæ лæвæрдтой аивдзинад. Ахæм сабырдзинады мæргътæ цады былгæрæтты сæрибарæй æрвитынц сæ рæстæг. Арвы тыгъдады та сæ сæрмæ зилахар кæнынц хърихъуппытæ, куы сæхи зулаивæй бынмæ æруадзынц, чысыл фæстæдæр та хæрдмæ сæ фæндаг адарынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ сæрибарæй нæ хатиккой сæхи, афтæ æвæлмастæй не ‘рвитиккой сæ рæстæг доны уылæнты  æмæ цъæх-цъæхид арвы тыгъдады, хъыгдарæг сæ куы уаид, уæд.

Цхинвалы районы Къостайыхъæуæн хуссарæрдыгæй рагæй фæстæмæ ис ацы цад. Уый куыд раздæр азты, афтæ ныр дæр уарзон у нæ республикæйы цæрджытæн. Ардæм-иу уалдзæджы къæсæрыл хъарм бæстæйæ æртахтысты мæргътæ, фæлæ-иу нырма не ‘рбынæттон сты, сæ фæллад дæр не суагътой, афтæ сæм иуæй-иутæ æзфæраздæронæй гæппæввонгæй лæууыдысты æд æхсæнгæрзтæ æмæ сæ мардтой. Уавæр хуыздæрæрдæм фæивта, цад сæ къухмæ куы райстой Тедеты бинонтæ – фыд æмæ фырт Вася æмæ Тамаз, уæд. Уыдонæн сæ нысан у, цæмæй йæм цы æмбæстæгтæ цæуынц, уыдон сæ улæфт æмæ сæрибар рæстæг æрвитой æмбæлон æгъдауæй, иннæмæй та, ам цы мæргътæ вæййынц, уыдон хызт уой, цуангæнæджы нæмыгæй. Зæгъын хъæуы, ацы цад фондз азы размæ арендæйы куы райстой, уæд дзы бакодтой дзæвгар куыстытæ. Фыццаджыдæр, уыд тынг антисанитарон уавæры, йæ мидæг цы алыхуызон брæттæ æрæмбырд, уыдонæй сыгъдæг æрцыд. Уый фæстæ йын йæ алфæмблай фæхуыздæр кæныныл дæр бакодтой хъаруджын куыст. Ис дзы, сæрдыгон рæстæджы æмбæстæгтæ цадмæ кæсынæй æхцондзинад кæм исой, сыгъдæг уæлдæф цы бынаты улæфой, стæй аходæн дæр кæм бакæной, ахæм беседкæтæ. Ис ма дзы, адæймаг æхсызгондзинад кæмæй банкъара, ахæм къæйдуртæ дæр. Бæласы уæлдæф адæймаджы æнæниздзинадыл хорзæрдæм кæй æндавы, уый, зæрдыл даргæйæ  дзы цалдæр азы размæ ныссагътой бæрзы талатæ, нæ сæ уадзынц зылдцух æмæ рæзынц тагъд. Уымæй дарддæр ма амæйразмæ ныссагътой гималайаг мохъо, нæзы, æхсæлы, уарди æмæ  æндæр талайы мыггæгтæ. Бацархайдтой нæ чысыл хурты улæфæн фæзуат саразыныл дæр æмæ йæм фæцæуынц æнæзивæгæй. Тамаз куыд радзырдта, афтæмæй иуæй-иу адæймæгты фæнды, цæмæй, куыд боныгон, афтæ дзы сæ сæрибар рæстæг æрвитой æхсæв дæр. Ахæм намысджын æмбæстæгтæн цæттæ кæнынц, 15 бынаты кæм уа, ахæм уазæгдон дæр æмæ хъуамæ арæзт фæуа æввахс рæстæджы.

Цады ис цалдæр хуызы кæсæгтæ, уыдон кæд цады сæхæдæг хæринаг амал кæнынц, уæддæр уый фаг нæ кæсы Тамазмæ æмæ сын йæхæдæг дæр фæдæтты хæринаг. Ноджы йæ фæнд у хицæнæй кæсаджы фермæ саразын æмæ уал дзы бакодта иуæй-иу куыстытæ. Уым уыдзæн бассейнтæ, донæй та ифтонг уыдзæн, чысыл дæрддзæф сын цы цъай ис, уымæй, æхгæд та уыдзæн шиферæй. Тедеты бинонтæ бузныг зæгъынц нæ Хицауадæн, кредитæй сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

Æмбæстæгтæ разы сты, цады уавæр хуыздæрæрдæм кæй фæивта, уымæй. Ноджы хуыздæр та уыдзæн, æмæ ардæм æрбацæуæг адæмы домæнтæ æххæстдæрæй ифтонг кæндзæн сомбон.

 

                                                     ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.