Мидхъуыдытæ

Адæймаг æнусон нæу. Æнусон у, кæм уæвы, кæй аразы, уыцы цард. Фæлтæр ивы фæлтæры, царды рæхысы цæгтæм цæг æфтаугæйæ. Рæхысы цæгау æнгом баст сты æмæ кæд хистæр фæлтæр, царды рохтæ кæстæр фæлтæрмæ ратгæйæ, ацæуы а-дунейæ, аскъуыйы рæхысы цæг, уæддæр нæ мысынады баззайы.

Фæлтæр хицæн адæймæгтæй конд у. Æмæ хъыгаг у, фæлтæрты уыцы бастдзинад хицæн адæймæгтæн куы фехæлы…

Æрвылрайсом дæр горæты уынгты дыууæрдæм цы бирæ цæрджытæ цæуынц, уыдоны ‘хсæн вæййы дыууæ адæймаджы – азты уæз кæй уæхсджыты фæгуыбыр кодта, ахæм ацæргæ, зæронд лæг æмæ йе ‘ккой чингуыты хызын кæмæн ис, ахæм саби-лæппу. Уыдон Агуыбе æмæ Аслан сты. Цæугæ та скъоламæ кæнынц. Аслан нырма чысыл у, фыццаг къласмæ бацыд, скъола та йæм дæрддзæф у æмæ йыл Агуыбе иунæгæй не ‘ууæнды. Æмæ йын йæ къухыл хæцы, цынæ вæййы, уæдта уынджы иу фарсæй иннæмæ хизгæйæ, фæтыхст…машинæтæ дæр сарæх сты æмæ…

Бафæрсдзыстут, азтæ сæ уæз кæуыл æруагътой, йæ уæнгты айст йæхи фæндиаг кæмæн нал у, уыцы зæронд лæг цæмæн фæкæны скъоламæ саби-лæп-пуйы? Æмæ йæ уæдæ æндæр чи акæна? Агуыбейæн йæ фырт æмæ Асланæн та йæ дада чи уыд, уыцы Чермен? Уый раджы бацарæфтыд æвзонгæй. Йæ фыдæлты зæхмæ йын знæгтæ куы бырстой, уæд сæ ныхмæ тохы фæмард. Уæззау дуг уыд, хæццæ дуг уыд… Ахæм дуджы рæз хаста æмæ лæг кодта Агуыбейæн йæ фырты фырт – Чермены фырт æмæ Асланы фыд Ауызби. Закъон бæрцыл кæм вæййы, уыцы царды фыдгæнджытæ сронбæгъд вæййынц æмæ уыдонæн та сæ амæттаг бацис Ауызби.

Афтæ дуджы азарæй чысыл Аслан аззад æнæ фыд, æнæ дада. Нæ банкъардта фыды цæстæнгасы хъармдзинад, йæ фæлмæн ныхас, нæ банкъардта йæ дадайы рæвдыд. Йæ фыд æмæ йын йæ дада цы зæрдæйы хъарм хъуамæ лæвæрдтаиккой, уый ныр зæрыбонты чысыл Асланæн фиды йæ дадайы фыд Агуыбе. Агуыбе æрбалæууыд йæ фарсмæ. Æмæ йæ, йæ чысыл къухыл ын хæцгæйæ, фæкæны скъоламæ, фæкæны йæ скъолайæ хæдзармæ, афтæ ма сæ   иумæ цæуын кæдæм фæхъæуы, ахæм æндæр ранмæ дæр.

Агуыбе йæ рыст зæрдæйæ куыннæ æнкъары, уыцы чысыл къухыл фыццаг сабийæн йæ фыд – йæ фырты фырт кæй хъуамæ хæца, стæй та йæ фырт – сабийæн йæ дада, фæлæ фæлтæрты цы рæхыс иу кæны, уымæй фыддуджы азарæй дыууæ цæджы ахауд æмæ цы бакæна. Фæхæст ма Аслан-цæгыл æмæ йæ йæхи цæгмæ баиу кодта, кæд зæронд цæг рæзгæ, фидаргæнæг цæгæн стыр ныфс нал у, уæддæр.

Диссаг куыннæ у цард. Асланы хъыгаг хъысмæт йæ рæстæджы баййæфта Агуыбейæн йæхи дæр. Уæд уый дæр чысыл саби уыдис. Чысылтæ ма хъуыды кæны, йæ фыд Екти йæ, йæ къухыл ын хæцгæйæ, сæ хъæуы скъоламæ фыццаг хатт куыд кодта. Стæй рацыд рæстæг æмæ йын æй акодтой хæстмæ. Уый Стыр Фыдыбæстæйон хæст уыдис. Хæст цы у, уымæн уæд Агуыбе бæлвырдæй зонгæ дæр ницы кодта, фæлæ хистæрты катайаг цæсгæмттæм кæсгæйæ, æнкъардта, æвзæр цыдæр кæй у. Агуыбе, стæй йæ хо æмæ йе ‘фсымæр дæр æууæндыдысты, йæ фыд фæстæмæ кæй æрыздæхдзæн, уымæн æмæ искуыдæм чи ацæуы, уый фæстæмæ æрыздæхы. Сæ мад дæр сын æдзух уый дзырдта. Фæлæ хæст фæуд кодта, афтæ сæм йæ сау гæххæт ссыд. Бирæ фæкуыдта сæ мад. Сæ хъæуы бирæ сылгоймæгтау…

Йæ фыдæй раздæр та йæ дада Дзандор амард. Уый дæр æрыгонæй. Дугивæн уыд. Зæронд царды фæтк хæлд æмæ æвæрдтой ног фæтк. Адæм дыууæ дихы фесты: иутæ зæронд царды фæтк хъахъ-хъæдтой, иннæтæ та ног царды сæрыл тох кодтой. Дзандор дыккæгтимæ уыд. Æмæ йæ фыццæгты нæмыг баййæфта… Æмæ та фæлтæрты иугæнæг рæхысы цæгтæй ам дæр Агуыбейæн дыууæ æнæрæстæджы ахауд.

Дзандор, Екти, Агуыбе, Чермен, Ауызби… Фондз фæлтæры тугхæстæг минæвæрттæ. Æмæ цахæм тугхæстæг минæ-вæрттæ! Агуыбейæн йæ иуварсæрдыгæй дæр – дыууæ æмæ иннæ фарсæрдыгæй дæр. Иу фыддуджы азарæй æвзæнгтæй бабын сты, йе уæнгты кæй туг цæуы, уыцы Дзандор æмæ Екти, иннæ фыддуджы азарæй та – йæ туг кæй уæнгты хъазыд, уыцы Чермен æмæ Ауызби. Сæ астæу иунæгæй аззад Агуыбе. Аззад дыууæ фыддуджы астæу. Бафхæрдтой йæ дыууæ фыддуг дæр, фæлæ йын дзы сæ иу дæр йæ цард нæ байста – фыццаг фыддуджы нырма сывæллон уыд, дыккаджы та хæцæг лæгæн нал бæззыд – æгæр фæкардзыд, æгæр фæзæронд. Æмæ се ‘хсæн сивæрзтис, ралæг ис, арæзта йæ цард. Йæ цард кодта æмæ кæны, фæлæ йæ дыууæ фарсæрдыгæй дæр фæлтæрты иугæнæг цæгтæ дыгæйттæй асас-тысты æмæ æрхаудысты. Иуæрдыгæй йæ къух сабийæ фæстæмæ ницæуылуал фæхæст, иннæрдыгæй  дыууæ фæлтæры сæрты йæ рахис къух схæцыд æртыккаг фæлтæры суинаг минæварыл – чысыл Асланы фæлмæн къухыл. Æмæ йæ бакæны йæ дæрзæг армы, афтæмæй иумæ фæцæуынц.

Чысыл Аслан нæ зоны, цас цæудзысты кæрæдзийы къухтыл хæцгæйæ, фæлæ йæм афтæ кæсы, цыма сом дæр, иннæбон дæр, бирæ азты фæстæ дæр афтæ цæудзысты  кæрæдзийы фарсмæ. Агуыбейæн йæ хъуыды бæлвырддæр у. Уый зоны, æмбары, йæ чысыл зæрдиагæн стыр ныфс кæй нал у, ныфс куы уыд йæ бинонтæн, сæ дарæг куы уыд, уыцы рæстæг кæй аивгъуыдта. Æмбары, царды йын Асланимæ бирæ цæугæйæ кæй нал у, абон уа, æви сом –   йæ фарсмæ кæй нал  уыдзæн, кæй ацæудзæн, йæ фыд, йæ дада, йæ фырт æмæ йæ фырты фырт цы дунемæ ацыдысты, уырдæм. Аслан та хъуамæ рæза, слæг уа. Хъуамæ скæна бинонтæ, уа йын кæстæртæ. Æмæ йын кæддæр куы фæзыной – даргъ, уæрæхын цæуæт. Асланау, Агуыбейау фыддуджы азарæй хызт уæт.

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.