Августы уæззау бонты Хуссар Ирмæ æххуысмæ цыдысты Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр рæттæй, æгæрыстæмæй дзы хæстæджытæ, хиуæттæ кæмæн нæ уыд,  ахæмтæ дæр. Цæгат Ирыстоны, мæ хæстæджыты сыхæгты лæппу Æгъуызарты Аслан дæр уыдонæй сæ иу уыд. Æмæ 8-æм августы 6-æм скъолайы раз бабын…

«Æз мæ хъæбулы адæймагдзинады хорз миниуджытæй бирæты йæ амæлæты фæстæ базыдтон. Чидæртæ мæм нырма дæр æрбацæуынц æмæ мын фæарфæтæ кæнынц. Кæмæндæр дзабыртæ балхæдта, иннæмæн курткæ, чидæр та афтæ зæгъы, финансон æгъдауæй мын æххуыс кодта, зæгъгæ. Суанг ма ахæстоны чи бадт, уыдонæн дæр лæггад кодта, цæмæй, дам, царды сæхи бынтон иппæрдæй ма хатой.

Аслан Хуссар Ирыстонмæ æрцыд 7-æм августы. Йæ ныййарджытæй йæхи расайдта, ома, Пятигорскмæ цæуын йæ хуыздæр æмбал Къобесты Аланмæ. Йæ машинæ баурæдта йæ хæстæджыты дуармæ æмæ сæ дыууæ дæр æрцыдысты Цхинвалмæ. Дзаумæ куы æрхæццæ сты, уæд сæ горæтмæ нæ уагътой, тæссаг уавæр дзы кæй уыд, уый тыххæй, фæлæ дыууæ æмбалы уæддæр горæтмæ æрбафтыдысты. Уырдыгæй ОМОН-мæ ныццыдысты, ам сын загътой, цæмæй бархионтимæ баиу уой. Лæппутæн æхсæнгæрзтæ радтой æмæ сæ горæты 6-æм скъолайы раз слæууын кодтой.

8-æм августы горæты уавæр бынтон скарз. Горæтмæ æрбаирвæзтысты знаджы танктæ æмæ фистæг æфсад. Цыдæриддæр сæ разы æййæфтой, уый арты амæттаг кодтой. Ленины уынджы уæллаг хайы цæрджытæ лыгъдысты   6-æм скъолайы ныккæндмæ. Ныккæндмæ ныххизыны бардзырд лæвæрд уыд бархионтæн дæр.

«Сымах цъус стут, уыдон бирæ, уæхи бааууон кæнут æмæ уæ тыхтæ бахъахъхъæнут, дзырдта нын спецназы командир. Фæлæ Аслан фидарæй загъта, мах ардæм æмбæхсынмæ кæй не ‘рцыдыстæм. Уымæ гæсгæ иу бархион дæр йæхи нæ бамбæхста. Аслан йæхицæн равзæрста иууыл тæссагдæр позици – дуаргæрон», – зæгъы Асланы æмбал Къобесты Алан.

6-æм скъолайы раз хæст сцырын ис. Иу рæстæджы райхъуыст «Град»-ы уынæр. Адæм фæйнæрдæмты фесхъиудтой. Куыддæр уавæр иу уысм æрсабыр, афтæ агурын райдыдтон Асланы. Цъус фалдæр хаудæй лæууыд. Æз æм бауадтæн, йæ сæрыл ын хæрдмæ схæцыдтæн æмæ мæ арм тугæй айдзаг ис. Йæ хæдон ын аскъуыдтон æмæ федтон йæ риуыл конд рæхысыл цы дзуар уыд, уый йæ цæф бынаты куыд баныхст. Туг кæцæй цыд, уым бабастон бинтæй, фæлæ туг ноджы тынгдæр фемæхст. Æхст иу уысм дæр нæ лæууыд, фæлæ уæддæр алыгъдтæн медицинон хо агурæг. Асланæн сарæзтой рыстуромæн æмæ загътой, цæмæй йæ æвæстиатæй рынчындонмæ баласой.  Бынæттон лæппу Чилæхсаты Лев немæ бамбал æмæ йæ бахæццæ кодтам рынчындонмæ. Хирургтæн сæ бон цы уыд, уымæй архайдтой тынг, цæмæй фервæзын кодтаиккой Асланы, фæлæ куы æрбæрджытæ кодтой, уæд ын йæ буарыл ссардтой ноджыдæр иу стыр цæфы бынат – йæ цонджы артери фегом æмæ уырдыгæй туг æнæвгъау калд. Хъыгагæн, туг бирæ фесæфта æмæ дохтыртæн сæ бон нал ссис лæппуйæн баххуыс кæнын. Мах сфæнд кодтам Асланы Алагирмæ аласын. Дохтыртæ нæ нæ уагътой, уымæн æмæ горæт æмткæй уыд æхстыты бын», – дзуры Асланы æмгар.

Асланы ласгæйæ æмбæлттæ бахаудысты æхстыты бын. Сæ размæ фæцис Гуырдзыстоны æфсады танк. Уый уынджы астæу лæууыд æмæ хæдзæрттæ æхста. Лæппутæ æхсты бынты агæпп кодтой, зæгъгæ, цы уа, уый уæд. Сæ хæдтулгæйы цæлхытæ суагътой, афтæмæй баххæццæ сты Дзаумæ. Уым сын баххуыс кодтой уырыссаг æфсæддонтæ.

Дзæуджыхъæуы моргмæ куы бацыдтæн дæн, уæд уым лæууыд мæ хистæр фырт. Æз цавддур фæстадтæн, уымæ кæсгæйæ, æмæ йæ афарстон, цы ‘рцыд, зæгъын, аварийы бахауд Аслан? Уый мын сабырæй афтæ: «Нæ. Цхинвалы йæ амардтой». Уый фæстæ ныхæстæ цыд, зæгъгæ, цæмæн ацыдис цардæн тæссаг бынатмæ, фæлæ æз мæхи сабыр кодтон, цы хъуыдыйыл хæст уыдтæн, уымæй – уый уыд йæ равзæрст æмæ ацыдис йе ‘мтуг адæмæн æххуыс кæнынмæ», – зæгъы Асланы фыд.

Æгъуызарты Аслан йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд «Во славу Осетии», «Серебряный крест» æмæ «Уацамонгæ»-йы хорзæхтæй.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.