Скифтӕ комкоммӕ ирон адӕмы рагфыдӕлтӕ кӕй уыдысты, уый ахуыргӕндтӕн дызӕрдыггаг нал у. Уый бӕлвырдӕй зыны скифты ӕмӕ ирӕтты ӕвзӕгты иудзинадыл. Скифтӕй нӕм цыдӕриддӕр – адӕймаджы уа, бынаты нӕмттӕ ӕрхӕццӕ, уыдонӕн бамбарӕн, раиртасӕн ис ӕрмӕстдӕр ирон ӕвзагыл. Уымӕ гӕсгӕ стыр ахуыргӕндтӕ: уырыссаг Вс. Миллер, немыцаг Макс Фасмер, чех Ладислав Згуста, францаг Жорж Дюмезиль скифты ӕвзаг рахуыдтой рагон ирон ӕвзаг. Мӕнӕ куыд зӕгъы нӕхи Абайты Васо та:

«В этих именах легко распознаются такие употребительные осетинские слова, как фарн – «благодать», ӕхсар – «военная доблесть», ӕндон – «сталь», ӕлдар (ардар) – «господин», лиман – «друг», фурт -«сын», фида – «отец», саг – «олень», сӕр – «голова», стур – «большой» и др. Осетинский язык дает также ключ к разъяснению многих то­понимов Северного Причерноморья, названий местностей, рек, населенных пунктов и т.д. Типичный пример – название реки Дон. Именно в осетинском языке – и только в нем – слово «дон» означает «река». Этот же элемент распознается в названиях «Днепр», «Днестр».

Скифтӕ ирон адӕмы рагфыдӕлтӕ кӕй сты, уый рахатӕн ис рагон бер-дзенаг ахуыргонд «историйы фыд» Геродоты чиныг «Мельпомена» кӕсгӕйӕ дӕр. Уый фыст у мах эрӕйы размӕ V ӕнусы. Геродот дзы дзуры, скифтӕм балцы уӕвгӕйӕ, цы федта ӕмӕ фехъуыста, уыцы хабӕрттӕ, сӕ хъӕбатырдзинад ӕмӕ ӕнӕбасӕттондзинадыл, сӕ цардыуагыл, диныл ӕууӕнк ӕмӕ ӕгъдӕуттыл. Уыдоны азӕлд фехъусӕн, фенӕн ис ирон адӕмы абоны цардыуаджы ӕмӕ ӕгъдӕутты, адӕмон сфӕлдыстады , уӕлдайдӕр та – Нарты кадджыты.

Геродот скифтӕм цы цымыдисаг хабӕрттӕ фехъуыста, цы бафиппайдта, уыдонӕй иу цалдӕр рахицӕн кодтон.

 

Скифты равзӕрд

Скифтӕн сӕхи ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ адӕмы равзӕрд уыд афтӕ: Сау ӕмӕ Азовы денджызты цӕгатварс тыгъд быдырты-скифты райгуырӕн бӕстӕйы  фыццаг цӕрӕг уыд Таргитай. Йӕ ныййарджытӕ та, дам, уыдысты бердзентӕ (грекъӕгтӕ) цы Хуыцаумӕ куывтой, уый – Зевс ӕмӕ цӕугӕдон Борисфены (Днепры) чызг.

Таргитайӕн уыд ӕртӕ фырты: Липоксаис, Арпоксаис ӕмæ кӕстӕр – Колаксаис. (Сӕ нӕмтты кӕрæттӕ сты бердзенаг, афтӕ сӕ фыссы Геродот йӕхи ӕвзагыл).

 

Хуыцауы лæвӕрттæ

Ацы ӕртӕ ӕфсымӕры куы рахъомыл сты, уӕд Скифты зӕхмӕ уӕларвӕй ӕрхауд сыгъзӕрин дзаумӕттӕ гутон, æфсондз, хӕстоны фӕрæт æмæ нуазæн къус (уацамонгæ).  Ацы дзаумӕттӕ фыццагдӕр федта хистӕр ӕфсымӕр. Куыддӕр сӕм ӕргуыбыр кодта, сисон сӕ, зӕгъгӕ, афтӕ сӕ сыгъзӕрин цъӕх фӕздӕг скалдта. Лӕппу дзаумӕттӕй йӕхи иуварс айста.

Дыккаг ӕфсымӕр сӕм куы баввахс, уӕд дӕр та сыгъзӕрин цъӕх пиллон скалдта. Афтӕ сыгъзӕрин дзаумӕттӕ сӕ сыгъзӕрины судзгӕ артӕй сӕхимӕ ӕввахс нӕ бауагътой дыууӕ ӕфсымӕры дӕр. Ӕртыккаг – кӕстӕр ӕфсымӕр Колаксаис сӕм куы бацыд, уӕд сӕ судзгӕ арт фӕмынӕг ӕмӕ сӕ хъӕмӕ ахаста.

Хистӕр ӕфсымӕртӕ, уыцы уавӕр фенгӕйӕ, ӕнӕдызӕрдыгӕй сразы сты паддзахад кӕстӕры бар бакӕныныл. Уыцы дзаумӕттӕ та скифтӕм (стӕй ирон адӕммӕ дӕр) кадджын кӕй уыдысты, кувæндӕтты сӕ кӕй æвӕрдтой, уый бӕрӕг у, археологтӕ дзы сӕ обӕутты кӕй ссарынц. Уымӕй дӕр – сыгъдӕг сыгъзӕринӕй кондӕй.

 

Цагъайраджы  удыгъæд

Скифтӕ куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд адаггонды сӕрты нӕ, фӕлӕ денджызы кӕрӕтты ӕрбабырстой. Ӕрыгон цагъайрӕгтӕ сӕ размӕ ӕрлӕууыдысты, семӕ схӕцыдысты ӕмӕ сӕ нӕ бауагътой сӕ зӕхмӕ. Ахӕм хӕстытӕ бирӕ рауад се ‘хсӕн, ӕмӕ скифтӕ сӕ басӕттынæн ницы фӕрӕзтой. Уӕд дзы иу афтӕ зӕгъы:

– Цы кусӕм уый, скифты хӕстонтӕ? Уый нӕхи цагъайрӕгтимӕ куы хӕцӕм! Ӕмӕ нӕ искӕй куы амарынц, уӕд нӕхӕдӕг лӕмӕгъ кӕнӕм: мах сӕ куы ныццӕгъдӕм, уӕд та нын уый фӕстӕ къаддӕр цагъайрӕгтӕ уыдзӕн. Гъе, уымӕ гӕсгӕ мӕнмӕ афтӕ растдӕр кӕсы: ныууадзӕм нӕ арцтӕ ӕмӕ ӕрдынтӕ, райсӕм нӕ ехсытӕ ӕмӕ сыл уыдонӕй ӕрцӕуӕм. Уымӕн ӕмӕ сӕм цалынмӕ хотыхтимӕ бырсӕм, хотыхтимӕ нӕ уыной, уӕдмӕ сӕхи мах ӕмсӕртӕ ӕнкъарынц. Фӕлӕ нӕ ехсытимӕ куы феной, уӕд бамбардзысты, нӕ цагъайрӕгтӕ кӕй сты, ӕмӕ, уый банкъаргӕйӕ, нӕ ныхмӕ ӕрлӕууын сӕ ныфс нал бахӕсдзысты.

Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, скифтӕ уайтагьд йӕ фӕндыл сразы сты. Цагъайрӕгтӕ скифты ехсытимӕ куы федтой, уӕд ма сӕ схӕцын дӕр ферох – лидзӕг фесты.

Бацӕттӕ сӕ кодта

ЦГЪОЙТЫ Хазби

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.