«Ирон нывӕфтыд литературӕйы, уӕлдайдӕр, ирон поэзийы, ссӕдзӕм ӕнусы «ӕхсайӕмазонтӕ» кӕй хонынц, уыдон лӕггад цъус нӕу. Кӕд ӕппӕтӕй ӕххӕст нӕма уыдысты ӕмӕ сӕ дуджы Дзуццаты Хадзы-Mypaт ӕмткӕй нӕ поэтты тыххӕй афтӕ афыста: «Нырма фаг ком нӕ дӕттӕм нӕхи ӕмӕ нӕ дуджы ӕргом, ныфсджын, бӕгънӕг рӕстдзинадӕн, нырма кӕмдӕрты ӕгӕр примитивон у нӕ аивадон дӕсныйад», – уӕддӕр. Уыцы дуджы дзырдаивадмӕ чи ӕрбацыд, ӕрмӕстдӕр уыдон систы хицӕн, нӕргӕ номы аккаг. Ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ. Семӕ ӕрбахастой ног, сатӕг аивадон комулӕфт ӕмӕ чиныгкӕсджыты сӕхимӕ ӕркӕсын кодтой. Сӕ лӕггад цъус нӕу. Уырыссаг поэзийы «ӕхсайӕмазонты» «бирӕгъдӕртӕй» сӕ иу Белла Ахмадулина афтӕ загъта: «Я жила на белом свете и старалась быть лучше». Афтӕмӕй сӕхиимӕ фӕхуыздӕр кӕныныл архайдтой поэзи ӕмӕ уыимӕ царл дӕр. Стыр хъыргъызаг фыссӕг Чингиз Айтматов «ӕхсайӕмазон» Евгемн Евтушенкойы поэзийыл ныхасгӕнгӕйӕ уымӕн загъта: «Главная задача современного искусства как раз и состоит в том, чтобы суметь пробудить в человеке такие чувства и мысли, когда бы мир стал предметом личном тревоги каждого из нас». Уыцы дуджы дзырдаивадмӕ чи ӕрбацыд, ӕрмӕстдӕр уыдон систы, сӕ разы ахӕм хӕстӕ кӕй ӕвӕрдтой ӕмӕ сӕ кӕй ӕххӕст кодтой, уый тыххӕй хицӕн, зӕгъӕн ис, сӕ дуджы номы аккаг.

Культы азарӕй сыгъд фысджытӕн нырма се уонджы мигъ бадт сӕрибар дзырды коймӕ. Фыдыбӕстӕйон хӕсты фыдазты цы фӕлтӕр бахсыст, уыдон ныфс ӕндӕр уыд, фӕлӕ сӕ фылдӕр, фронты цы дудгӕбӕттӕ баййӕфтой, уыдон сӕ фылдӕр ӕндӕвтой. Ӕххӕстӕй сӕ нӕ уагътой сӕ асы ӕмбӕрц слӕууын. Сӕ дзырды сӕр фылдӕр хӕст уыд. Удуӕлдай салдаты Сӕрибархӕссӕг хӕстоны зӕрдӕйы уаг ныв кӕныныл уыдысты. Ӕмӕ сӕм уый тыххӕй азымхӕссӕг азым не ‘рхӕсдзӕнис.

Фыдыбӕстӕйон Стыр хӕсты басудзӕг Кочысаты Мухарбег загъта: «Ацы хӕст фесӕфта бӕстӕ». Ӕмӕ ирон фысджытӕн кӕд 37-ӕм азты фыдӕвзарӕнты фӕстӕ, ӕнӕхъӕнӕй ӕгъатыр дӕрӕн ӕмӕ куынӕг куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Гафез, Плиты Грис, Капоты Хазби, Мыртазты Варне, Джусойты Нафи ӕмӕ иу къорд фыссӕджы се ‘фсӕддон ӕхсар, сӕ хӕстои зӕрдӕ хаста размӕ, кӕд сын уый уыдис цардмӕ реалон цӕстӕй кӕсыны тыхдӕттӕг, уӕддӕр «ӕхсайӕмазонты» лӕггад ирон литературӕйы ахсы сӕрмагонд зынгӕ бынат.

Ирон литературӕмӕ Булкъаты Михал, Хуыгаты Сергей, Хъодзаты Ӕхсар, Малиты Васо, Джыккайты Шамил, Скифирон (Тедеты Рюрик), Ӕлборты Хадзы-Умар ӕмӕ ӕндӕрты ӕрбацыд уыдис сусӕны мӕйы хӕххон. сатӕг уддзӕфы хуызӕн…

«Ӕхсайӕмазонтӕ» дзырдаивадмӕ ӕрбакъахдзӕф кодтой дзырдхъом ӕмӕ ныфсджынӕй. Уыдис сӕм, цы загътаиккой, уый. Ӕмӕ зыдтой, куыд ӕй загътаиккой, уый. Мамсыраты Дӕбе куыд загьта: «Ныфс ӕмӕ ‘хсар хъуаг не сты н’ адӕм», – уыйау ма, курдиат цух дӕр не сты. Уыимӕ сын хурӕргомӕй разынд, кӕмӕн ӕй загътаиккой, уый дӕр – уыцы рӕстӕджы адӕмы аив литературӕ хъуыдис уӕлдӕфау. Дзуццаты Хадзы-Мурат загъта: «Дунейы зынгӕдӕр поэтты ӕнтыстытӕй пайда кӕнынмӕ басчъил кодтам нӕ дыстӕ. уӕлдайдӕр, не ‘рыгон поэт-тӕ. Уыдонӕй алкӕмӕ дӕр ссарӕн ис хӕрз-хъӕд. хъуыдыйӕ арф, формӕйӕ аив ӕмдзӕвгӕтӕ». Адӕмӕн нывӕфтыд дзырдӕй цыма дойны уыдис, уыйау алы ног чиныгыл дӕр ӕмбӕлдысты цинимӕ. Фысджытимӕ фембӕлдтытӕм цыдысты, бӕрӕгбонмӕ цӕуӕгау. Чингуытыл, уӕлдайдӕр, ног чингуытыл арӕзтой конференцитӕ, диспуттӕ. Чиныг рухс федта ӕмӕ йыл дзыллон информацийы фӕрӕзты рецензи ма фӕзындаид, уый гӕнӕн нӕ уыд, кӕд сӕ иууыл ӕппӕлгӕ нӕ кодтой, уӕддӕр. Джыккайты Шамил дзырдта: «Тынг сырӕзт мыхуыры хъуыддаг, ӕмӕ литературӕйӕн уыд уӕрӕх фӕндаг рухсмӕ, адӕммӕ».

Фӕлӕ уый афтӕ нӕ амоны, уыцы чингуытӕ сӕууон ӕртӕхтау рӕсугъд ӕмӕ ӕнӕлаз уыдысты, ницы фау ӕр-хӕссӕн сӕм уыдис ӕмӕ сын сӕ авторты иууыл ӕврӕгътыл ӕвӕрдтой», – афтӕ райдайы уыцы ӕхсайӕмазонты хуыздӕртӕй иуы, – Ӕлборты Хадзы-Умары, – тыххӕй ацы бонты рухс чи федта, йӕ уыцы аив монографи «Йӕ зӕрдӕйы хуызтӕ», зӕгъгӕ, фыссӕг ӕмӕ литературӕиртасӕг Хъазиты Мелитон.

Автор йӕ монографи йӕ «Разныхас» ӕмӕ «Фӕсныхас»-ӕй дарддӕр ахихтӕ кодта ахӕм сӕртыл: «Аивады бӕрзӕнд – йӕ бӕллиц», «Ахуыры фӕндагыл тындзгӕйӕ», «Зӕрдӕйы поэтикон хуызтӕ», «Геноциды фыдӕвзарӕнты», «Адӕмы ристӕй рисгӕйӕ», «Нывӕфтыдтӕй уӕрӕх авналӕнтӕм», рахуыдта сӕ иу номӕй «Поэтикон хӕтӕнтӕ» ӕмӕ сӕ аивадони ӕмӕ зонадон хуызы ӕвдисы, поэт цы зын цардуагон ӕмӕ сфӕлдыс гадон фӕндӕгтыл рацыдис, ӕппӕт уы-дӕттӕ. Цӕмӕй уыдон йӕ къухы хуыздӕр бафтыдаиккой, уый тыххӕй спайда кодта дыууӕ сӕдӕйӕ фылдӕр авторы куыстытӕ ӕмӕ цӕвиттонтӕй. Стӕй чи-ныгмӕ «Уӕлӕмхасӕн»-ы хуызы бахаста, поэты тыххӕй ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕстӕджыты цы ӕрмӕджытӕ ныммыхуыр кодта, уыдон иу хай.

Автор лӕмбынӕг ӕрдзырдта, кӕд ирон поэзийы сӕйраджы «ӕхсайӕм-азыкконтӕ» ныффидар кодтой верлибр, кӕд поэзийы классикон формӕ кӕй хонӕм, уымӕ дӕр рӕвдз уыдис поэт, уӕддӕр ыл Хадзы-Умарӕй иузӕрдыгдӕр, ӕнувыддӕр кӕй ничи разынд. «Йӕ адзалы бонмӕ йыл йӕ къух никуы систа ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы хуызтӕй ирон поэзи фӕхъӕздыгдӕр кодта ноджы иу хуызӕй.

Ацы чиныг сфӕлдисынмӕ, нӕ поэты сфӕлдыстадмӕ чысыл лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсынмӕ мӕн дӕр мӕ уыцы ӕнкъарӕн уый тыххӕй ӕркодта, кӕд Хаджийӕн ӕгъатыр мӕлӕты аххосӕй йӕ фенын нал бантыст «ирон дзырдаивад, нӕ нывӕфтыд литературӕ ӕмӕ литературӕзонадыл ӕрцыдис стыр зиан, 2011-ӕм азы тӕргӕйтты мӕйы 30-ӕм бон уӕззау рынчыны фӕстӕ не ‘хсӕнӕй 72-аздзыдӕй фӕхъуыд нӕ иузӕрдыг хӕлар зынгӕ ирон поэт, критик ӕмӕ литературӕиртасӕг, къорд поэтикон уацмысты ӕмбырдгӕндтӕ ӕмӕ литературон-критикон уацмысты автор Ӕлборты Хадзы-Умар, – зӕгъы Хъазийы-фырт. – Фӕлӕ ирон чиныгкӕсӕгӕн Ӕлборы – фырты поэзи хуыздӕр, бӕстондӕр бамбарыны тыххӕй хъуамӕ, кӕд бирӕ нӕ. уӕддӕр чысыл феххуыс уа, йе сфӕлдыстадон фӕндаг нын фергомдӕр кӕна. Хуымӕтӕджы нӕ дзырдта, мыййаг:

Мӕ фӕндаг – ме ‘мбӕлццон,

мӕ хорз фысым,

мæ адӕм,

ӕркодта мӕ дӕ зӕрдӕйы

                                      къӕсӕрмӕ

ӕмӕ лӕууын, –

кӕсын ӕнхъӕлмӕ, –

кӕд уыдзӕн йе ‘хгӕд дуары байгом…

Фæстӕмӕ аздӕхӕн мын нӕй!

(«Ӕз удуӕлдай дӕн абон…»)

Поэтӕн уыцы фӕндагӕй фӕстӕмӕ здӕхӕн нӕ уыд. Фӕцыд ыл сӕрыстырӕй. Мелитон йӕ чиныг уымӕн балхынцъ кодта Хадзы-Муратӕн номарӕн ӕмдзӕвгӕйӕ:

 

ХАДЖИЙЫ МӔРДОНВӔНДАГӔН

Бавдӕлон ыстӕм, Хаджи, дӕуæй

                                                    дӕр.

Ныр – бӕрӕг: фæфылдӕр ысты

                                             мӕрдтӕ.

Уым – Гафез, Хазби, Хадзы, Бестау

                                                     дæp;

Стæй – Хадже, Алеш, Шамил бецау

                                                     дӕр…

Ацахсын уӕ илӕлӕй кӕцæйдӕр.

Абалц кодтой хохрагъмӕ уæ

                                              фӕдтæ.

 

Чиныджы авторы, ирон поэзийы ӕхсайӕмазонтӕн иууылдӕр стыр аргъ куы кӕны, уӕд дзы Ӕлборы-фырты цы хъау-джы фӕхъулон кодта, уымӕй йӕ куы афарстам, уӕд йӕ дзуапп уыд:

– Ӕрмӕст Хаджумары сӕ не скодтон монографийы аккаг. Астӕуккаг ӕмӕ сӕ уӕлдӕр ахуыргӕнӕн программӕтӕм чи бахауд, уыдонӕй монографитӕ ныффыстон Хъодзаты Ӕхсар, Джыккайты Шамил, Ходы Камал ӕмӕ ӕндӕртыл (цыбыртӕй ныммыхуыр сты «Ирон литературӕйы истори»-йы 5-ӕм томы, 2016), фӕлӕ сын мыхуыры рауадзынӕн фӕ-рӕзтӕ кӕй нӕ вӕййы, мӕхи хардзӕй кӕй фенынц рухс, уый тыххӕй мын алы хатт рӕстӕгыл нӕ фӕвӕййы джиппы сӕ рауадзыны фадат. Ӕмӕ хуыздӕр рӕстӕджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Булкъаты Михал ӕмӕ Бестауты Гиуӕргийы тыххӕй монографитӕм.

Ацы аив нывӕст монографийау нын рӕхджы бантысӕнт уыдон фенын дӕр.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.