НОМАРÆН ТУРНИР

Знауыры поселочы уагъд æрцыд Къæбысты Зурабы номарæн турнир дзюдойæ. Хайад сæ райстой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны æвзонг богалтæ. Ерысты цытджын æгъдауæй байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта Президент Бибылты Анатоли.

«Ахæм номарæн турниртæ уагъд кæй цæуынц, уый раст у. Мах хъуамæ ма ферох кæнæм чи æххуыс кодта, уыдоны нæмттæ. Къæбысты Зураб бирæ сарæзта Знауыры районы дзюдойы скъолайы сырæзтæн. Бузныг мæ фæнды зæгъын «РХИ-йы дзюдойы федераци»-йы президент Гæбæраты Иналæн ахæм мадзæлттæ кæй уадзы, уый тыххæй», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Бибылты Анатоли ма бафæдзæхста æвзонг спортсменты, цæмæй дарддæр тренировкæ кæной æппæт тыхтæй.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, алчи уæ нæ рамбулдзæнис. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, цæмæй рамбулай – уый тыххæй хъуамæ фæхæрд уай. Уæд ноджы тынгдæр фæкусут уæ хиуыл. Фæнды мæ цæмæй фидæны телевизормæ кæсгæйæ зæгъæм, уартæ уыцы лæппу, кæцы ссис Олимпион чемпион, йæ рæстæджы хæцыд Знауыры уагъдцæуæг турниры», – загъта президент.

«РХИ-йы дзюдойы федерацийы президент Гæбæраты Инал йæ раныхасы рæстæджы радзырдта районы дзюдойы скъолайы сырæзты тыххæй. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Къæбысты Зурабмæ бахатгæйæ афæдзы фæстæ районы фæсивæдæн фадат фæзынд дзюдойæ архайынæн.

Знауырмæ ерыстæм сæрмагондæй æрцыд, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты бронзæйон призер Æлборты Аланæ. «Мæ тренеримæ сæрмагондæй æрцыдыстæм ерыстæм. Тынг æхсызгон мын у æвзонг спортсментæн фадат кæй ис ерысты хайад исынæн. Хорз цæттæ сты. Дарддæр дæр афтæ сæхиуыл куы кусой, уæд сын хорз æнтыстытæ уыдзæн стыр спорты», – загъта йæ хъуыдытæ Æлборты Аланæ.

Татамийыл цыд карз спортивон тох. Спортуарзджытæ федтой бирæ цымыдисон æмæ рæсугъд тохтæ.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты кады грамотæтæ, кубоктæ æмæ майдантæй.

 

ШАХАМАТТÆ

Спортивон бæрæгбон арæзт æрцыд Цъинагары хъæуы. Республикæйы спортивон историйы фыццаг хатт ам уагъд æрцыд шахматтæй республикон турнир. Ерысты сорганизаци кодтой РХИ-йы шахматты федераци, шахматон скъола «Белая ладья» æмæ Цъинагары астæуккаг скъолайы къухдариуæгад. Хъæзтытæ уагъд цыдысты культурæйы хæдзары. Турнир стыр цымыдисдзинад сывзæрын кодта, шахматтæ чи уарзы, уыдонмæ. Ерысты хайад райстой 34 спортсмены.

«Нæ мадзæлттæ фылдæр уагъд фæцæуынц Цхинвалы. Мах федтам районтæй дæр куыд бирæ курдиатджын сывæл-лæттæ  æрцæуынц ерыстæм. Хъыгагæн, горæттаг сывæл-лæттæм абаргæйæ, уыдонæн къаддæр фадæттæ вæййы ахæм мадзæлтты хайад райсынæн. Уымæ гæсгæ сфæнд кодтам ерыстæ Цъинагары ауадзын. Ныфс нæ ис, æмæ кæй суыдзысты традицион æмæ æрвылаз дæр уагъд кæй цæудзысты июны мæйы», – банысан кодта РХИ-йы шахматты федерацийы президент Саулохты Георги.

Ерысты сæйраг тæрхонгæнæг уыд Гæбæраты Ацæмæз. Æххуыс ын кодта Тыбылты Ирбег. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ турниры хайадисджытæ дих уыдысты дыууæ кары къордыл. Кæстæр кары къорды хъазыдысты 12 азы онг кæуыл цыд, уыцы шахматисттæ. Хистæр къорды та – хистæркъласонтæ æмæ студенттæ.

Ерыстæм æрцыд шахматон скъола «Белая ладья»-йы къухдариуæггæнæг Джиоты Аннæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй йæ зæрдæмæ тынг фæцыд турнир. «Тынг æхсызгон мын у Цъинагары нын ахæм турнир ауадзын кæй бантыст. Кæд йæ хайадисджытæ иууылдæр тох кодтой уæлахиздзау суæвыныл, уæддæр уымæ æнæкæсгæйæ ам уыд тынг хъарм атмосферæ. Бузныг мæ фæнды зæгъын Цъинагары астæуккаг скъолайы директор Гуссойты Ласкойæн нæ фарсмæ кæй æрбалæууыд, уый тыххæй. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ йæ хъомылгæнинæгтæ алы хатт дæр кæй вæййынц хорз цæттæ», – радзырдта  Джиоты Аннæ.

Развæлгъау партитæ акæнгæйæ кæстæр кары къорды финалы фембæлдысты Джыгкайты Артур æмæ Тыбылты Аланæ. Ам хуыздæр архайдта Артур æмæ ссис ерысты уæлахиздзау. Аланæ та ацыд дыккаг бынатыл. Пъедесталы æртыккаг къæпхæнмæ та схызт Тыджыты Арсен.

Хистæр кары къорды финалы фембæлдысты Бибылты æфсымæртæ – Марат æмæ Алан. Хъазт фæцис æмдыхæй. Уымæ гæсгæ адих кодтой фыццаг æмæ дыккаг бынат. Æртыккаг та ссис Цоциты Ацæмæз.

Спортивон бæрæгбоны фæлгæтты ма æвзонг спортсментæн фадат уыд РХИ-йы шахматты федерацийы президент Саулохты Георгиимæ ахъазын. Георгийæн иу партийæн лæвæрд цыд иу минут, йæ ныхмæлæуджытæн та фæйнæ фондз минуты. Иууыл хуыздæр чи ахъазыд, уыдон хор-зæхджын цыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæй. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ лæ-вæрд кæй æрцыдысты ерысты хайадисджытæй алкæмæн дæр. Уæлахиздзаутæ æмæ призертæ та райстой кады грамотæтæ, кубоктæ æмæ æхцайы премитæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.